Боны фæткы — социалон программæтæ

0
189

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыд Уæрæсейы Социалон фæдзæхстады фонды цæгатирыстойнаг регионалон хайады разамонæг Айларты Зæлинæимæ. Ныхасы архайджытæ се ‘ргом аздæхтой, федералон фонд цы социалон программæтæ æххæст кæны регионы, уыдонмæ.


Фембæлды райдайæны Айларты Зæлинæ бæстон радзырдта 2021 азы 8 мæймæ ведомствæйы куысты бæрæггæнæнты тыххæй. Хайады разамонæг йæ раныхасы сæрмагондæй æрлæууыд, коронавирусы пандемийы æууæлты архайгæйæ, Социалон фæдзæхстады фонд йæ куыст куыд рацарæзта æмæ цавæр ног паддзахадон программæтæ æххæст кæнын райдыдта, ууыл.

Ныхасы архайджытæ æркастысты, коронавирусы пандемийы æууæлты архайгæйæ, медицинон æмæ социалон кусджытæн цы уæлæмхасæн фиддонтæ лæвæрд цæуы, уыдон афойнадыл æрвитыны фарстмæ. Айларты Зæлинæйы ныхасмæ гæсгæ, «Медицинон кусджыты иуæй-иу къордтæн уæлæмхасæн фæдзæхстадон зæрдæдарæнтæ дæттыны тыххæй» Уæрæсейы Президенты 313-æм Указ æххæст кæнгæйæ, фонды регионалон хайад алыхуызон социалон фиддонтыл схардз кодта 360,9 милуан сомы.

Уымæй уæлдай, медицинон кусджытæн УФ-йы Хицауад цы сæрмагонд уæлæмхасæн социалон фиддонтæ снысан кодта, уыдон дæр афойнадыл лæвæрд æрцыдысты специалисттæн (абоны онг уыцы фиддонтыл схардз кодтой 970 милуан сомы бæрц). Зындгонд куыд у, афтæмæй ахæм уæлæмхасæн социалон зæрдæдарæн лæвæрд цæуы, коронавирусæй рынчынтимæ чи архайы, уыцы кусджытæн (ахæм фæтк йæ тыхы ис 2020 азы ноябрæй 2021 азы кæронмæ).

Ацы æмæ иннæ куыстытæ афойнадыл кæй кæнынц, уый фæдыл Сергей Меняйло арфæ ракодта Социалон фæдзæхстады фонды регионалон хайады разамынд æмæ коллективæн.

Ныхасы архайджытæ æрдзырдтой æндæр фарстатыл дæр.


РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here