Цæгат Ирыстон бацыд сæрмагонд нысантимæ дон уадзыны куысты хуыздæрты къордмæ. Ацы къорды уæлахиздзаутæ сты Краснодар, Стъарапол æмæ Ростов.
— Нæ регион бацахста уæлдай хорз бынат суарыл сæрмагонд нысантæ æвæрыны куысты. Уымæн æмæ нæ республикæйы куыстуæттæ афойнадыл сарæзтой ацы ногдзинадæн мадзæлттæ. Цæгат Ирыстоны Экономикон рæзты министрад сæхи ‘рдыгæй æххуыс кæны куыстуæттæн сæрмагонд нысантæ æвæрыны гæрзтæ барæвдз кæнынмæ, — загъта Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Къадзаты Игор.
Сæрмагонд нысантæ æвæрын æнæмæнг хъуыддаг сси 2021 азы декабры фыццæгæм бонæй. Уыцы æгъдауы райдайæнæй Цæгат Ирыстоны рауагътой 43 милуан литры дон, уыдонæй 33 милуаны сты суæрттæ. Иумæйагæй регионы ис 10 стыр куыстуаты. Уыдон æнтыстджынæй барæвдз кодтой сæрмагонд нысантæ æвæрыны гæрзтæ, уыдон сты: «Бавари», «Кей-Т», «Бухардон», «Ариана», «Дайран», «Ирыстон-Алагир», «Тамирис», «Алайнаг цъититæ», «Арвайдæн».
— Нæ компани афæдзмæ уадзы 25 милуан литры дон. 2021 азимæ абаргæйæ, нæ куыстад фæуæрæхдæр ис, иннæ аз дон уыдзæн 27 милуан литры. Нæ донæй нын пайда кæны æрмæст Уæрæсе нæ, фæлæ ма Азербайджан, Киргизи, Гуырдзыстон, Иугонд Араббаг Эмираттæ æмæ Африкæйы бæстæтæ дæр. Нæ дон ист цæуы хæххон суадонæй, кæй зæгъын æй хъæуы, адæймагæн у пайдайаг. Уый, æнæмæнгæй, бæрæг æрцæуы «Раст нысан»-æй. Нæ хъуыдымæ гæсгæ, уый контрафакты ныхмæ тохы хъуамæ баххуыс уа. Уыимæ йæ хъуамæ бакæнæм «Бæгæны»-йы æмæ «Адджын дæттæ»-йыл дæр, — загъта бæгæныфыцæн хæдзар «Бавари»-йы директор Цхуырбаты Азæмæт.
Системæ «Раст нысан»-ы Цæгат Кавказы архайджыты ‘хсæн Цæгат Ирыстон у æртæ тыхджындæр регионтæй иу. Къадзаты Игоры ныхасмæ гæсгæ, ацы системæйы архайджытæн сæ бон у æргом фæзы сæ куыст кæнын, контрафактимæ та сын нæ уыдзæн иумæйаг фæндаг.
Ноябры фыццæгæм бонæй сæрмагонд нысантæ æвæрыны информаци суыдзæн æнæмæнг. Архайджытæ хъуамæ пайда кæной электронон æвдисæндартæй нымæцон кодтимæ куысты.
Гобозты Агуындæ
Къамтæ систа Хъайырты Дианæ

















