Агропромышленнон комплексы райрæзтæн

0
169

Республикæйы агропромышленон комплексы райрæзтæн федералон центр рарвитдзæн 1,2 миллиард сомы. Уый фехъусын кодта республикæйы хойраджы æмæ хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан Опертивон штабы æмбырды. Экономикон рæзт гæрæнты уавæрты фæфидардæр кæныны оперативон штабы æмбырд амыдта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис.

Республикæйы æнтыстджынæй æххæст кæнынц хъæууон хæдзарады, хъæууонхæдзарадон продукцийы, хомаджы æмæ хойраджы рæзты паддзахадон программæтæ. Уый тыххæй сын федералон центр æххуысы мадзæлттæ кæны. Министр куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ агротехникон куыстытæ бакæныны, фыстæ æмæ сæгътæ, стурвос дарыны, донхорыггæнæны рæзты тыххæй цæттæ кæнынц субсидитæ райсыны гæххæттытæ. Субсидитæ райсдзысты бинонты фермæтæ дæр.
Республикæйы продукциуадзджытæн сæ бон у бацархайын программæ «Агростартап»-ы, хицæн амалхъомадон хъæппæристæ равдисæг адæймæгтæ дæр æххуыс райсдзысты. Гæххæттытæ бадæттæн ис 17-21 апрелы онг, нысантæн дихгонд æрцæудзæн 79,4 милуан сомы. Ведомствæйы разамонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй уал 16 хъæууонхæдзарадон продукциуадзæджы цыбыр æмгъуыдмæ æфстау райстой 211,5 милуан сомы. Инвестицион æфстæуттæм балæвæрдтой 4 куырдиаты, райсдзысты 57,2 милуан сомы.
Хицауады Сæрдар куыд бафиппайдта, афтæмæй республикæйы хъæууон хæдзарад гæрæнты уавæрты фарон равдыста хорз бæрæггæнæнттæ, ацы аз дæр хъуамæ агропромышленнон комплекс рæза. «Мах хъуамæ спайда кæнæм федералон æмæ регионалон æххуысы мадзæлттæй, балæууæм нæ хъæууонхæдзарадон кусджыты цур. Хъæууон хæдзарады министрад хъуамæ йæ хъус дара гранттæм, бынæттон продукциуадзджытимæ саразут армукъатæ. Уыцы куысты спайда кæнут районты разамонджыты æххуысæй. Тауыны рæстæг мыггæгтæ æмæ хъацæнты фарста ахсджиаг у, хъуамæ зæхкусджытæ зындзинæдтæ ма ‘взарой», — загъта Хицауады Сæрдар.
Куыд ма фæбæрæг кодта, афтæмæй Оперативон штабы сконд хорз фæахъаз хъæууонхæдзарадон архайдыл, сæ цæст æппынæдзух дарынц æргътæм. Бахъуаджы рæстæг æххуыс исынц федералон центрæй.


РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here