Æххуыс — фæкæсинаг адæмæн

0
131

Знон РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МенЯйлойÆн Хицауады хæдзары фембæлд уыдис нæ республикæйы цæрджытимæ, тыхст фарстатæ æмæ хи хъаруйæ сæххæст кæнæн кæмæн нæй, ахæм хъуыддæгты фæдыл. Нырыккон царды бирæ уæззау уавæртæ ис, адæймаджы цы тыхсын кæны, ахæмтæ. Алчидæр фæархайы хи хъарутæй сæ аиуварс кæныныл, фæлæ иуæй-иу хатт та æнæ искæй æххуысæй къухы не ‘фтынц.

Ацы проект сси традицион, æрвылазон, æмæ, куыд алы хатт, афтæ та ныр дæр нæ республикæйы Сæргълæууæгмæ æххуысмæ фылдæр цыдысты, йæ æнæниздзинад хъыгдард кæмæн у, инвалид уæвгæйæ, йæ бон лæвар хостæ райсын, реабилитаци æмæ нæ бæстæйы æндæр горæтты зындгонд медицинон центртæм ацæуын кæй  фадат нæ амоны, ахæм фæкæсынхъуаг рынчынтæ.  Ацы фарстаты фæдыл РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Реутов куыд радзырдта, афтæмæй  рынчынтæн нæ республикæйы Сæргълæууæджы фæстауæрцон фондæй дихгонд æрцæудзæн æхцайы фæрæзтæ медицинон центртæм ацæуынæн, стæй  лæвар хостæ.

Мæздæджы районы, хъæу Предгорнæйы цæрæг пенсиисæг Хожахмат Ибрагимов та хъаст кодта, кæй сæм нæй амбулатори, электрон тыхдæттæн системæ хъæуы  нывыл нæ кусы, æмæ фылдæр хатт адæм æнæ рухсæй баззайынц:

— Нæ хъæумæ 2003 азæй фæстæмæ кæсæг нæй. Никуы нæм ничи æрцыд нæ республикæйы Хицауадæй æмæ не ркаст нæ уавæртæм. Цы амбулатори нæм уыд, уый басыгъд.  Æнæ медицинон æххуысæй баззадыстæм. Уымæй уæлдай нæй нывыл фæндаг хъæумæ, æмæ нæ стыр тасы æфтауы обауы йас лæсæн. Кæд ратондзæн, уый бæрæг нæй, — загъта Хожахмат Ибрагимов.

РЦИ-Аланийы архитектурæ æмæ арæзтады министр Моргуаты Константин Сергей Меняйлойæн радзырдта, хъæу Предгорнæйы амбулатори саразынæн зæххы хай æмæ подрядчикы  кæй сбæлвырд кодтой, æмæ 2023 азы паддзахадон программæйы бындурыл  арæзт æрцæудзæн амбулатори  æппæт хъæугæ ног медицинон ифтонггæрзтæ æмæ техникæимæ. Ацы хъуыддаг сæххæст кæнынæн федералон æмæ республикон бюджеттæй æхцайы фæрæзтæ дихгонд æрцыд 25 265  590,00 сомы.

Хъæу Комсомольскæйы æмæ Змейкæйы станицæйы астæуккаг скъолаты ахуыргæнджытæ та куырдтой се скъолатæ сцалцæг кæнынæн сын баххуыс кæнын. РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд радзырдта, афтæмæй федералон программæ «Ахуырады рæзт»-ы бындурыл цалцæджы куыстытæ цæуынц нæ республикæйы 44 скъолайы.

— Комсомольскæйы æмæ Змейкæйы скъолатæ хаст æрцыдысты проектмæ, æмæ 2023 азы райдайдзыссæм ацы объекттæ дæр бындуронæй цалцæг кæнын. Комсомольскæйы астæуккаг скъолайы цалцæгæн нын федералон бюджет радих кодта æхцайы фæрæзтæ 18 190,44 мин сомы, Змейкæйы скъолайæн та — 56 188,69 мин сомы.

Нæ республикæйы Сæргълæууæгæй куырдтой, Хъызлары спортивон комплекс æмæ Дзæуджыхъæуы шахмæтты клуб рацаразын дæр. Уымæй уæлдай, фембæлды ныхас цыдис, Дзæуджыхъæуы историон хæзнатыл дæр. Елуаты Станислав республикæйы Сæргълæууæгæй куырдта, Титовы уынджы ма Дзæуджыхъæуы рагон фидарæй цы къул баззадис, уый мургай згъæлы, æмæ йæ бахъахъхъæнын хъæуы куыд историон цыртдзæвæн, афтæ. Ацы фарстайы фæдыл Культурон хæзнатæ æмæ объекттæ бахъахъхъæныны комитеты сæрдар Гæлуаты Ацæмæз куыд радзырдта, афтæмæй,  «Ирон адæмы национ-культурон рæзт»-ы паддзахадон программæйы хæстæ 2021-2025 азты сæххæст кæнынæн  æхцайы фæрæзтæ дихгонд æрцыд 20  925  000 сомы.

— Комитет бакуыста наукон-проектон хæрдзтыл, реставрацион куыстытæ бакæныныл. Рагон фидары къул реставраци скæндзæн Æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Скифос-РСК», йæ сæргъы — дæсны реставратор Петр Павлов, афтæмæй, — загъта Гæлуаты Ацæмæз.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æппæт тыхст фарстаты фæдыл дæр зæрдæ бавæрдта хæстæгдæр бонты сæ сæххæст кæнынæй.

Дадтеты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here