Ног машинæтæ радтой

0
201

Адæймагмæ фыдбылыз кæцæй кæсы, уый ничи зоны. Дзусты Аслан машинæйыл фæцæйцыд йæ куысты хъуыддæгты фæдыл. Æрцыд фæндагон фыдбылыз, æрыгон лæппу уæззау цæфтæй иу рынчындонæй иннæмæ цыд, баззад инвалидæй. Стыр ныфс ын уыдысты æмæ сты йæ бинонтæ, йæ хорз æмбæлттæ.

Бирæ æнæнизтæй у цардбæллондæр, алцæмæ æнæзивæг. Ныртæккæ кусы Хæххон-металлургон техникумы ахуыргæнæгæй, ис æм хорз дыргъдон.
Асланы ныхасмæ гæсгæ, паддзахады ‘рдыгæй хорз æххуыс æнкъары. Балцæгтæ йын радтынц санаторитæм, реабилитацион центртæм. Знон та йын, Социалон фонды æххуысæй балæвар кодтой ног машинæ «Лада гранта»-йы дæгъæлтæ.
Уыцы бон ма ахæм æхсызгон лæвæрттæ райстой Ногъайты Эдуард, Вахит Оздоев æмæ Хуыриаты Мурман. Уæрæсейы Социалон фонды пенсион æмæ социалон фæдзæхстады цæгатирыстойнаг хайады разамонæг Таболты Сергей зæрдиаг арфæ ракодта ног машинæты хицæуттæн.
— Æхсызгонæй уын лæвар кæнæм ацы хæдтулгæтæ. Сымах фæзминаг стут бирæ æнæниз адæмæн, уымæн æмæ зындзинæдтæн сæттын нæ бакуымдтат, стут хъæлдзæг æмæ цардбæллон. Нæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, царды хорздзинæдтæ. Амондджын уæнт уæ фæндæгтæ кæддæриддæр, — загъта Таболы-фырт.
Куыд базыдтам, афтæмæй ныртæккæ фонды хыгъды ис 37 адæймаджы, кæцытæ хъыгдард баййæфтой куысты рæстæг, райстой сæ дæсныйадимæ баст низтæ æмæ медицинон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, машинæ кæмæн æмбæлы, ахæмтæ. Ахæм социалон æххуыс сын бирæ рогдæр кæны сæ цард.
2001 азæй нырмæ Цæгат Ирыстоны радтой 143 сæрмагонд машинæйы. Социалон фонды æххуысæй алы машинæ дæр ифтонг у, йæ хицауæн удæнцойдзинад чи хæсдзæн, ахæм техникон гæнæнтæй. Авд азы фæстæ та сæ ногтæй раивдзысты, уыимæ раздæр лæвæрд машинæ дæр йæхимæ баззайдзæн. Цыппар машинæйы иумæйаг аргъ у 4,2 милуан сомы. Уымæй уæлдай ма фонды хайад йæхимæ исы бахъуаджы рæстæг цалцæггæнæн куыстытæ дæр.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here