Дзмуйы суадон

0
288

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты сау хабар бахоста алкæй хæдзары дуар дæр. Æмæ, цас фыдæбæттæ, цæссыгтæ, мæгуырдзинад æрхаста адæмæн! Алы бинонтæй дæр райгуырæн зæхх бахъахъхъæнынмæ ацыдысты сæ дарджытæ, лæппутæ, чызджытæ. Мингай адæмтæ бахаудысты фыдæвзарæн хъизæмæртты. Фæлæ бафæрæзтой æмæ знагыл фæуæлахиз сты.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цæхæры уыд раздзогаг лæппу Дзодзиаты Хадзымырзæ. Фырбуцæй йæ Дзму хуыдтой. Гитлеронтимæ тохы æрлæууыд 1941 азы 21-аздзыдæй, хуымæтæг салдатæй. Архайдта зенитон-артиллерион полчъы. 1944 азы августы мæй фæцæф йæ сæр, бахауд госпитæлмæ, фæлæ, куы сдзæбæх, уæд та ногæй æрлæууыд хæцæг æфсады рæнхъы æмæ тох кодта уæлахиз æрхæссыныл. Австрийы, Венæйы сæмбæлд Уæлахизы боныл. Хуыцау ын баххуыс кодта, æмæ сæрæгасæй йæ фыды уæзæг ссардта, йæ риуыл йæ хæстон майдантæ æрттывдтытæ калдтой, афтæмæй 1947 азы сыздæхт.
Раздзоджы дæр æнцон цард не `нхъæлмæ каст хæствæллад Хадзымырзæмæ. Йæ дыстæ бафæлдæхта æмæ фæллой кæнын райдыдта бынæттон колхозы, йе ‘ххуысы хай кæм хъуыд, быдырæй, фермæйæ — хæдзардзин куыст кодта. Бакодта бинонты хъуыддаг дæр. Иу иннæйы фæдыл ын цардмæ фæзынд æхсæз сывæллоны. Йæ цардæмбал Венерæимæ сæ схастой фæллойуарзагæй, радтой сын фадат сахуыр кæнынæн. Руслан каст фæцис Хъæууонхæдзарадон институт, фæлæ, хъыгагæн, æгæр раджы ацыд йе ‘цæг дунейæ. Тамерлан сахуыр кодта Хæххон-металлургон институты. Ныртæккæ кусы фæндæгтæаразæн куыстуат «Ирдорстрой»-ы директорæй, у «РЦИ-Аланийы фæндæгты хæдзарады» сгуыхт кусæг. Феликс дæр каст фæцис Хъæууонхæдзарадон институт, ныртæккæ кусы шофырæй Дзæуджыхъæуы, Чермен —Беслæны цæры йæ мад æмæ фыды хæдзары, бирæ азты уыд Раздзоджы хъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг, Ритæ — сахуыр кодта Дзæуджыхъæуы педагогон институты, у Цæлыччы рæвдауæндоны сæргълæууæг, Светæ та каст фæцис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, психологæй кусы спортивон комплексы.
Хадзымырзæ Рахизфарсы районы газеты редакцийы æхсæнадон уацхæссæг æмæ хæлар уыд. Хæст æмæ фæллойы ветеранмæ уыд курдиат æмдзæвгæтæ фыссынмæ. Уыдысты-иу хуымæтæг æвзагæй, æнцон кæсæн, фæлæ сæ уыд тынг арф хъуыды. Иузæрдион уыд йæ фыдæлты зæххыл, ирон адæмыл. Мад йæ хъæбулы куыд уарзы, афтæ сæ уарзта. Уарзта ма ирон литературæ æмæ поэзи. Хæсты быдыры дæр йæ хæстон æмдзæвгæты тетрадимæ йæ риуы дзыппы дардта Къостайы «Ирон фæндыр».
Азтæ сæ уæз куы æруагътой хæствæллад лæгыл, йæ фыссæн сис йæ коммæ куы нæуал касти, уæд-иу Хадзымырзæ йæ бинонтæн, уарзон сыхæгтæй искæмæн йе ‘мдзæвгæтæ дзырдта, уый — дзургæ, уыдон та — фысгæ. Зæрдæйы æнкъарæнты дзурын куы фæнда, уæд сын бауромæн нæй.
Раздзоджы хъæуы хистæрæй, кæстæрæй Хадзымырзæйæн кодтой стыр аргъ. Æвæццæгæн, иу ахæм хæдзар нæ уыд, Хадзымырзæйы чи нæ уарзта, йæ уынд æхсызгон кæмæн нæ уыд. Нæ уацхъуыды хъайтары цардвæндаг æнцон æмæ лæгъз нæ уыд. Фæзминаг уыд фидардзинад æмæ лæгдзинадæй. Æрмæст Фыдыбæстæйы Стыр хæсты йæ райдианæй кæронмæ фæуы, уый дæр хъæбатырдзинады нысан у. Йæ хуыздæр миниуæг та уыд адæмæн хорздзинад бакæнын. Ууыл ахуыр кодта йæ цоты дæр. Мæнæ куыд мысы йæ фыды Чермен:
— Гыццылæй мын-иу мæ фыд афтæ дзырдта: “Фыддзинад макуы скæн, хорздзинад ракæн, æмæ дын Хуыцау дæр æххуыс кæндзæн”. Бæх мын-иу ракæнын кодта æмæ мын-иу афтæ: «Дæлæ хъæугæрон цæры Къозаты Дыги, зæронд ус у, æмæ йын похцийæ баласын хъæуы йæ цæхæрадон». Уыцы куыст-иу бакодтон, стæй ма-иу хæххытæ дæр акодтам. Дыги-иу нартхор байтыдта, æмæ та-иу ын æй уæлгоммæ похцийæ дæр баластам, цæмæй рæнхъытæ æмбæрзт æрцæуой, уый тыххæй. Афтæ уарзта адæмæн æххуыс кæнын, уымæн æмæ уыд цæстуарзон адæймаг.
Скъуыдты ком кæй хонынц, уым уыдис хосгæрст, фæлæ цъымараджын ссис, суадон дзы гуырыдис. Иу бон Хадзымырзæ фæсивæдæн афтæ зæгъы, хосгæрст куыд æмбæлы, афтæ скæнут, æмæ уын æз мæхи номæй куывд скæндзынæн (къæбæрдæттон лæг уыдис). Нæ фæзивæг кодтой лæппутæ, сæрæн февнæлдтой æмæ йæ сарæзтой. Чи экскаватор æрбакодта, чи кусæнгæрзтæ æрбаласта. Тынг арфæйаг фæцис зæронд лæг сæ бакуыстæй, йæ ныхас дæр сæххæст кодта, нæ сæ фæсайдта, кусарт сын акодта.
Абон дæр уыцы сыгъдæг суадон хæссы Дзодзиаты Дзмуйы ном. Бирæ адæмы сдзæбæх кодта ахсæн æмæ уыргты низтæй. Цæуынц æм дон ласынмæ æндæр хъæутæй дæр. Йæ алыварс у зылд æмæ аивгонд.
Редакцимæ цыд æнæзивæг æмæ цингæнгæйæ. Скодта-иу йæ дзаумæтты хуыздæртæ, ахæм бæрзонд æвæрд æм уыд редакци. Мæ цæстытыл уайы, куыд æхсызгон ын уыд æмæ цин кодта, йæ чызг Светæ йæ амонд куы баиу кодта газеты уацхæссæг, хъæууон хæдзарады хайады сæргълæууæг Пелиты Василиимæ, уæд.
Светланæ дæр фæстæдæр газеты кусæг ссис. Фæлæ, хъыгагæн, Хадзымырзæйæн йæ зынаргъ сиахс (уæдмæ ссис газеты редактор) æгæр раджы ацыд йæ цардæй. Светæ æрыгонæй баззад сидзæргæсæй йæ дыууæ сывæллонимæ. Уыцы зындзинад ын æгъгъæд нæ уыд, фæлæ ма, йæ хъæбултимæ Беслæны 1-æм скъолайы 2004 азы цы теракт æрцыд, уый цæхæры дæр бахаудта. Ам сын Хуыцау æмæ, æвæццæгæн, мæрдтæй се ‘дзард фыд Васили баххуыс кодтой — удæгасæй дзы раирвæзтысты, кæд абон дæр уыцы зæрдæриссæн цау сæ хъуыдыты баззад, уæддæр.
Светæ йæ хъæбултæ Георги æмæ Зæринæйы схъомыл кодта, раст фæндæгтыл сæ сæвæрдта, уæлдæр ахуыргонддзинад цæмæй райсой, ууыл бацархайдта.
Хадзымырзæ, уæлдæр куыд загътон, афтæмæй редакцийæн тынг аргъ кодта. Фæлæ йæ редакцийы уæды кусджытæ дæр æй тынг нымадтой, буц хистæры уацхъуыдтæ, йе `мдзæвгæтæ арæх бакæсæн уыд газеты фæрстыл. Уæдæ куысты фæдыл, Раздзоджы уæвгæйæ, нæ уацхæсджытæ æнæ абæрæггæнгæ никуы ныууагътой. Хæсты уæлахиздзауæн йæ райгуырæн бон дæр 9 майы уыд. Редактор Дауыраты Дамиримæ æнæхъæн коллектив хæсты ветеранмæ арфæтæ кæнынмæ ма ныццыдаиккой, уымæн-иу гæнæн нæ уыдис. Венерæ сæ-иу йæ лæплæпгæнгæ чъиритæ æмæ сау бæгæныйæ тынг сбуц кодта.
Хæсты бирæ зындзинæдтæ бавзарæг лæг æгас нал у, ацы аз ыл 9 майы сæххæст уыдаид 100 азы. Ивгъуыд аз та йæ бирæ фæдонтæ бацархайдтой, æмæ Дзæуджыхъæуы йæ хуызист Уæлахизы бонмæ баннерыл конд æрцыд.
Рох нæу йæ кæстæртæй, чи йæ зыдта, йæ номыл згъоргæ суадонмæ дон ласынмæ чи бацæуы, уыдонæй.

Хосонты Земфирæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here