Цæгат Ирыстоны радио æмæ телеуынынады амонæн центры радзырдтой, телеуынынады мæсыг боныхъæдимæ куыд баст у, æрдз æмæ боныхъæд адæймаджы æнæниздзинадыл куыд ахадынц, радио æмæ телеуынынады æнæкъуылымпы куыстæн цавæр мадзæлттæ аразынц, уый тыххæй.
Боныхъæдимæ æнгомдæр бастдзинад ис нæ бæстæйы сæйрагдæр телеуынынадон мæсыгæн. Останкинойы мæсыгæн проект куы арæзтой, уæд, æнæмæнг, ахъуыды кодтой, метеорологон иртасæн куыстытæн технологон гæнæнтæ цæмæй уа, ууыл. 1969 азы телеуынынады мæсыгæй цы бæрæггæнæнтæ лæвæрд цыд, уыдон иртасынæн арæзт æрцыд Центрон уæлбæрзондон гидрометеорологон арвыхъæд бæрæггæнæн бæстыхай, мæсыгыл та бафидар кодтой, уæлдæфы æлхъывдад чи бæрæг кæны, ахæм метеорологон барæнтæ. Уыдон лæууынц зæххы уæлцъар æмæ, мæсыджы бæрзæнд цас амоны, уымæй авд бæрзæндыл ахæм бæрæггæнæнтыл: 85, 128, 201, 253, 305, 385 æмæ 503. Уыцы барæнты æххуысæй бæрæггонд цæуы зæххы уазал æмæ тæвды бæрц, уæлдæфы æлхъывдад, йæ уазал æмæ тæвд, йæ уымæлад, дымгæйы тых, мигъты бæрзæнд, уымæй дарддæр ма цæстдард цæуы æрдзы фæзындтытæм дæр. Барæнтæ алы бæрзæндыл кæй лæууынц, уый фадат дæтты, тæвд æмæ уымæлад алы бæрзæндыл куыд хицæн кæнынц, уый базонынæн. Уый, æнæмæнг, ахъаз у алы бон раст боныхъæд бæрæг кæнынæн. Останкинойы станцæйы бæрæггæнæнтæ иннæ метеорологон станцæты бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ, фадат дæттынц боны ахаст растдæр сбæрæг кæнынæн.
Останкинойы мæсыджы метеорологон станцæ у дунейы æппæты бæрзонддæр. Фæлæ йæ диссаг æрмæст уый мидæг нæй. Останкинойы метеосистемæ боныхъæды тыххæй бæрæггæнæнтæ дæтты алы 15-20 секунды, иннæ метеостанцæтæ та сахатмæ иу хатт.
Останкинойы метеостанцæ канд боныхъæд бæрæг кæнынæн пайда нæу. Уый ма æмбарын кæны, атмосферæ бæрзонд арæзтæдтыл куыд ахады, æмæ бæрзонд объекттæ аразгæйæ, хынцын кæй хъæуы климæтон æмæ бирæ æндæр уавæртæ.
Уæрæсейы телеуынынады æмæ радиойы цæгатирыстойнаг филиалы директор Æгъуызарты Роберты ныхасмæ гæсгæ, алы регионы дæр телеуынынадон хыз аразгæйæ, зæрдыл дарын хъæуы, климæты хицæндзинæдтæ, боныхъæды фæивд, уæлдæфы уымæлад æмæ дымгæтæ. Уымæ гæсгæ бæрæггонд цæуы, антеннæ цавæр æрмæджытæй арæзт æрцæудзæн, уый. Арæзтадон технологитæй æмæ æрмæджытæй раст пайдагонд куы цæуа, уæд уый у радио æмæ телеуынынады æнæкъуылымпы куысты нысан. Æппæт уыцы фарстатæ абон æххæстгонд цæуынц Дзæуджыхъæуы телеуынынады мæсыджы арæзтады.
Климæтон уавæртæ нæ хынцгæйæ, æппæт бæрзонд мæсгуытæн дæр къæвдайы рæстæг тæссаг у арвы цæфæй.
— Нæ республикæйы телеуынынады антеннæйы бæрзæнд у 182 метры. Æрдзон фыдбылызы ныхмæ алы объектæн дæр æххуыс сты арвы цæфæй бахизыны мадзæлттæ, — зæгъы Æгъуызары-фырт.
Арвæрттывды электрон тых телеуынынады мæсыгыл куы сæмбæлы, уæд æй, арвæрттывдæй бахизыны уагæвæрд зæхмæ саразы, сæрмагондæй уый тыххæй цы арфгонд æфсæйнаг дзыхъхъ арæзт æрцыд, уырдæм. Уыцы системæйы фæрцы разряды энерги ахæлиу вæййы æмæ зиан не ‘рхæссы.
Хъойбайты Галинæ














