Уæлæмхасæн автобустæ — маршрутмæ

0
192

«Дзæуджыхъæу-Беслæн»-ы ‘хсæн муниципалон маршрут баххæст кæндзысты уæлæмхасæн нырыккон автобустæй. Уыцы хæс йæхимæ исы республикон куыстуат «Автоколоннæ 1210». Автобусты иу хай ныронг маршрутмæ рацыд.

Маршрутыл кусæг шофырты ‘хсæн æнæразыдзинад кæй сæвзæры, уый тыххæй куыстуат ахæм фадатæй спайда кодта. Граждæнтæн фæндæгтыл къуылымпытæ ма сæвзæра, зæгъгæ, маршрутмæ рарвыстой автобустæ. Куыд зонæм, афтæмæй 25 ног нырыккон автобусы республикæ фарон балхæдта, маршрут «Дзæуджыхъæу-Беслæн»-мæ рацыдысты 15 мартъийы. Раздæр хицæн адæймæгты лæггæдтæй чи пайда кодта, уыцы адæм уайтагъд «ПАЗ»-ты удæнцойдзинæдтæ бамбæрстой. Автобустæ цæуынц фæндаггонты зæрдæмæ.
«Автоколлонæ 1210»-ы генералон директор Хъараты Зауырбег куыд зæгъы, афтæмæй бахъуаджы рæстæг сæ бон у уæлæмхасæн 15 автобусы радтын. «Хуыцаубоны фæндаггонтæ уыйас бирæ нæ вæййынц, иннæ бонты студенттæ æмæ Дзæуджыхъæуы кусæг адæм рараст вæййынц фæндагыл. Кæд æмæ сæ мидфарстатæ маршрутон такситы хицæуттæ уæдмæ нæ банывыл кæной, уæд нæ къуырисæры бахъæудзæн автобустæ рарвитын. Адæм хъуамæ къуыхцытæ ма ‘взарой, алчидæр хъуамæ афойнадыл бахæццæ уа йæ бынатмæ. Уымæ гæсгæ ма маршрутмæ æрвитæм 15 автобусы, афтæмæй суыдзысты 40. Фарста нывылгонд æрцæудзæн», — загъта куыстуаты хицау.
Куыд бацамыдта, афтæмæй райсомæй æмæ изæрæй машинæты ‘хсæн рæстæг уыдзæн 3 минуты. РЦИ-Аланийы Фæндагон хæдзарад æмæ транспорты комитет куыд фехъусын кодта, афтæмæй уæлæмхасæн фæсарæйнаг æмæ фыдыбæстаг автобустæ рацæудзысты маршрут «Дзæуджыхъæу-Дигора-Цыкола»-мæ, уым дæр маршрутон такситы хицæуттæм цавæрдæр тыхстаг фарстатæ фæзынд.
Куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй фæндаггонтæн удæнцой уавæртæ саразыны фарста сын сæ размæ æвæры РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Ныртæккæ транспорты парк ноггонд цæуы, балхæдтой 65 ног автобусы, ис сæ алыхуызон нымæцтимæ бынæттæ, туристтæн бæзгæ фадатджын автобустæ дæр фæндæгтæм рацыдысты. Ис сæ автоматикон уагæй фæндаггаг бафидыны аппараттæ. Уымæй уæлдай, бацæттæ кодтой республикæйы рæзты математикон хуызæг, йæ сæйраг хæс у бæлццæттæн фæндæгтыл цæуынæн удæнцой уавæртæ саразын.
Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ.

Рубайты Нелли

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here