Ӕрдзон фыдбылызты фӕстиуджытӕ…

0
211

Ивгъуыд хуыцаубоны Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ йӕ алыварс хъӕуты цы тыхджын къӕвдатӕ ӕмӕ их рацыд, уыдон стыр зиантӕ ракодтой адӕм ӕмӕ цӕрӕн бынӕттӕн. Уыцы ӕрдзон фыдбылызты фӕстиуджытӕ хъуамӕ иуварсгонд ӕрцӕуой ӕппӕты цыбырдӕр ӕмгъуыдтӕм. Ахӕм нысан РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло знон сӕвӕрдта республикӕйы Хицауады уӕнгтӕ ӕмӕ муниципалон оргӕнты разамонджыты размӕ.

Ӕрдзон фыдбылызты республикӕйы адӕмон хӕдзарадӕн цы зиантӕ ракодта, уыдоны тыххӕй бӕстон радзырдта УФ-йы ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрады РЦИ-Аланийы Сӕйраг управленийы хицау Александр Хоружий. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, къӕвдатӕ ӕмӕ их тынг бахъыгдардтой Дзӕуджыхъӕуы, Хуссайраг ӕмӕ Карцайы поселокты, стӕй Горӕтгӕрон районы Октябрыхъӕу ӕмӕ Иры цӕрджыты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ зӕххы хӕйттӕ.

Ведомствӕйы разамонӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ, ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ коммуналон службӕтӕ фыдбылызты фӕстиуджытӕ иуварс кӕнынмӕ бавнӕлдтой, къӕвда куыддӕр фенцад, афтӕ. Ӕрмӕст ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрады тыхтӕй уыцы куысты архайы 120 адӕймаг ӕмӕ техникӕйы 38 иуӕджы. Фыдбылызты фӕстиуджытӕ иуварс кӕныныл архайынц Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Горӕтгӕрон районы коммуналон службӕты бригадтӕ дӕр. Уыимӕ, сӕвзӕргӕ ӕууӕлтӕ хынцгӕйӕ, Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Горӕтгӕрон районы ӕвӕрд ӕрцыд сӕрмагонд уавӕры фӕтк.

Ныронг цы куыстытӕ ӕххӕстгонд ӕрцыд, уыдоны тыххӕй радзырдтой Дзӕуджыхъӕуы администрацийы сӕргълӕууӕг Милдзыхты Вячеслав ӕмӕ Горӕтгӕрон районы муниципалон сконды сӕргълӕууӕг Гаглойты Алан, стӕй ӕндӕр ведомствӕты минӕвӕрттӕ.

Бӕрнон кусджыты дзуаппытӕн хатдзӕгтӕ кӕнгӕйӕ, Сергей Меняйло бахӕс кодта, цӕмӕй, фыццаджы-фыццагдӕр, сыгъдӕггонд ӕрцӕуой, доны лӕсӕнтӕ сӕ фӕстӕ дур ӕмӕ ӕндӕр бырӕттӕ кӕм ныууагътой, уыцы уынгтӕ. Стӕй къӕпхӕнгай хъуамӕ иуварсгонд цӕуой ӕрдзон фыдбылызты ӕппӕт фӕстиуджытӕ дӕр.

— Къуырисӕры изӕрӕй хъуамӕ цӕттӕ уа, сӕ хӕдзӕрттӕ хъыгдард кӕмӕн баййӕфтой, уыцы адӕмӕн иухаттон финансон ӕххуыс бакӕныны тыххӕй уагӕвӕрды проект. Адӕмы хӕдзӕрттӕ ӕмӕ иннӕ исбонадӕн цы зиантӕ рачындӕуыд, уый хъуамӕ раиртасой сӕрмагонд муниципалон къамистӕ, — бацамыдта Сергей Меняйло.

Зӕгъын хъӕуы, Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Горӕтгӕрон районы ӕрдзон фыдбылызы фӕстиуджытӕ иуварс кӕныны фӕдыл оперативон штабтӕ дарддӕр сӕ куыст кӕй кӕнынц, уый дӕр.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here