Ӕрыдоны ӕрбынӕттон уӕвӕг Цӕгат Кавказы аграрон-технологон колледж дыккаг мӕй ӕххӕст кӕны коронавирусы аххосӕй хъыгдардбаййафӕг адӕмы профессион ӕмӕ уӕлӕмхасӕн ахуырады программӕ.
Программӕйы фӕрцы 200 ӕгуыст цӕгатирыстойнагӕй фылдӕрӕн уыдзӕн куыстмӕ бацӕуыны уӕлӕмхасӕн фадат. Ахуырад фӕвӕййы программӕ «Ворлдскиллс Экспресс»-ы стандарттӕм гӕсгӕ ӕвдисӕн фӕлварӕнтӕй (профессион ахуырад райсӕг ӕппӕт адӕмы хӕс у ацы фӕлварӕнтӕ радтын).
Ныридӕгӕн 20 ӕндадзӕджы, 10 электрикы ӕмӕ ирон чъиритӕ фыцӕг 14 адӕймаджы райстой профессион дӕсныйад. Ӕрӕджы хъӕууонхӕдзарадон машинӕты цалцӕгкӕнынады фидӕны слесыртӕ ӕвдисӕн фӕлварӕн лӕвӕрдтой. «Хъӕууонхӕдзарадон машинӕтӕй пайдакӕнынад»-ы компетенцимӕ гӕсгӕ, «Ворлдскиллс»-ы стандартты хицӕн ӕууӕлтӕ нымайгӕйӕ, амӕй размӕ кусӕг дӕсныйад кӕмӕ нӕ уыд, «Хъӕууонхӕдзарадон машинӕты ӕмӕ ифтонггӕрзты цалцӕгкӕнынады слесыр»-ы дӕсныйадмӕ гӕсгӕ профессион ахуырады сӕйраг программӕ арӕзт у ахӕм адӕймӕгтӕн ахуырад радтынмӕ. Ӕрӕджы профессион ахуырад чи райста, фӕлӕ коронавирусы рыны аххосӕй дӕсныйадмӕ гӕсгӕ куыстмӕ бацӕуыны фадат кӕмӕн нӕ уыд, ахуырдзауты фылдӕр хай сты ахӕм ӕрыгон адӕймӕгтӕ. «Ворлдскил-лс»-ы стандарттӕм гӕсгӕ ахуырады фӕрцы ацы адӕмӕн уыдзӕн ноджыдӕр ма иу дӕсныйад райсыны ӕмӕ куыстмӕ бацӕуыны фадат.
— Куыстмӕ цӕуӕг цыфӕнды адӕймаджы хӕс у теоретикон зонындзинӕдтӕ райсын. Практикон ахуырады заман теоретикон зонындзинӕдтӕн вӕййы стыр ахадындзинад. Нӕ ахуырдзаутӕ биноныг теоретикон зонындзинӕдтӕ цӕмӕй райсой, ууыл архайӕм, — зӕгъы колледжы ахуыргӕнӕг Хъӕцмӕзты Батрадз.
Ӕвдисӕн фӕлварӕны рӕстӕг ахуырдзауты хӕс уыд 6 сахатмӕ дыууӕ модулы бацӕттӕ кӕнын. Хӕслӕвӕрдтӕ ӕнтыстджынӕй баххӕстгӕнӕг ахуырдзаутӕн скиллс-паспорттӕ радтой.
Фиппаинаг: Уӕрӕсейы Рухсады министрад ӕмӕ цӕдис «ӕрыгон профессионалтӕ (Уӕрӕсейы Ворлдскиллс) ӕххӕст кӕнынц программӕ «Ворлдскиллс. Экспресс». Рагагъоммӕйы профессион цӕттӕкӕнынады центр нымад у регионалон операторыл.
Гӕлӕуты Наталья














