Равзæрстой республикæйы цардхъомысы фарстатæ

0
151

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æрвылкъуырион аппаратон æмбырд скодта, уым равзæрстой республикæйы цардхъомысы фарстатæ, фæбæрæг кодтой йæ дарддæры социалон-экономикон рæзты нысантæ.

Транспорты æмæ фæндагон инфрастуктурæйы комитеты сæрдар Солиты Тариэл куыд радзырдта, афтæмæй Æппæтуæрæсеон туристон-рекреацион комплекс «Мамысон»-мæ хонæг автомобилон тъуннелы рацарæзт кæронмæ æрхæццæ. Хъуамæ йæ кадджын уавæры байгом кæной декабры астæу. Фидæны фæлладуадзæн бынатмæ цы дыууæ фæндаджы цæуынц, уыдоныл кусынц дарддæр, ацы азы кæронмæ фæрæзтæй æххæстæй спайда кæндзысты.
Ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй тагъд рæстæджы цæрæн бынæтты байгом уыдзысты цалдæр рæвдауæндоны. Горæтгæрон районы хъæутæ Чермен æмæ Новоейы арæзтадон куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц, тагъд æхсызгонæй сæмбæлдзысты хъомылгæнинæгтыл. Кусæндæттæн сбæрæг сты сæ штатон иуæгтæ, хъомылгæнджытæй уæлдай ма рæвдауæндæтты кусдзысты психологтæ, логопедтæ, музыкæйы дæснытæ æмæ æндæр хъæугæ дæсныйæдтыл хæст адæм.
Ацы азы кæронмæ ма скусдзысты Дзæуджыхъæу æмæ Мæздæджы районы арæзт рæвдауæндæттæ. Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй рæвдауæндæтты фæзындзæн дыууæ минмæ æввахс бынаты сабитæн.Фæллой æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ та æрныхас кодта, мæгуырдзинадимæ куыд тох кæнынц, уый фæдыл. Республикон программæмæ гæсгæ, 2022 азы хъуамæ бафыссой 1581 социалон бадзырды 236 милуан сомæн. Ныр уал бафыстой 1576 бадзырды, иннæ аз хъуамæ æхцайыл федералон бюджетæй бафта, схæццæ уыдзæн 246 милуан соммæ. Уымæй дарддæр министр радзырдта, ивгъуыд къуыри Алагиры районы равдыст-армукъа кæй сарæзтой, уый тыххæй. Паддзахадон æххуыс исæг адæм уырдæм рахастой сæ продукци. Хъуамæ ахæм мадзæлттæ скæной иннæ районты дæр æмæ республикон æмвæзадыл.
«Уый, æцæгæйдæр, адæмæн ахъаззаг æххуыс у, хъуамæ цæрджыты ‘хсæн æмбарынгæнæн куыст кæнæм. Хи хъуыддаг байгом кæнын кæй фæнды, уыдон хъуамæ зоной программæйы авналæнтæ, хъуамæ сæ спайда кæной», — загъта Хицауады Сæрдар. Уымæй уæлдай ма Дзанайты Барис бафæдзæхста, цæмæй хойраджы армукъатæ саразыны фарстайыл бакусой. Уыдоны фæрцы хъæууонхæдзарадон продукциуадзджытæ сæ товартæ рæгъмæ рахæсдзысты, адæмæн та фадат уыдзæн бынæттон продукци райсынæн.
Цæрæнуатон-коммуналон комплекс фæззыгон-зымæгон афон куыд кусы, уый тыххæй радзырдта цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн. Йæ ныхасмæ гæсгæ, хъармгæнæн афон цæуы æнæкъуылымпытæй. «Мæй æмæ æрдæгмæ коммуналон службæйы зындзинæдтæ нæ сæвзæрд. Бирæуæладзыгон æппæт хæдзæрттæ æмæ социалон инфраструктурæйы объекттæ хъармæй ифтонг сты. Уæлдай æргом здахæм газ æмæ электрон тыхæй ифтонгадмæ», — фæбæрæг кодта Тамайы-фырт.
Министр ма радзырдта, республикæйы æхсæнадон бынæттæ æмæ иумæйаг кæртытæм куыд базылдысты, уый тыххæй дæр. Ацы аз сæ къухы бафтыд 41 æхсæнадон бынаты æмæ 74 кæрты саив кæнын. Иннæ аз кусдзысты 41 æхсæнадон бынатыл. Æрæджы Уæрæсейы Хицауад сразы республикæйы хъæппæрисимæ æмæ Беслæны паркмæ базилыны тыххæй радих кодтой 88 милуан сомы.
Хъæбæр коммуналон æппарæццæгты дзæуджыхъæуккаг полигоны рекультиваци куыд цæуы, уый тыххæй радзырдта æрдзон фæрæзты æмæ экологийы министр Кокойты Витали. Куыд бамбарын кодта, афтæмæй ныртæккæ куыстытæ кæронмæ æрхæццæ сты, нысантæ æххæстгæнæг цæттæ у цъæхфæлыстмæ бавналын. Министр ма фæбæрæг кодта, Бехъаны цады ауазæн кæй сфидар кодтой æмæ уавæр кæй банывыл ис, уый.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here