Куыд зонæм, афтæмæй Майрæм у сылгоймæгтыл аудæг зæд, баст у сæ хъысмæтимæ, у сын æххуысгæнæг зæнæг кæнынмæ æмæ сабиты хъомыл кæнынмæ дæр.
Майрæмæн ирон адæм стыр кад кæй кæнынц, уый ирдæй бæрæг дары, августы Майрæмы мæй кæй схуыдтой, уымæй. Уымæй уæлдай ма, къуырийы фæндзæм бон дæр хæссы Майрæмы ном. Ацы зæдæн ма ис æндæр нæмттæ: Мады зæд æмæ Мады-Майрæм дæр. Йæ бæрæгбон æрвылаз дæр вæййы 28 августы. Йæ номыл кувæндæттæ ис Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны дæр. Уыдонæн сæ рагондæр æмæ зындгонддæрыл нымад у Зруджы Зæрин Мады-Майрæм.
Раджы заман Зруджыхъæуы сарæзтой аргъуан цæугæдоны былмæ æввахс. Азæй-азмæ дон йæхицæн сæрибар фæндаг агуырдта, бахсыдта, аргъуан цы дурты сæрыл амад уыд, уыдон, æмæ байгом кодта йæхицæн уæрæх фæндаг. Ууыл хъуыддаг нæ ахицæн. Уый ма арфæй-арфдæр къахта аргъуаны бын, æмæ йын слæмæгъ кодта йæ бындур, сис фæцудыдта æмæ аскъуыдтæ ис. Хозиты мыггаг аргъуанмæ ногæй базылдысты æмæ дзы сарæзтой кувæндон, схуыдтой йæ Хозиты Майрæм, фæстæдæр Зруджы-Майрæм, стæй та Зруджы Зæрин Мады-Майрæм.
Ног чындзæн-иу Сæрызæды бын авд лæппуйы æмæ иу цъæхдзаст чызджы мад суæвынмæ куывтой ацы дзуармæ. Зруггомы цæрджытæй алкæй хæдзары дæр уыдис кусарт, цæджджинаджы дзаг бæгæны, арахъхъ, царв æмæ алыхуызон адджинæгтæ. Кусартæй физонæг, æртæ кæрдзыны, арахъхъы дурын æмæ бæгæны хастой дзуары бынмæ. Кувæндонмæ канд Зруг нæ, фæлæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ цыдысты куывды. Фæсивæдæй-иу Майрæмы уæзæгыл чи нæ асимдтаид æмæ акафыдаид, уымæн йæ цард ад нæ кодта. Дзуары бынмæ цыдысты сыгъдæг дарæсы. Аив кафт, нæртон симд, æз арæхстджындæрæй бæхыл хъазын, топпæй æхсын, дард кæнæ бæрзонд агæпп кæнын, кад æмæ æгъдауыл хи дарын уыдысты фæсивæды бæллицтæ æмæ уыцы диссæгтæ фенын æмæ бавзарынмæ куыд хъуамæ баззадаид усгур лæппу, кæнæ чындздзон чызг Майрæмы кувæндонмæ æнæ ацæугæйæ?! Уæдæ Ирыстоны алы рæттæй куыннæ æмбырд кодтаиккой æнæзæнæг сылгоймæгтæ æмæ ног чындзытæ, цæмæй сын цæрæццаг лæппутæ райгуырдаид!
Хистæртæ бадтысты нæртон куывды æмæ гаджидау гаджидауы фæстæ уагътой, фæсивæды хъазтмæ кад æмæ арфæйы нуазæнтæ æрвыстой. Хуры æрныгуылдимæ-иу баиу сты куывддонты сыстад æмæ хъазты райхæлд, æмæ-иу Мады-Майрæмы уæзæг æмæзмæлд сси.
Æгъдау куыд амоны, уымæ гæсгæ, дзуарæн лæггадгæнджытæ алы хуындзауы тæбæгъы дæр æвæрдтой фæдзæхсæн. Уый та конд цыд уый тыххæй, цæмæй хæдзары бинонтæй кæй къухы нæ бафтыд дзуары бынмæ сæмбæлын, уыдон уыцы фæдзæхсæнæй сæхи бафæдзæхсой Мады-Майрæмыл. Афтæмæй азæй-аз рæсугъддæр æмæ бæркадджындæрæй бæрæг кодтой Зруджы Зæрин Мады-Майрæмы бæрæгбон.
Адæймаджы дисы æмæ арф хъуыдытыл æфтыдта кувæндоны рæсугъддзинад. Кæм уыдис ахæм арæзтадон æрмæг, йæ диссаджы дур? Æппæт Кавказы дæр, æвæццæгæн, нæй ахæм дурæй амад, нæдæр аргъуан, нæдæр кувæндон! Кувæндоны алыварс амад ис дыууæ метры бæрзæндæн быру, йæ дæргъ та хæццæ кæны 120 метры онг. Ацы быруйы кæртмæ бахизыны бар никæмæн уыдис, нæ фæтчыди. Искуы иу хатт, æнæмæнг, бахъуыды рæстæг бахизыны бар уыдис, адæмы æвзæрст дзуарæн лæггадгæнджытæй йæ хал кæмæн схаудтаид, «Майрæм йæхæдæг кæй равзæрстаид», æрмæст уымæн. Уыцы лæг-иу бацыд Майрæмы комы доны былмæ, ныхсадта-иу йæхи, йæ къæхтæ, æмæ-иу йæ зонгуытыл бацыд быруйы размæ, скуывдта-иу, ракуырдта-иу хатыр Майрæмæй æмæ-иу уый фæстæ бахызт быруйы сæрты кувæндонмæ бæгъæввадæй. Быруйы сæрæй-иу дымгæ мидæмæ цы нывондæгты сæртæ æмæ сыкъатæ баппæрста, уыдон-иу фæстæмæ быруйыл сæвæрдта, стæй-иу кувæндонмæ базылд, йæ рыгтæ-иу ын ныссæрфта.
Хистæртæ куыд дзырдтой, афтæмæй Зруггомы дон иу ивылды рæстæг бирвæзт кувæндонмæ æмæ йын йæ цæгатварс сисы астæуккаг хай æд бындур рафæлдæхта. Уый, æвæццæгæн, уыдаид 1889 азы, Туалгомы æмæ Душеты уезды зæххы нынкъуыстæй хæдзæрттæ куы ныккалдысты, æмæ сын их сæ хортæ куы ныццагъта, уæд. Ивылд дон аласта Майрæмы ныв æмæ йæ уый фæстæ кæмдæр Мæздæджы зæххыл ссардтой. Уымæй цасдæр рæстæджы фæстæ, 1897 азы, Мæздæджы арæзт æрцыд Майрæмы номыл кувæндон, æмæ уæд адæм уырдæм цæуын райдыдтой сæхи йыл фæдзæхсынмæ.
Зруджы цæрджытæ 1936 азы æмхуызонæй ралыгъдысты быдырмæ æмæ Рассветыхъæуы æрцардысты, Зруггом та æдзæрæгæй баззад. Фæлæ сæ кувæндон рохуаты нæ ныууагътой. Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй йæм 28 августы цæуынц куывды æмæ йыл сæхи фæдзæхсынц. Куыд дзурынц, афтæмæй кувæндоны цалцæг кæныны куыстытæ райдыдтой. Æмæ Хуыцауы цæст бауарзæд, цæмæй Зруджы Зæрин Мады-Майрæм йæ раздæры хуыз райса!
Ныр та цалдæр ныхасы Майрæмы Куадзæны тыххæй. Фыццаджыдæр, зæгъын хъæуы уый, æмæ Майрæмы Куадзæн мæрдты бон кæй у. Раздæр заманты ног мæрдджын бинонтæ дыууæ къуырийы дардтой ком, æмæ-иу Майрæмы Куадзæны сæ ком суагътой. Куадзæн —комуадзæн дæр æй уый тыххæй хонынц. Алы аз дæр вæййы августы фæстаг майрæмбоны. Ацы аз Майрæмы Куадзæн уыдзæн 26 августы, майрæмбоны. Æрцæттæ кæнынц фынджыдзаг, æрæвæрынц фынгыл дыгай уæливыхтæ, цæхæраджынтæ, къабускаджынтæ, хъæдурджынтæ, дыргътæ, халсартæ æмæ алыхуызон адджинæгтæ. Йæ къух кæмæн амоны, уый уæрыкк, кæдæ далыс дæр аргæвды. Уыдон иууылдæр æрцæттæ кæнынц æмæ сæ фынгыл æрæвæрынц, æнæмæнг ма хъуамæ æрæвæрой дон дæр, стæй цæхх æмæ кард. Къæбицы сæ ныххæлар кæнынц, стæй сæ бадты фынгыл æрæвæрынц æмæ сæ уым бадты адæм дæр иумæйагæй ныххæлар кæнынц.
Æнæмæлгæ дуне нæй. Куыд фæзæгъынц, авдæн кæм атула, уым табæтæн дæр æнæуæвгæ нæй. Гъемæ уыцы царды æгъдауы нæ дыгай кæрдзынтæ æртыгæйттæй куыд ивæм, ахæм арфæ нын Дунейы Фарн ракæнæд!
Хæмыцаты Раман,
Рахизфарсы районы Ныхасы ирон æгъдæутты комитеты сæргълæууæг














