Джызæйлæгтæн — ног рæвдауæндон

0
291

Национ проект «Демографи»-йы бындурыл нæ республикæйы алы районты арæзт цæуынц рæвдауæндæттæ æмæ скъолатæ. Нырыккон царды уавæртæ домынц ног фадæттæ рæзгæ фæлтæры нывыл хъомыладæн.

Джызæлы цæрджытæ дæр ахæм стыр лæвар райстой. Хъæуы сабитæн сарæзтой хæрзвадатджын дыууæуæладзыгон рæвдауæндон 120 бынатимæ. Рæвдауæндоны сæргълæууæг Хъыргъаты Этери куыд радзырдта, афтæмæй ацы бæстыхай, æнæмæнг, хъæугæ уыдис, уымæн æмæ сæм нæ фаг кодта бынæттæ.

— Иунæг рæвдауæндон уыд Джызæлы хъæуы сæр. Æмæ ныййарджытæ сæ сабиты горæты рæвдауæндæттæм ластой. Ныр ацы фарста нæ хъæуы æххæстгонд æрцыд. Фæзынд нæм куысты бынæттæ дæр 40 адæймагæн. Сывæллæтты къордтæ сты фондз. Алы хорз фадæттæ сын ис, цæмæй хъæлдзæгæй, æнæнизæй рæзой, сæ зæрдæты сын рæсугъддæр миниуджытæ æвзæрын кæнæм, ахуыры ‘рдæм здæхт уой æмæ сын хъæздыг зонындзинæдтæ ныридæгæн радтæм, уымæн. Цалынмæ бæстыхай арæзт цыдис, уæдмæ дæр Джызæлы æрыгон фæсивæды змæлд «Зиу» æмæ Дзуццаты Алан уыдысты æдзухдæр нæ фарсмæ. Æххуыстæ нын бакодтой иуæй-иу дзауматæ балхæнынæй. Аразæг организаци «Промжилстрой»-ы подрядчик Пхалæгаты Тимур дæр нæхи хъæуккаг у, æмæ архайдта рæвдауæндоны арæзтадыл зæрдиагæй, — дзырдта рæвдауæндоны сæргълæууæг.

Сабиты бæрæгбонмæ æрбацыдысты РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ, Горæтгæрон районы администрацийы сæргълæууæг Есиаты Руслан, Джызæлы хъæуыхицау Дойаты Аслан.

Алыбегты Эллæ зæрдиаг арфæтæ ракодта ног рæвдауæндоны кусджытæн, хъæуы цæрджытæн æмæ радзырдта, абон нæ республикæйы цы бирæ хорз æмæ фæрнджын хъуыддæгтæ цæуы, уыдон иууылдæр национ проекттæ æмæ программæты бындурыл кæй сты æмæ сæ нысантæ дæр афоныл æххæстгонд кæй цæуынц, уый.

Есиаты Руслан дæр арфæ ракодта мадзалы архайджытæн:

— Кæд абон нæ бæстæйы уавæр нывыл нæу, уæддæр, раздæр цы ног фæндтыл райдыдтам архайын, уыдон кæронмæ 2025 азмæ сæххæст кæндзыстæм. Канд ног арæзтæдтæ нæ, фæлæ бындурон цалцæггонд цæудзысты иннæ ахуырадон æмæ хъомыладон объекттæ дæр, — загъта Есиаты Руслан.

Кадджын мадзалы фæстæ цæрджытæ ног рæвдауæндоны уавæртæ федтой. Æппæт хæрзвадæттæ æмæ ифтонггæрзтæй разыйæ баззадысты.

Саутæты Тамилæ

Къам систа Хъайырты Дианæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here