Йӕ фыдӕлтимӕ йӕ бастдзинӕдты тӕгтӕ цы адӕмыхатт фесафы, уый, сидзӕр сывӕллонау, ӕнӕныфс, ӕнӕбон свӕййы. Уыцы уагмӕ нӕ тардтой дзӕвгар азты дӕргъы. Хистӕртӕ ма йӕ хорз хъуыды кӕндзысты, СЦКП-йы обкомы кусджыты ӕнӕуаг миты азарӕй нӕ цины ӕмӕ зианы ӕгъдӕуттӕ цы ӕууӕлты ӕмӕ цы зӕрдӕйӕ кодтам, уый. Ӕрыгон адӕймаг йӕ амонды къахыл ныллӕууыд, уӕд ын истӕмӕй ныфс радт, баххуыс ын кӕн! Цӕлхдуртӕ ӕвӕрыны бӕсты.
Йӕ цин ын цӕмӕн халыс?! Дӕхи зондӕй фыст сценаримӕ гӕсгӕ йын йӕ чындзӕхсӕв цӕмӕн кӕнын кӕныс? ӕгъдауӕн йӕ рӕсугъддзинад цӕмӕн сафыс? Нӕ фыдӕлтӕй нӕм куы ӕрхӕццӕ, фӕлтӕрты фӕлтӕрддзинад ыл куы зыны, ӕнусты тымыгъты куы сфидар, срӕсугъд, смидисджын. Ды уыцы хъуыддаджы Сем кӕд фестадтӕ? Хицауы бынат адӕймаджы зондджын куы кӕнид, уӕд ма дӕ размӕ бирӕ чидӕртӕ сзондджын уыдаиккой, ӕмӕ сӕ фидиссаг хабӕрттӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ нӕ цӕуиккой.
Фӕлӕ ахӕм хъуыдытӕ ӕввахс нӕ цыдысты уӕды хицӕуттӕм. Сӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕ уыдысты. Сӕ адӕмы абон ӕмӕ фидӕн ницӕмӕ дардтой. Сӕ сагъӕс уыд сӕ къӕлӕтджынтӕ хъахъхъӕнын, фылдӕр ыл фӕбадын. Уый сӕрвӕлтау хионыл дӕр нӕ ауӕрстой. Иу та дзы ӕрцӕуӕг ӕлдарӕн стырдӕр козбау ракӕныны охыл ирон ӕртӕ чъирийыл, ирон адӕймаг Стыр Хуыцауы, йе сконд зӕдтӕ ӕмӕ дауджыты ном цӕй фӕрцы ары, уыдоныл хъоды бакодта.
Гъе, афтӕ ӕнусты дӕргъы бирӕ хӕттыты бахаудтой цъысымы не ‘взаг ӕмӕ не ‘гъдӕуттӕ. Бирӕ цыдӕртӕ дзы фесӕфтам историйы даргъ ӕмӕ уӕрӕх фӕндагыл. Фӕлӕ нӕм дзы ӕппӕт зынты фыддӕрадӕн цы ӕрхӕццӕ, уый дӕр у диссӕгтӕн дзуринаг. Ивары хъӕдау нын сӕ сӕ зӕрдӕты, сӕ удты, сӕ зонды ӕмӕ ма суанг сӕ туджы тӕлфты дӕр бахъахъхъӕдтой ӕмӕ нӕм сӕ ӕнусты сӕрты ралӕвӕрдтой нӕ куырыхон фыдӕлтӕ. Бирӕ дзырдты, ӕгъдӕутты, ӕууӕлты равзӕрд дзы кӕд хорз нӕ зонӕм, уӕддӕр нӕ рӕвдауынц сӕ хъармӕй, сӕ ӕхцондзинадӕй, ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнӕм, амонӕм сӕ кӕстӕртӕн.
Нӕ фыдӕлты туг дзӕхст кӕны нӕ дадзинты, змӕлын нын кӕны не уӕнгтӕ, не ‘нкъарӕнтӕ, нӕ зонд. Ӕмӕ нӕ уыдоны цардфӕлтӕрддзинадӕй фӕиппӕрд кӕнын нӕ уадзы. Сӕ куырыхон зонды тӕваг ныл зыны. Уыцы уаг нӕ буары тыхджын куы нӕ уаид, уӕд историйы цыды цы фыдты бахаудтам, цас фӕлварӕнтӕ ныл фӕкодтой, уыдонӕн раджы басастаиккам ӕмӕ фесӕфтаиккам. Рагӕй нын амонынц, кӕй уӕрдоны бадыс, уый зарӕг кӕн, зӕгъгӕ. Цӕмӕй нӕхи зарӕг ферох кӕнӕм, ӕмӕ бирӕ фӕлтӕр, мингай фӕлтӕр фыдӕлтӕ ӕвӕдӕй баззайой. Уыцы ӕгаддзинад сӕ сӕрмӕ никуы ӕрхастой нӕ фыдӕлтӕ. Нӕ йӕ ӕрхӕсдзыстӕм мах дӕр. Ӕгады бӕсты, дам, мӕлӕт хуыздӕр.
Нӕ! Афтӕ нӕ. Max ӕгад дӕр нӕ хъӕуы ӕмӕ мӕлӕт дӕр. Хуыцау нӕ цардыл бафтыдта ӕмӕ дзы хъуамӕ цӕрӕм сӕркъулӕй нӕ, фӕлӕ сӕрбӕрзондӕй. Уымӕн нын ис ӕфсон, бындур ӕмӕ гӕнӕнтӕ. Нӕ бирӕ фӕлтӕр фыдӕлты фарн уый бӕрц у, афтӕ ахадгӕ у ӕмӕ йыл рӕстӕджы цыд дӕр нӕ тых кӕны. Уый ӕвӕрд ис авд дуары фале нӕ, фӕлӕ нӕ ӕрвылбоны царды, ӕгъдӕутты, адӕмон сфӕлдыстады, ӕвзаджы. Не ‘взаджы ахӕм дзырдтӕ ис, ӕмӕ сыл цӕуы… мингай азтӕ. Дзырд фарн кӕд ӕмӕ кӕм равзӕрд, уый иу ахуыргонд дӕр нӕ зӕгъдзӕн. Кӕд нӕм уӕларвӕй ӕрцыд уӕд та? Иуахӕмы Центрон телеуынынадӕй ӕвдыстой, цалдӕр азы размӕ археологтӕ кӕй ракъахтой, ахӕм маргъы фӕлгонц. У сыгъзӕринӕй конд, ссардтой йӕ сӕрмӕтты обауы ӕмӕ йӕ рахуыдтой «Птица фарна». Ариагау, дам, йӕ тӕлмац у «Птица счастья». Фарн иронау амонд дӕр амоны.
Уӕдӕ диссаг куыд нӕ у дзырд уираг та! Хуссайраг ирӕттӕ афтӕ хонынц дзуттӕгты. Ирон зарӕджы дӕр ма ис ацы дзырд:
Калакаг уираг, сомихаг,
Мӕ сӕнтӕ — йемӕ ласинаг
Рӕсугъд дӕ, чызгай, cay ӕрфыг,
Мӕ амонд — демӕ сафинаг.
Гуырдзы сӕ хонынц ебрелитӕ, уырыс — еврейтӕ. Цымӕ уӕд кӕцӕй цӕуы ацы уираг та? Дзуттӕгты историмӕ биноныг куы ӕркӕсай, уӕд сӕ райдайӕн цӕуы рагон паддзахад Шумеры горӕт Урӕй (абон ис Ираны зӕххыл). Уырдыгӕй кӕй рафтыдысты, уый тыххӕй сӕ кӕддӕр нӕ рагфыдӕлтӕ рахуыдтой уирӕгтӕ. Абоны Гуры цӕрджыты куыд хонӕм — гуйрӕгтӕ, афтӕ. Уирӕгтӕ — дзуттӕгтӕ та горӕт Урӕй ралыгъдысты нӕ азнымады размӕ 4 мин азы размӕ. Уыдонмӕ ма бафтау нӕ азнымады 2 мин азы, ӕмӕ суыдзысты 6 мин азы. Ӕхсӕз мин азы дӕргъы дзуттӕгты ацы ном нӕ ферох ирӕттӕй.
Нӕ рох кӕнӕм, нӕ рагфыдӕлтӕй нӕм ӕнусты, мингай азты сӕрты цы ӕгъдӕуттӕ ӕрхӕццӕ, уыдон дӕр, кӕд дзы иуӕй-иутӕн сӕ хъуыды, сӕ нысан бӕлвырд нал зонӕм, уӕддӕр. Ныры дуджы арӕх фехъусӕм, суанг мыхуыры бакӕсӕм ирон фынгыл сӕр ӕмӕ бӕрзӕй ӕвӕрын нал хъӕуы, зӕгъгӕ. Фехалын, аппарын, фесафын ӕнцон у, фӕлӕ уал базонӕм, нӕ фыдӕлтӕ сӕ фынгыл ӕвӕрын цӕмӕн райдыдтой, уый. Цыдӕр нысанӕн. Цалдӕр таурӕгъы ис сӕры тыххӕй. Фӕлӕ тынг бауырнинаг не сты. Нӕ фыдӕлтӕ куыдфӕндыйӕ ницы кодтой. Алы ӕгъдауӕн дӕр цыдӕр бындур уыдис, цардӕй цыд, рӕстӕг дӕр сыл тых уымӕн нӕу.
Чырыстон дин парахатгӕнджытӕ мин азӕй фылдӕр сӕхи тухӕнӕй мардтой ном Уастырджи Уасгеоргийӕ баивыныл. Абон дӕр ма архайынц, фӕлӕ сын дзы ницы уайы. Уымӕн ӕмӕ раздӕры фыдӕлты бадт хъуыды ног схӕлбурцъӕй тыхджындӕр у.
Ирон адӕмӕн чырыстон дин ӕцӕгӕлон нӕу. Дыууӕ мин азы йӕ зонынц, фӕлӕ нӕ pox кӕнынц сӕхи ариаг дин дӕр, чырыстон диныл ӕппӕты тынгдӕр кӕй тӕваг фӕзынд, уый. Йӕ куырыхондӕр лӕг Заратустрӕ Йесо Чырыстийы райгуырд ӕхсӕз ӕнусы размӕ базыдта ӕмӕ куы райгуырд, уӕд ӕй Заратустрӕйы бӕстӕйӕ ӕртӕ зонынджын лӕджы дӕр уымӕн бацагуырдтой.
Фыдӕлты фӕд нӕ сӕфы. Адӕмы зонды баззайы дзырдты, ныхӕсты, амонӕнты, ӕгъдӕутты, нысанты фӕрцы. Ирон адӕм абон кӕд чырыстон диныл тынг иузӕрдион не сты, уӕддӕр ӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсынц. Нымайынц ӕй, зонынц ӕй. Уымӕн ӕмӕ дыууӕ мин азы дӕргъы йемӕ сты зонгӕ. Уымӕн кӕд гӕххӕттыл фыст ӕвдисӕн нӕ баззад, уӕддӕр ис не ‘гъдауы, нӕ миты. Куыд зонӕм, афтӕмӕй ирон адӕм зианы ӕргӕвст кусӕрттаджы сӕрӕн йӕ ныхыл кардӕй бынмӕ ӕруадзынц иу раст хахх. Амоны, чи амард, уый фӕстаг фӕндаг, мӕрдтӕм фӕндаг. Куывды кӕнӕ чындзӕхсӕвы кусарты сӕрыл та чырыстон дин тыхджындӕр кӕм у, аргъуанмӕ кувынмӕ чи цӕуы, уыдон кардӕй кӕнынц раст дзуарӕвӕрд +. Иннӕ ирӕттӕ, уӕлдайдӕр та Цӕгаты, кусарты сӕры ныхыл кард дыууӕ хатты дӕр ӕруадзынц сыкъаты рӕбынӕй уӕле дӕлӕмӕ, зулаив хӕххытӕ йӕ цӕстыты уӕллаг фӕрсты куыд ӕрхизой, афтӕ. Ӕмӕ ныхыл рауайы дамгъӕ Х-йы хуызӕн нысан.
Хӕххытӕ кӕрӕдзимӕ цӕхгӕрмӕ ӕвӕрд кӕм сты, уыцы нысан амоны, Чырыстийы цы дзуарыл байтыгътой, уый. Уӕдӕ цы амоны дамгъӕ Х-йы хуызӕн нысан та? Цӕмӕн ӕй ӕвӕрӕм нӕ цины фӕдыл конд кусӕртты сӕрты ныхтыл, стӕй нӕ кувӕндӕтты уаз хъӕдтыл? Уый та баст у дыууӕ мин азы размӕ нӕ рагфыдӕлтӕ скифтӕм чырыстон дины тӕваг ӕппӕты фыццаг чи ӕрбахаста, уыимӕ — Фыццагдӕр хуынд ӕндриимӕ (Андрей Первозванныйимӕ). Куыд зонӕм, афтӕмӕй Йесо Чырыстийӕн уыд дыууадӕс ахуыргӕнинаджы. Уыдон фӕстӕдӕр систы апостолтӕ. Ӕндри — Андрей уыд йӕ фыццагдӕр ахуыргӕнинаг, фыццагдӕр йӕ фӕдыл чи ацыд, уый. «Ног фӕдзӕхст»-ы «Матфейы Евангели»-йы сӕргонд «Фыццаг ахуыргӕнинӕгты» бынмӕ фыст ис: «Йесо Галилейы денджызы былгӕрӕтты куы фӕцӕйцыд, уӕд федта дыууӕ ӕфсымӕры — фӕсномыгӕй Петр кӕй хуыдтой, уыцы Симоны, ӕмӕ йе ‘фсымӕр Андрейы. Уыдон сӕ хызтӕ ӕппӕрстой денджызмӕ, уымӕн ӕмӕ кӕсагахсджытӕ уыдысты. Йесо сын загъта: «Рацӕут мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ скӕндзынӕн адӕмахсджытӕ». Уыдон уайтӕккӕ ныууагътой сӕ хызтӕ ӕмӕ ацыдысты Йӕ фӕдыл».
«Иоанны Евангели»-йы та фыст ис: «Иоаннӕй (Аргъауӕг Иоаннӕй) Йесойы тыххӕй чи фехъуыста ӕмӕ Йӕ фӕдыл чи ацыд, уыцы дыууӕйӕ иу уыд Андрей». Иоанн дӕр Чырыстийы ӕрцыды хабар фыццагдӕр Андрейӕн кӕй загъта, стӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй Йӕ фӕдыл фыццагдӕр уый кӕй ахуыдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ хонын райдыдтой, Фыццагдӕр хуынд ӕндри (Андрей Первозванный).
Чырысти уӕларвмӕ йӕ ацыдӕй дӕс боны фӕстӕ зӕхмӕ Синайы хохы сӕрмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм куы ӕрыздӕхт, уӕд сын загъта: «Арв ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт бартӕ мӕнмӕ лӕвӕрд сты. Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ ӕппӕт адӕмты скӕнут Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Аргъаут сыл Фыды, Фырты ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номыл; Сахуыр сӕ кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕныныл. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ» («Матфейы Евангели»).
Апостол ӕндри Чырыстийы зӕххон царды ӕдзухдӕр уыд йӕ фарсмӕ. Федта Иоанн ыл куыд саргъуыдта, куыд ӕй байтыгътой, йӕ райгас, уӕларвмӕ йӕ ацыд ӕмӕ ӕрыздӕхт. Уыд йӕ иузӕрдион ахуыргӕнӕг ӕмӕ чырыстон дин разӕнгардӕй парахат кодта Чысыл Азийы, Фракийы, Македонийы, Сау денджызы цӕгатварс скифтӕм. Днепры цӕугӕдоныл схӕццӕ суанг, абон горӕт Киев кӕм ис, уый онг. Ӕмӕ Нестор Азфыссӕг куыд фыссы, афтӕмӕй Киевы хӕхтыл ныссагъта стыр дзуар. Уыимӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ацы хӕхтӕ уынут? Хуыцауы хӕрзаудӕн ацы хӕхтӕ срухс кӕндзӕн, сырӕздзӕн дзы стыр горӕт, ӕмӕ дзы Хуыцау сараздзӕн бирӕ аргъуантӕ». Дарддӕр уӕлӕмӕ, цӕгатмӕ цӕугӕйӕ, Андрей схӕццӕ славянты цӕрӕн бынатмӕ дӕр, абон Новгород кӕм ис, уырдӕм. Абоны хъӕу Грузино кӕм ис, уым та ныссагъта йӕ Апостолы лӕдзӕг. Уыдис Кавказы алантӕм дӕр.
Чырыстон дин ӕцӕгӕлон адӕмты ӕхсӕн парахат кӕнгӕйӕ, ӕндри бирӕ хъизӕмӕрттӕ баййӕфта знӕгтӕй: надтой йӕ, сырдтой йӕ горӕттӕй, хъӕутӕй. Апостол фӕстӕдӕр уыд горӕт Патрты. Ам бирӕ диссӕгтӕ равдыста адӕмы дзӕбӕх кӕнгӕйӕ, фӕлӕ йӕ уӕддӕр горӕты хицау Эгеат ӕрцахсын кодта ӕмӕ, цӕмӕй фыдмард акодтаид, уый тыххӕй йӕ Чырыстийау, байтыгътой. Цы дзуарӕвӕрдыл ӕй байтыгътой, уый та уыд дамгъӕ Х-йы хуызӕн. Ацы дзуарӕвӕрд уырысмӕ абон дӕр хуыйны «Андреевский крест» — ӕндрийы дзуарӕвӕрд. Ис Уӕрӕсейы денджызон флоты тырысайыл. Хуыйнгӕ дӕр «Андреевский флаг» кӕны. Ис орден «Андрея Первозванного». Ӕндри нӕ ферох ирӕттӕй дӕр. Йӕ ном ӕвӕрдтой ӕмӕ ӕвӕрынц сӕ цотыл, йӕ дзуарӕвӕрд ис нӕ кувӕндӕтты, ӕвӕрӕм ӕй цины ӕргӕвст кусӕрттаджы сӕры ныхыл.
Ирон адӕмӕн сӕ рагондзинад уый мидӕг ис, ӕмӕ сӕхи раздӕр ӕрӕмбӕрстой, иннӕ адӕмтӕй хъауджыдӕр раздӕр хъуыды кӕнын райдыдтой, цы нысанӕн лӕвӕрд сты, ууыл.
Рагон, тынг рагон сты ирон адӕм. Нӕ фыдӕлты фарнӕй стӕм хайджын ӕмӕ хъуамӕ уӕм тыхджын, ныфсджын. Уый тыххӕй сӕ фӕлтӕрддзинадӕй нӕхи хъуамӕ иппӕрд ма кӕнӕм: се ‘взаг, се ‘гъдӕуттӕ сын куы рох кӕнӕм, уӕд нӕхи, нӕ удыхъӕд афтид кӕнӕм бирӕ цӕмӕйдӕрты, ӕмӕ лӕмӕгъ кӕны нӕ цардхъомдзинад. Зонгӕ-зонын фыдвӕдыл нӕхи ӕфтауӕм, фыдвӕдӕй та ӕвӕд хуыздӕр у. Ӕмӕ нын уый бар истори, нӕ фыдӕлтӕ нӕ дӕттынц!
Цгъойты Хазби














