Ног скъола, ног уавæртæ

0
187

Рацарæзты фæстæ кадджын уавæры байгом Ногиры 1-æм астæуккаг скъола. Бæстыхайыл цæуы 100 азы, æмæ, куыд историон объект, афтæ йын ис стыр ахадындзинад. Цы бирæ зындгонд адæймæгтæ рацыд Ногирæй, уыдонæн стыр царды фæндагмæ æппæты хуыздæр миниуджытæ æмæ ахуырад радта ацы скъола.

Сывæллæттæ æмæ ахуыргæнджыты бæрæгбонмæ æрбацыдысты: РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, Горæтгæрон районы муниципалон сконды бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Есиаты Руслан, РЦИ-Аланийы архитектурæ æмæ арæзтады министры фыццаг хæдивæг Куыцыкты Анзор, РЦИ-Аланийы ахуырады æмæ наукæйы министры хæдивæг Магкæты Людмилæ, Горæтгæрон районы прокурор, юстицийы хистæр уынаффæгæнæг Къаболаты Ахтемыр æмæ йе ‘ххуысгæнæг Альбинæ Лакотник, Горæтгæрон районы муниципалон ахуырады управленийы хицауы хæдивæг Хъараты Раситæ, Ногиры Ныхасы сæрдар Бæззаты Владимир, Ногиры хъæуыхицау Сланты Юри æмæ хъæуы æхсæнады минæвæрттæ. Кадджын линейкæйы скъолайы азæлыдысты Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы гимнтæ.

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис мадзалы архайджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодта æмæ загъта:

— Абон стыр бæрæгбон канд скъоладзаутæн æмæ ахуыргæнджытæн нæу, фæлæ Ногиры цæрджытæн дæр. Ног бындурон цалцæджы фæстæ рæзгæ фæлтæрæн фадат уыдзæн æппæты хуыздæр, дунеон стандарттæм гæсгæ уавæрты ахуыр кæнын. Скъолайы фæзы ма арæзт æрцыдысты райдайæн кълæсты хицæн скъола, актон зал, хæрæндон æмæ спортивон фæзтæ дæр. Кълæстæ ифтонг сты нырыккон техникæйæ. Ис дзы сæрмагонд «Точка роста» зæгъгæ, кабинет, физикæ, хими æмæ биологийы предметтæ бæлвырддæр æмæ арфдæр ахуыр кæнынæн. Алы къласы дæр ис — проектортæ. Рацарæзт райдыдта 2020 азы æмæ ныр кæронмæ æххæстгонд æрцыд. Нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы Указмæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны æппæт районты дæр 44 скъолайы бындурон цалцæг цæуынц ацы азы уалдзæгæй нырмæ. Иутæ дзы сентябры кæрон байгом уыдзысты, иннæтæ та октябры. Рацарæзтмæ хаст æрцыд Ногиры 2-æм скъола дæр. Æппæт ацы хъуыддæгтæн æхцайы фæрæзтæ дихгонд цæуынц федералон бюджетæй. Нырыккон скъола нырыккон уавæртимæ дзуапп дæтты хæрзхъæд ахуырæн, æмæ уый сæйрагдæр у махæн. Дарддæр дæр ацы куыст æххæст кæндзыстæм. Ногир кæддæриддæр хъуыстгонд хъæу уыдис йæ зындгонд лæгтæй æмæ нæ зæрдæ дарæм, ацы скъола ма бирæ курдиатджын фæлтæртæ кæй бахъомыл кæндзæн, уымæй, — загъта Дзанайты Барис.

Дадтеты Тамилæ

Къамтæ систа ХЪАЙЫРТЫ Дианæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here