Хæдбардзинады фæндагыл…

0
334

РЦИ-Аланийы разамонæг Сергей Меняйло сæ сæргъы, афтæмæй Цæгат Ирыстоны делегаци архайдта Хуссар Ирыстоны республикæйы хæдбардзинады 14 азимæ баст бæрæгбоны мадзæлтты.

Уым сæмбæлдысты Цæгат Кавказы федералон зылды, Донецкаг æмæ Луганскаг Адæмон республикæты, Абхазы минæвæрттæ.

Хуссар Ирыстонмæ балц райдыдта йæ Президент Гаглойты Аланимæ кусæг фембæлдæй. Ныхасы ма архайдта РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев.

Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй Уæрæсейы Президент 2008 азы рахаста иунæг æмæ раст уынаффæ: æрбалæбурæг знæгтæн ныхкъуырд раттын æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайын. «Цæгат Ирыстоны цæрджыты номæй уын арфæ кæнын хæдбардзинады бæрæгбоны тыххæй. Дыууæ республикæйы кæддæриддæр баст сты иумæйаг хъысмæтæй, традицитæй, культурæйæ. Дарддæр дæр афтæ æнгомæй кусдзыстæм», — фæбæрæг кодта Сæргълæууæг.

Кадджын æмбырд конд æрцыд Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры бæстыхайы. Уым сæмбырд сты Хуссар Ирыстоны æхсæнады минæвæрттæ, Сергей Меняйло сын Цæгат Ирыстоны цæрджыты номæй бæрæгбоны арфæтæ ракодта. Уæлдай æргом аздæхта, Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хъысмæты цы бынат бацахста, уымæ.

«Хуссар Ирыстоны истори 14 азы размæ баййæфта ивддзинæдтæ, фæзынд дзы ног сыф. Уый фæрцы адæм сæрибарæй цæрынц, фидæны фæлтæртæм дæттынц сæ истори, се ‘гъдæуттæ. Бирæ зындзинæдтæ баййæфтой хуссарирыстойнаг адæм, фæлæ амондджын цард ралæууыд. Уæ фарсмæ кæддæриддæр сты цæгатирыстойнæгтæ, мах иу адæм стæм æмæ цæттæ стæм æххуысмæ. Дыууæ республикæйы фæрныгад аразгæ у махæй», — загъта Сæргълæууæг.

Кæронбæттæны ма Сергей Меняйло Хуссар Ирыстоны цæрджытæн æнæниз æмæ фæрнджын царды тыххæй арфæтæ ракодта. Кадджын мадзалы  фæлгæты йæ лæгдзинад æмæ Гуырдзыстонæй 2008 азы тыхбахаст æрдомынмæ йæ бæвæрды тыххæй, дыууæ республикæйы ‘хсæн хæлардзинады  ахастдзинæдтæ парахат кæныны фæдыл Сергей Меняйлойæн Кады орден радта  Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан.

РЦИ-Аланийы  Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here