Уæрæсейы хъазахъхъæгтæ — æфсæддон операцийы

0
133

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МенЯйло видеоконференцийы бастдзинады архайдта, хъазахъхъæгты хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Президенты цур Советы æмбырды. Мадзал ацыд УФ-йы Президенты æххуысгæнæг,  Советы сæрдар Дмитрий Мироновы разамындæй.

Æмбырды архайджытæ æркастысты, сæрмагонд æфсæддон операцийы уæрæсейаг хъазахъхъæгты архайыны фарстамæ.

Мадзалы ма архайдтой Советы сæрдары хæдивæг, УФ-йы Президенты Æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка, УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Дмитрий Чернышенко, УФ-йы Слестгæнæн комитеты сæрдар Александр Бастрыкин, УФ-йы Мидхъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Александр Горовой, хъазахъимæ æмгуыстады Уырыссаг чырыстон аргъуаны Синодалон комитеты, Стъараполаг æмæ Невинномысскаг митрополит Кирилл, УФ-йы æххæстгæнæг хицауады федералон оргæнты минæвæрттæ, хъазахъхъаг æфсæддон æхсæнадты атамантæ.

Æмбырды архайджытæ мадзалы размæ æдзæмæй алæугæйæ ссардтой, Уæрæсейы сæраппонд, сæрмагонд æфсæддон операцийы æнафоны чи бабын, уыцы хæстонтæ, бархионтæ æмæ дины кусджыты рухс ном.

Дмитрий Миронов йæ раныхасы куыд фæнысан кодта, афтæмæй, хъазахъхъæгтæ нæ бæстæйы Президенты сидты фæстæ барвæндонæй архайынц сæрмагонд æфсæддон операцийы æмæ æххуыс кæнынц бынæттон цæрджытæн.

— Нæ паддзахады Сæргълæууæджы растæвæрд  политикæйы фехъуыст,  ныр УФ-йы скондмæ цыппар ног объекты бацыд æмæ уæрæсейаг хъазахъахъæгты  паддзахадон политикæйы ахастытæм ивддзинæдтæ бахæссын у сæйраг мадзал, — загъта Советы сæрдар.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уæлдай фылдæр цæстдард  хъæуы, фæмард уæвæг хъазахъхъæгты хæстæджытимæ  социалон куыстмæ.

— Рохуаты хъуамæ ма баззайой. Сæрмагондæй курын атаманты, бæрндзинады цæстæй акæсын, æфсæддон операцийы чи архайы, уыцы хъазахъхъæгтæй алкæмæ дæр, — загъта Дмитрий Миронов.

Юрий Чайка  фæнысан кодта, Советы æмбырд Цæгат Кавказы регионтæй иуы кæй арæзт æрцыд, уый хуымæтæджы кæй нæ уыд. Уый фæнысан кодта:

— Цæгат Кавказ сабыргай кæны, уæрæсейаг хъазахъхъæгты хъуыддæгты рæзты ныфсæнцой зæгъæн кæмæй ис, ахæм фæз. Советы уæнгтæ, нæ бæстæйы регионты минæвæрттæ, атамантæ æмæ хъазахъхъæгтæ  сæ хъарутæ  æмæ тыхтæ бавæрдтой, УФ-йы Президент нæ размæ цы хæстæ сæвæрдта, уыдон царды рауадзыны архайды.  Паддзахадон политикæйы Стратеги æххæст кæныны бындурыл, мах адарддæр стæм, Теркаг хъазахъхъаг æфсады æхсæнады интеграцийы паддзахадон службæйы æмæ паддзахадон разамынды системæйы, æрыгон фæсивæды патриотон-æфсæддон хъомылады фарстаты æмæ хъазахъхъæгты фæсивæдон организацитæ паддзахадон-фæсивæдон политикæмæ æрбаздахыны хъуыддæгты. Теркаг хъазахъæгтæ уыдысты фыццæгтæй, нæ бæстæйы Сæргълæууæджы фæндоны  фарсхæцæг, сæрмагонд æфсæддон операци райдайыны  æмæ Донбассы цæрджыты цард бахъахъхъæныны фæдыл,— загъта Юрий Чайка.

«Кавказ за наших», — зæгъгæ, акцийы фæлгæты уайтагъд  арæзт æрцыд, гуманитарон æххуыс æмбырд кæныны бæстон куыст. 2022 азы мартъийы хъазахъхъæгтæ арвыстой 10 гуманитарон къанвойы. Луганск, Донецк, Мариуполь, Запорожье æмæ Херсоны облæсттæм та арвыстой 520 тоннæйы хойрæгтæ, хостæ æмæ æндæр товартæ.

— Уæлдай тынгдæр мæ фæнды бахахх кæнын, УФ-йы Хъахъхъæнынады министрадимæ иумæ арæзт æмæ æрвыст кæй æрцыд хъазахъхъаг батальон «Терек».

21 июлы, Хъазаны Мады- Майрæмы уазнывы бон, ацы батальонæн кадджын уавæры лæвæрд æрцыд хæстон тырыса. Августы батальон ацыд æфсæдты къорд «Восток»-ы скондмæ. Абон йæ хыгъды ис 200 адæймаджы. Хæстæгдæр бонты уыцы нымæц фæфылдæр уыдзæн ноджыдæр 220 хъазахъхъагæй. Ныр уал ахуырты сты УФ-йы Хъахъхъæнынады сæрмагонд полигонты. Уымæй уæлдай, теркаг хъазахъхъæгтæ дарддæр æххæст кæндзысты Донбассы сабырдзинадуарзаг цæрджыты хъахъхъæныны паддзахадон хæстæ æндæр дæлхайæдты дæр, — загъта УФ-йы Президенты минæвар хуссайраг зылды.

Абон сæрмагонд æфсæддон операцийы барвæндæй архайынц 600 хъазахъхъаджы.

Æмбырды сæйраг темæйыл раныхас кодта, хъазахъхъаг æхсæнады Æппæтуæрæсеон атаман, Паддзахадон Думæйы депутат Николай Долуда.

Дадтеты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here