Цæгат Ирыстоны æрбамбырд сты, дон уадзыны куыст чи кæны, Уæрæсейы уыцы раззагдæр компанитæ. Конференци «Дон — иугæнæг!», зæгъгæ, арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы бæгæныуадзæн компани «Бавари»-йы бындурыл.
Æмбырды архайджытæн арфæйы ныхас загъта «Бавари»-йы коммерцион директор Æбойты Зауыр.
Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой сæ куысты ахсджиагдæр фарстатыл, продукцийы хæрзхъæддзинадыл, йæ уæй кæныны мадзæлттыл æмæ æндæртыл. Стыр æргом аздæхтой фæллойадон бадзырдтæ фидар кæныны æмæ æндæр юридикон фарстатæм.
Форум «Water Show»-ы директор Аленæ Кондратьевæйы ныхасмæ гæсгæ, æмбырд саразыны бынатæн «Бавари» дзæгъæлы æвзæрст не ‘рцыд.
— 2015 азы уыдтæн Цæгат Ирыстоны. Уæд ныхас цыд, сывæллæттæн цы дон уадзæм, ууыл æвæрд хъалонты уаргъ фæкъаддæр кæныныл. «Бавари» уæд фарстайæн йæ фарс рахæцыд. Уыд нын фембæлд республикæйы разамындимæ дæр. Уыцы фæмбæлдтытæ нæ зæрдæйы баззадысты хорз мысинæгтæй. Раппæлыны аккаг у, «Бавари»-йæн йæ куыст куыд нывыл арæзт у, кусджыты дзы куыд ахуыр кæнынц, цы уавæртæ сын ис, æппæт уыдæттæ, — загъта Аленæ Кондратьева.
Конференцийы фæлгæты республикæйы уазджытæ æрзылдысты «Бавари»-йы цехтыл, бабæрæг кодтой цæттæ продукцийы скълад дæр, æмæ, цы федтой, уымæй разыйæ баззадысты.
Бæрæг куыд у, афтæмæй компани «Бавари» у адджын дæттæ æмæ бæгæны уадзæг Цæгат Ирыстоны стырдæр куыстуат.
Нæ уацхæссæг














