…Æмæ сын мыггагмæ нæ уыдзæн мæлæт

0
151

Беслæны фыццæгæм скъола ницæмæй хицæн кодта иннæтæй. 18 азы размæ йæ ном айхъуыст æппæт Зæххы къорийыл. Ирыстон. Беслæн. 1-æм скъола. Абон дæр зæрдæ ныккæрзы, цæссыг нæ уромы, уымæн æмæ фесæфтысты бирæ æнаххос адæм. Уроктæм сидæг дзæнгæрæг æнæнхъæлæджы сси фæдисы дзæнгæрæг.

— Мæ чындз Эммæ æмæ йæ дыууæ хъæбулы бабын сты ацы скъолайы, — йæ цæссыгтæ згъалгæйæ дзуры Джыбылаты-Цырыхаты Иринæ. Æртæ боны бинонтæ, хиуæттæ цы бавзæрстой, уый диссаг у. Уарзон хъæбулы хъæбултæ, йæ уæздан чындз уацары бахаудтой, фæлæ ныфс уыдис кæй рацæудзысты дзæбæхæй. Аланæ бацыд 5-æм къласмæ, йæ кæстæр æфсымæр Борик та æртыккæгæм къласмæ. Хæрзарæзтæй сæ хъæлдзæгæй арвыстой скъоламæ. Ацу, æмæ ма ‘рцуйы фæндаг сын рауад. Ничиуал сæ фервæзт. Дыккаг цæф та ма бинонтæн уыд, гыццыл лæппуйы нæ мæрдты, нæ æгæсты ‘хсæн куы нæ ардтой, уæд. Фæстæдæр рабæрæг, рæдыдæй йæ æндæр кæйдæр сывæллоны бæсты кæй баныгæдтой…

— Азтæ цæуынц, фæлæ зæрдæйы рыст нæ къаддæр кæны, — зæгъы ацæргæ сылгоймаг, спортивон залы сыгъд къулыл йæ бинонты хуызистытæм кæсгæйæ. Йемæ æрбацыдысты йæ хæрæфырттæ Илонæ æмæ Сæрмæт, уыдон дæр сæркъулæй  лæууыдысты сæ цуры.

— Мæ лæппу Руслан теракты тыххæй куы фехъуыста, уæд бæргæ батагъд кодта йæ бинонтæм, фæлæ сæ æнæхай фæцис. Бирæ азты йæхимæ ныхъхъуыста, бирæ йын фæлæгъстæ кодтон, дæ цард сараз, зæгъгæ, æмæ мæм байхъуыста, — зæгъы Иринæ.

Æстдæс азы размæ, æвзаг зæгъын кæй нæ комы, ахæм æвирхъау бæллæх куы ‘рцыд Ирыстоныл, уæд бирæ адæм æххуыс кодтой хъыгдардбаййафæг дзыллæтæн. Уыдонимæ уыдысты урсхалатджынтæ дæр.

Хадыхъаты Лидæ Рахизфарсы районы рынчындоны медицинон хойæ кусы ныр 38 азы.

— Уавæр тæссаг у, уый куы бамбæрстам, уæд æхсæвæй-бонæй рад хастам. Адæм тынг тыхст уыдысты, медицинон æххуыс бирæты хъуыдис. 3 сентябры иу срæмыгъд райхъуыст, стæй та иннæ, цæфты скъæфтой рынчындонмæ. Уыдис нæм æппæт хъæугæ хостæ. Уæззау цæфты та ластой Дзæуджыхъæумæ. Уæд цы æнувыддзинад равдыстой адæм, уый диссаг уыд. Нæхиуыл нæ хъуыды кодтам, æрмæст афойнадыл баххуыс кæныныл, — зæгъы Лидæ.

— Уæд дæр абоны хуызæн хурбон уыдис, адæм хъæлдзæг уыдысты, æвзæр хабармæ ничи æнхъæлмæ каст, — мысы Къарджиаты Владислав. Беслæны скъолатæй иуы куыста ахуыргæнæгæй. «Æцæгæлон сывæллон нæй, алчидæр цæрынæн райгуыры. Беслæны террористтæ цы фыдбылыз скодтой, æнæ донæй цы бирæ адæм удхар кодта, уый фæстæ та саусыгъд чи бакодта, уыдоны ‘хсæн уыд бирæ зонгæтæ.

Алкæуыл дæр дзы зæрдæ риссы. Абон махæн нæ хæс у, цæмæй сæ нæмттæ æнусон уой. Сывæллæтты, ныййарджыты, ахуыргæнджыты ирвæзынгæнгæйæ, йæхи хъæбатырæй чи равдыста, уыцы зынгхуыст æфсæддонты нæмттæ хæссыны аккаг уæвыныл архайы алы кълас дæр. Алы ахуыры аз дæр нæм райдайы лæгдзинады урокæй», — зæгъы Владислав.

…Æмæ та ралæууыд фæззæг. Æмæ та Ирыстон судзаг цæссыгтæ згъалы.

Знон, фыццæгæм сентябры та сæдæгай, мингай адæмты баиу кодта Беслæны хъысмæт.

Скъолайы кæрты æрæмбырд бирæ адæм, республикæйы разамынд, æхсæнадон æмæ политикон организациты минæвæрттæ, дины кусджытæ, журналисттæ, ахуырдзаутæ æмæ студенттæ, бархионтæ, Ирыстоны уазджытæ.

Райсом раджы скъолайы спортивон залмæ иууылдæр цыдысты дидинджытимæ, сыгътой мыдадзын цырæгътæ. 334 æнаххос уды аскъуыд Беслæны скъолайы. Сæ номыл дины кусджытæ сарæзтой номарæн ракуывд.

Æнæкæрон халæй цыдысты æмæ цыдысты адæм, æнкъардæй, сæркъулæй лæууыдысты.

Цæмæн æрцыд ацы фыдбылыз? Нæ уыдис дзуапп 2004 азы, нæй дзуапп абон дæр, 18 азы фæстæ.

Беслæны уынгты федтам сывæллæтты къорд. Уыдысты хъæлдзæг, хурыл цин кодтой. Цард цæуы æмæ йемæ фарн, амонд хæссы. Æмæ уый æхсызгон у…

Гугкаты Жаннæ

Къамтæ систа Хъайырты Дианæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here