Хæрзиуджытæ — хуыздæртæн

0
118

Сыгъзæрин, бæркадхæссæг фæззæг… Адæймаг уалдзæг хоры нæмгуытæ байтауы, фæззæг та сæ хъæздыг тыллæг райсы. Ахуыргæнæджы дæсныйад дæр цыма уыимæ ис абарæн. Ахæм адæймаг нæй, æвæццæгæн, æмæ йæ фыццаг ахуыргæнæджы чи не ‘рхъуыды кæны.

Ахуыргæнæг цы хоры нæмгуытæ байтауы ахуырдзауты зæрдæты, уыдонæй аразгæ у нæ адæмы, нæ бæстæйы фидæн, йæ сомбон. Скъола сывæллæттæн свæййы сæ дыккаг хæдзар, æмæ къонайы хъарм уым банкъарынц ахуыргæнæгæй. Уымæ гæсгæ хуымæтæджы нæ рауад афтæ, афæдзы рæсугъддæр афонтæй иуы æппæтдунеон Ахуыргæнæджы бон кæй бæрæг кæнæм, уый. Æрмæст, азты сæрты ахизгæйæ, бамбарæм, цас тых æмæ хъару схардз кæны ахуыргæнæг, цæмæй æхсæнадæн, бæстæйæн аккаг хъæбултæ бахъомыл кæна.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло кадджын уавæры арфæ ракодта нæ республикæйы ахуыргæнджытæн:

— Зынаргъ ахуыргæнджытæ! Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл. Алчидæр уæ зæрдиагæй æххæст кæны йæ хæстæ. Бузныг уын зæгъæм уæ зын, фæлæ кадджын архайды тыххæй.

Махæй алчидæр хорз хъуыды кæны йæ фыццаг ахуыргæнæджы. Уыдон нæ царды арæзтой раст фæндагыл. Сæ зонындзинæдтæ, сæ зæрдæты хъарм æнæвгъауæй лæвар кодтой махæн. Уæ куыст æнцон нæу, хатгай бузныг дæр нæ зоны, фæлæ уæддæр æппæт хъарутæй архайут, цæмæй уæ ахуырдзаутæ райсом нæ бæстæйæн аккаг фидæн уой, ууыл. Абон арфæ кæнын æппæт ахуыргæнджытæн, уыдонимæ — нæ республикæйы ахуырады къабазы ветерантæн дæр. Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ ног профессионалон æнтыстдзинæдтæ, — загъта Сергей Меняйло.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Бардзырдмæ гæсгæ педагогон архайд æмæ бæрзонд профессионализмы тыххæй Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сгуыхт ахуыргæнæджы ном лæвæрд æрцыд:

Дыгуры районы Николаевскы хъæуы астæуккаг ахуырадон скъолайы райдайæн кълæсты ахуыргæнæг Любовь Бессарабæн;

Æрæфы районы Цыколайы 3-æм астæуккаг скъолайы географийы ахуыргæнæг Бичегкуты Риммæйæн;

Алагиры 2-æм астæуккаг скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Габолаты Жаннæйæн;

Беслæны гимназы историйы ахуыргæнæг Гуыриаты Надеждæйæн;

Дыгуры районы Мустыздæхы астæуккаг скъолайы математикæйы ахуыргæнæг Хъæдохты Аллæйæн;

Горæтгæрон районы Æрхонкæйы 2-æм астæуккаг скъолайы химийы ахуыргæнæг Иринæ Лысоконæн;

Дигорайы 2-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Мæрзаты Зæлинæйæн;

Горæтгæрон районы Октябрыхъæуы 2-æм астæуккаг скъолайы географийы ахуыргæнæг Мулдарты Светланæйæн;

Æрыдоны 1-æм астæуккаг скъолайы физикæйы ахуыргæнæг Людмилæ Сафоновайæн;

Дзæуджыхъæуы 41-æм астæуккаг скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Фидараты Беллæйæн;

Беслæны астæуккаг скъолайы райдайæн кълæсты ахуыргæнæг Татьянæ Халоянцæн;

Æрæфы районы Лескены астæуккаг скъолайы райдайæн кълæсты ахуыргæнæг Цæмæхъаты Верæйæн.

Бирæ азты ахуырады къабазы æнтыстджынæй кæй кусынц, уый тыххæй Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы ахуырады кадджын кусæджы ном лæвæрд æрцыд:

Дзæуджыхъæуы уæлæмхасæн ахуырады центры директоры фыццаг хæдивæг Еленæ Астафьевайæн;

Цæгат Кавказы арæзтадон техникумы директоры хæдивæг Гæбуты Дилярæйæн;

Хъæбæлоты Билары номыл сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны уæлæмхасæн ахуырады кусæг Гъуцъунаты Ольгæйæн;

Дзæуджыхъæуы Калоты Георгийы номыл профилон техникумы мастер Валентинæ Елисеевайæн;

Цæгат Ирыстоны ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæр кæныны  республикон институты хистæр методист Зазиаты Андрейæн.

Алыхуызон хæрзиуджытæ райстой иннæ ахуыргæнджытæ дæр.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

Къам систа Хъайырты Дианæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here