Расул Гамзатовы бюст — Цхинвалы

0
379

Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты Вагзалы фæзы цур æвæрд æрцыд уæрæсейаг поэт Расул Гамзатовы бюст. Цытджын поэты ном сæнусон кæныны хъуыды фæзынд 2013 азы. Уæд ам æвæрд æрцыд мемориалон дур. Ныртæккæ Вагзалы  фæз у стыр арæзтадон фæзы хуызæн. Алыхуызон фæлгонцадон куыстытæ ам фæфæуд кæнынц æмæ уый рæхджы уыдзæн горæты  рæсугъддæр бынæттæй иу.

«Афæдзы райдайæны мын цыртдзæвæн бацæттæ кæнын хæсгонд æрцыд æмæ йæ æрæджы фæ- дæн. Поэты бюст ссис, Цхинвалы фæзуаты æрæвæрын пълангонд цы бирæ бюстытæ æрцыд, уыдонæй иу. Сæ алкæцыйы бынаты дæр ныртæккæ ис дуртæ», — радзырдта скульптор, Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Бекъойты Алан.

Ацы куыст фыццаг нæу аивады дæсныйæн. Раздæр ма Бекъойы-фырт Цхинвалы скульптурон уацмыс «Фатимæ»-йы фонтанæн, ноджы-ма  ба-цæттæ кодта Джусойты Нафийы цыртдзæвæн æмæ æндæртæ.

Уæ зæрдыл уын куы ‘рлæууын кæнæм, уæд Вагзалы цур фæзы 2013 азы сквер арæзт æрцыд зындгонд советон æмæ уæрæсейаг поэт, публицист  æмæ æхсæнадон архайæг, Дагестаны номдзыд хъæбул Русул Гамзатовы номыл. Уæд сквер рахуыдтой дыууæ адæмы хæлардзинады къуым, поэты кадæн та дзы æвæрд æрцыд мемориалон дур. Фæлæ хорз райдайæн кæронмæ ахæццæ кæнын къухы бафтыд æрмæстдæр ацы аз.

(Информацион агентад «Спутник»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here