“Уæллаг Ларс”: электронон рад скуыста

0
497

Уæрæсейы Федерацийæ Гуырдзыстонмæ Уæллаг Ларсыл чи цæуы, уыдонæн Цæгат Ирыстоны кусын райдыдта электронон рад. Уый тыххæй фехъусын кодта Фæндагон змæлд саразыны центры разамонæг Æккёлаты Алыксандр.

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд бафæдзæхста, афтæмæй центр Нымæцон рæзты комитетимæ бакуыстой программæйыл æмæ ныр сæ бон у Уæллаг Ларсы паддзахадон арæнты сæрты цæуæг транспорт электронон рады æвæрын. Афтæмæй ныр æртæ посты фæзындзæн: Кæсæг-Балхъарæй æрбацæуæг транспорт лæудзæн Ираны хъæуы цур, Мæхъæлæй æрбацæуæг транспорт — Алханчурты цур, Гуырдзыстонæй æрбацæуæг, фæлæ, Цæгат Ирыстонæй чи нæма рахызт, уыцы æмæ Гуырдзыстонмæ цæуæг машинæтæ — Цмийы хъæуы цур. Иумæйаг постты уыдзысты Фæндагыл æдасæй цæуыны службæйы æмæ Фæндагон змæлд саразыны центры кусджытæ.

Электронон рады балæууынæн фаг у иу посты сæрты ацæуын, шофыр регистраци скæндзæн, райсдзæн радон номыр регистрацийы рæстæгимæ. Рад куыд æххæстгонд цæуы, уымæ цæст дарæн ис онлайн хуызы сайт codd 15.ru.Куыддæр электронон рады кæрдæгхуыз зонæмæ бахиза шофыр, афтæ йæ бон Уæллаг Ларсмæ цæуын у. Ноджы ма кусы лæвар телефон дæр: 8-800-222-46-40, шофыртæн сæ бон у хъæугæ хабæрттæ базонын.

Паддзахадон арæнты сæрты уадзæн пункт “Уæллаг Ларс”-ы цы дыууадæс ног тæлмы сарæзтой, уыдоныл ныртæккæ ауагътой рог машинæтæ.

Фæндагон змæлд саразыны центры пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here