Тыхджын Уæрæсе — тыхджын раздзог

0
252

7 октябры Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путиныл сæххæст 70 азы. Хуымæтæг ныхæстæй радзурæн нæй Уæрæсейы царды ацы адæймаджы егъау ахадындзинады тыххæй. Уый нæ бæстæйы сæргъы æрлæууыд  тæккæ уæззаудæр рæстæджыты, Уæрæсе сæфты къахыл лæуд куы уыдис, уæд. Уыцы заман нæ бæстæ, ныгуылæйнаг фæсдзæуинты аххосæй, Советон Цæдисы хал куы «ахордтаид», уымæй тынг тæссаг уыд. Фæлæ Путины фæзуатон-административон реформæты фæрцы Уæрæсе фервæзт йæ зынтæй, тæссаг фæндагæй. Цы бирæ фæрнджын хъуыддæгтæ сарæзта æмæ сæххæст кодта, уыдон уыдысты нæ бæстæйы фæрныгадæн, рæсугъд æмæ амондджын фидæнæн. Фæлæ кæддæриддæр æхсæнады уыдысты хæрам тыхтæ, не скуынæг сты абон дæр. Уыдон архайынц адæмыхаттæн сæ лæмæгъдæр ран тымбыл къухæй ныццæвыныл, кæрæдзи ардауыныл, быцæутæ æмæ хæстытæ  къахыныл. Ахæм уавæры та уыцы адæмыхаттæн хъæуы тыхджын æмæ уæззау зондыл хæст раздзог. Ахæм у уæрæсейæгтæн Владимир Путин. Абон Укранинæйы цы сæрмагонд хæстон операци цæуы, уымæн уыдис бæлвырд политикон аххосæгтæ, æмæ нын уыдоны тыххæй радзырдта кавказиртасæг, историон наукæты доктор, профессор, Хæххон паддзахадон аграрон   университеты теори, барад æмæ политалогийы кафедрæйы сæргълæууæг Дзидзойты Дудары фырт Валери.

— Куыд ахуыргонд, политолог, историк, афтæ нæ бæстæйы Президенты куыстæн цавæр аргъ скæнис?

— Æз иунæг партийы уæнг дæр никуы уыдтæн. Фæлæ арæх фæхъуыды кæнын, Владимир Путины размæ чи уыдис, уыдон, Горбачев æмæ Ельцины хъуыддæгтыл. Тынг ныхмæвæрд сты нæ бæстæйы абоны Президентимæ. Путин кæдæй æрлæууыд нæ бæстæйы сæргъы, уæдæй  æмбырд кæны пырх Уæрæсе. Украинæйы цы цаутæ цæуы, уыдон дæр уымæн сты æвдисæн. Бирæтæ æнхъæлынц, цыма Советон Цæдис фæстæмæ раздахыныл архайы, фæлæ уый раст хъуыды нæу, уыцы нысан æм уæвгæ дæр нæй. Путины нысан у историон Уæрæсе сног кæнын, æмæ, куыд йæ Райгуырæн бæстæйы патриот, афтæ йæ сæйраг мæт у, дæлдзиныг кæй кæнынц, йæ  бартæ кæмæн ссæндынц, уыцы адæмтæн æххуыс кæнын. Æмæ уый тыххæй аразы фидар политикон-барадон бындур æмæ референдумтæ. Фæлæ Ныгуылæн уыцы уынаффæтимæ разы не сты, нæ нымайынц, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы цы референдумтæ æмæ хæдбардзинæдты мадзæлттæ арæзт æрцыдысты, уыцы хъуыддæгтæ. Иугонд Нациты Организацийы уставы цы закъон фыст ис, уый  Владимир Путин, куыд æмбæлы, афтæ æххæст кæны, фæлæ ис ахæм дæнцæгтæ, æмæ, ацы организацийы уставы æгъдæуттæ чи фехæлдта. Германы Федеративон æмæ Демократон республикæтæ (ФРГ, ГДР) дыууæ хицæн хæдбар паддзахады уыдысты, се  ‘взаг дæр иу — немыцаг, фæлæ, немыцаг æвзаг дæр дих кæны дæс диалектыл. Æмæ ацы дыууæ паддзахады баиу кодтой æнæ референдумæй. Афтæ бафæндыд политикты.

Иннæ дæнцæг та — Косово. Уым дæр нæ уыдис референдум. Адæмы ничи бафарста, фæсфурдаг политиктæ цы уынаффæ рахастой, уый æххæстгонд æрцыд. Ацы зыгъуыммæ митимæ нæ бæстæйы Президент разы нæ уыд æмæ-иу кæддæриддæр йæ хъуыдытæ æргомæй загъта. Уымæн æмæ уыцы митæ æппæтадæмон бартæ халæг сты, сæ ныхмæ æвæрд. Ныгуылæйнаг паддзахæдтæй  дæр уымæй хицæн кæнæм, æмæ нæ бæстæ æххæст кæй кæны Иугонд Нациты Организацийы уставы домæнтæ. Уставæн та  йæхи бæрæг бæлвырд принциптæ ис, æппæтадæмон барты бындурыл чи æнцайы, ахæмтæ. Уым амынд цæуы: «Каждый народ имеет право на самоопределение». Адæмыхатты иннæимæ иу «цары бын»  цæрын  куы нæ фæнда, уæд ын бар ис хицæнæй йæхи паддзахад саразынæн,  æмæ  дыккаг принцип, «территориальная целостность» кæй хонæм, уый. Ис бирæнацион паддзахæдтæ. Се ‘хсæн та ахæмтæ, æмæ иу адæмыхатт иннæйы дæлдзиныг кæм кæны, йæ национ хæзнатæ йын къахы бын чи кæны, ахæмтæ. Уыдон тыхджындæр сты æмæ нымæцæй фылдæр, хонынц сæ «титульные народы». Гуырдзыстойнæгтæ сæхи этникон мыггагæй дарддæр никæй нымайынц. Сæ  зæххыл сомихæгты нымæц гуырдзиæгтæй цалдæр хатты фылдæр уыд, стæй лæгдæр æмæ сæрæндæр уыдысты бирæ хъуыддæгты, фæлæ сæм  сомихæгтæм æнæуынондзинад сæвзæрд æмæ сæ адæмыхаттыл дæр нæ нымадтой.

Амондджынæй иу паддзахады цæрæн ис, адæмты ‘хсæн хæлар ахастытæ куы уа, ассимиляци куы нæ цæуа се ‘хсæн, æрмæстдæр уæд. Гуырдзыстоны уынæм, ассимиляци тыхæй кæй цæуы, уый. Иунæг гуырдзиаджы дæр ма бацамонут, ирон дном чи хæссы. Не ссардзыстут. Нæхи хуссайраг æфсымæртæм та ма бакæсут. Цæгат Ирыстоны цæргæйæ дæр сæ сывæллæттыл гуырдзиаг нæмттæ æвæрынц. Афтæ бындурон систы сæ царды, æмæ йæ æмбаргæ  дæр нæ кæнынц, сæхи туг, сæхи национ цæсгом кæй сæфы, уый. Кæм ис сæ патриотизм?

— Донецк, Луганск, Запорожье æмæ Херсоны облæсттæ хæдбар паддзахæдтыл банымадта Путин, ныр та Уæрæсейы скондмæ хаст æрцыдысты. Коллективон Ныгуылæн ацы уынаффæтимæ разы нæу. Уый махæн вазыгджын у?

— Хæдбартыл кæй нæ банымадтой, ахæмтæ сты: Хуссар Ирыстон, Абхаз, Косово, Приднестровье. Сæ нымæц нырма фылдæр кæндзæн, æмæ уым диссагæй ницы ис. Иу паддзахады адæмыхæттытæ кæрæдзи куы не ‘мбарой, уæд сæ алкæй дæр хицæнæй цæрын фæнды. Украинæйы авд азы размæ ног паддзахадон сконд фæзынд: Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæтæ. Уыдон сæхи Уæрæсемæ ивазынц, уырыссаг дунемæ, уырыссаг нацимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон нæу, хæст дзы кæй райхæлд, æмæ хæстон фæсивæд, сабырдзинадуарзаг адæм  кæй сæфынц.

Фæлæ, хъыгагæн, иуæй-иу фарстатæн сабырæй алыг кæнæн нæй. Нæ бæстæйы Президент бирæ хæттыты фæсидтис Украинæйы разамындмæ æмæ Америкæйы Иугонд Штаттæм дæр, цæмæй æрсабыр уыдаиккой æмæ уавæр карздæр ма кодтаиккой, Уæрæсейы ныхмæ иумæйаг «цæдис» ма арæзтаиккой. Фæлæ уыдон сæ саувæндты проект нæ фехæлдтой æмæ дарддæр ардауæн куыст кодтой, цæмæй дзы хæсты цæхæр ссыгъдаид. Тынг хорз æмбæрстой, Уæрæсе абон кæнæ райсом сæрмагонд хæстон операци кæй райдайдзæн, уый.

Февралы, Уæрæсе нал фæрæзта кæсын, Украинæйы йæ ныхмæ куыд ардауынц, уыцы хъуыддагмæ. Фыццаджыдæр, Америкæйы Иугонд Штаттæ, стæй Великобритани æмæ НАТО-йы скондмæ чи хауы, уыцы паддзахæдтæ. Раздæр, ивгъуыд æнусты «Дзуары» æмæ иннæ стæртæн,  дæр иу нысан уыд — уырыссæгтæ куыд наци, афтæ зæххы къорийыл ма уой, стæй, сæ фарс чи хæцы, иу паддзахады семæ чи цæры, уыдон дæр.  Æнæуынон адæмы хыгъдмæ хауæм мах дæр. Ныгуылæны æмæ Америкæйы хъæуынц  Уæрæсейæн  йæ æрдзон хъæздыгдзинæдтæ, æрмæст æнæ йæ адæм.

Горбачев æмæ Ельцин сæ «фæсфурдаг» хицæуттæн сомытæ кодтой, нæ хуыздæр хæлæрттыл сæ кæй нымайæм, уыдон та уæрæсейæгты хæлæрттыл нæ, фæлæ адæмыл дæр нæ нымадтой æмæ нæ нымайынц. Сæ сау зæрдæты ныл худынц. Æмæ ахæм æнæрвæссонтæ канд Великобритани æмæ Франц не сты, фæлæ ма «нæхи» прибалттæ дæр. Чи уыдис æнхъæл æмæ, Советон Цæдисы фæрцы йæ экономикæ кæмæн стыхджын, промышленнон къабаз уæрæх кæмæн райрæзт,  фидæнмæ æнтыстджын къахдзæфтæ  Уæрæсейы руаджы  чи акодта, уыдон ныр йæ ныхмæ рацæудзысты. Цы кæнгæ нын у? Ницы. Император Александр III куыд загъта йæ рæстæджы: «У России есть два союзника, это Армия и Флот». Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы æфсæдты архайд нæ бæргæ  куы нæ хъæуид. Фæлæ нын æндæр мадзал нæй. Нæ Президент ацы уавæр раджы бамбæрста. Æмæ æз афтæ хъуыды кæнын, Владимир Путинæн æмбал нæй. Ахæм разамонæг æмæ йæ адæмыл æнувыд  раздзог Уæрæсейы бирæ рæстæджыты нал уыд.

Чи зоны, æмæ газеткæсæг зæгъа, цурон ныхæстæ кæнын, зæгъгæ. Фæлæ, æз карджын адæймаг дæн. Ницы хъуаг æййафын. Историон наукæты доктор, 30 азы профессор. Мæн ницы хъæуы, фæлæ нæ Президенты архайд æмæ политикæмæ мæ хъус дарын. Тыхджын æмæ зондджын адæймаг у алы хъуыддаджы дæр. Уæлдайдæр, геополитикæйы. Геополитикæ — уый хицæн къабаз  у кæцыфæнды паддзахады разамонæгæн дæр. Уæрæсейы геополитикæйæн зын аргъ скæнæн ис, уымæн æмæ Америкæ, Китай æмæ  Уæрæсейы астæу цы паддзахадон «хъазт» цæуы, уым вазыгджын хъуыддаг у, разамонæг цавæр къахдзæфтæ акæндзæн, уый.

Путины геополитикæ æнтыстджын у, сæрмагонд хæстон операцийы ма фæсивæд куы нæ сæфиккой, уæд. Фæлæ нын нæй, иу хатт ма зæгъын, æндæр мадзал. Украинæ НАТО-йы скондмæ куы бацæуа, уæд ма уæ цæстытыл ауайын кæнут, цытæ нæм  æрцæудзæн, уый. Уæд Уæрæсе йæ арæнтыл æмбаст уыдзæн, Цæгат Атлантикон Альянсмæ чи хауы, уыцы паддзахадимæ. Вашингтон ын цы зæгъа, уый бакæндзæн. НАТО-мæ йæхи устав, йæхи фыст закъон ис, æппæт 30 паддзахадæн дæр. Уыцы закъон та сын ныффыста Америкæ. Путин Украинæйæн Уæрæсейы домæнтæ бацамыдта; НАТО-йы скондмæ ма бацæуын æмæ НАТО-йы стратегты къухы нæ ныхмæ «хъазæн хъул» не суæвын. Ацы дыууæ домæны куы сæххæст кодтаид Украинæ, уæд абон ахæм уавæр дæр нæ сæвзæрдаид. Украинæйы зондджын разамонæг куы уыдаид, уæд йе сконды цы уырыссæгтæ уыдис — Донбассы цæрджытæ, уыдонæн хицæн чысыл автономи уæддæр радтаид æмæ сæхæдæг æвзæрстаиккой разамонджыты Украинæйы сконды. Уыцы уырыссæгты нымæц та у 7 милуан адæймаджы. Афæдзæй-афæдзмæ бонтæ ивæзтой, мæгуыр адæмы куынæггæнгæйæ,  цалынмæ Уæрæсе сæрмагонд хæстон операци нæ райдыдта, уæдмæ.

Ацы уавæры Ельцин та цы сарæзтаид? Æвзаг нæ тасы йæ адæмы «раздзог» схонынмæ дæр. Афтæ мачи зæгъæд, нал ис, æмæ дзурын. Куыд уыдис Америкæ æмæ Великобританийы хуымæтæг ныхæстыл æууæндæн? Уæвгæ, Америкæ закъон куы сфидар кæна, уæддæр ыл æууæндæн нæй.

— Цæцæны цы хæст цыдис, уый Владимир Путин æрлæууын кодта. Украинæ дæр уыцы «пълан» у?

— 1996 азы, Ельцины заман, УФ-йы паддзахадон нымæрдар, отставкæйы инæлар Александр Лебедь бафыста «Хасавюртаг бадзырдтæ». Абон уыцы бадзырдтæ ссарæн никæм ис. Хасавюртаг бадзырдтæм гæсгæ, ныр Цæцæны республикæ уыдаид хицæн хæдбар паддзахад. Уæрæсейы скондæй рацыдаид. Уæрæсе та  лыстæг паддзахæдтыл ныддихтæ æмæ ныппырх уыдаид. Æмæ нæм уæд цы æнхъæлмæ кастис, уый ма нæ цæстытыл ауайын кæнæм?

Дунескæнæг нын уæд радта Владимир Путины. Уый Цæцæны политикон уавæр бæлвырд бамбæрста æмæ ссардта мадзæлттæ уыцы тæссаг процесс æрлæууын кæнынæн. Йе ‘ппæт тыхтæ, хъару æмæ зондæй уый райдыдта архайын Уæрæсейы хицауады оргæнтæ фидардæр кæныныл. Сарæзта 7 федералон зылды, 1993 азы Конституцийы   амынд дæр чи нæ цыд, ахæмтæ. Æндæр гæнæн ын нал  уыд, уымæн æмæ Уæрæсе сæфты, сæрсæфæны был лæууыд, Советон Цæдисы хуызæн. Цæмæй  бахъахъхъæдтаид нæ бæстæйы фæзуæтты æнæхъæн уавæр, уый тыххæй ацыд Конституцийы ныхмæ, амынд дзы чи нæ уыд, уыцы федералон зылдтæ аразынмæ бавнæлдта. Æмæ æнтыстджын рауадысты.

Владимир Путины сгуыхтдзинæдтæ нæ бæстæйы раз егъау сты, æмæ сын аргъ скæнæн нæй. Путины фæрцы Уæрæсе аирвæзт сæфты азарæй æмæ абон сси тыхджын паддзахад. Уымæ гæсгæ, Уæрæсейы нырыккон историйы нæ Президентæн уæлдай бынат ис.

— Бузныг, Валери, газеты номæй дын арфæ зæгъын.

Ныхас ныффыста Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here