Артаджы-энергетикон комплексы рацарæзты æмæ æнæкъуыхцы куыстимæ баст æмбырд скодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Ныхасы архайдтой цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн, Тарифты регионалон службæйы разамонæг, Сæргълæууæджы уынаффæгæнæг Тимур Глушко, фæрæзтæдæттæг куыстуæтты разамонджытæ. Рæгъмæ рахастæуыд, фæлхасгонд фæрæзтæн фиддонты уавæр æргомæй æвдисыны фарста.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмбырды архайджыты зæрдыл куыд æрлæууын кодта, афтæмæй йæм æрæджы комкоммæ эфирмæ адæм лæвæрдтой коммуналон лæггæдтæн фиддонты фарста. Ома, тарифты бæрцыл бафтдзæн æви нæ.
Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй тынг ахсджиаг у æмбарынгæнæн куыст кæнын, фиддонфидджытæ хъуамæ зоной, 2024 азæй тарифтæ 14 поценты фылдæр кæй нæ фæуыдзысты, уый. Уыдæттæ Интернет-фæзуаты фыссынц комментатортæ. Куыд загътой, афтæмæй Уæрæсейы Хицауады, РФ-№3147-р 2023 азы 10 ноябры ист уынаффæйæ иннæ аз, Цæгат Ирыстон лæггæдтæн фиддзæн 13,7 проценты. Фæлæ уый ууыл нæ дзуры, æмæ комкоммæ уыйас бафтдзæн тарифты бæрцмæ.
Республикæйы сæрæнæй кусынц энергетикæ æмæ цæрæуатон-коммуналон хæдзарады куыстуæтты фидар экономикон рæзты программæйыл. Уæрæсейы æрмæстдæр æртæ регионы æххæст кæнынц программæ, уыдонимæ ис Цæгат Ирыстон дæр. Хъæппæрис рацыд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæ.
Уый руаджы хъавынц цæрæнуатон-коммуналон комплексы регионалон исбон æрбаиу кæнын. Уый уал бантыст доны хæдзарады. Йæ бындурыл æрбаиу сты къабазы объекттæ. «Россети»-йы раз сæ хæстæ бафыстой. Уыцы хъуыддаг дæр бантыст республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы руаджы.
Нæ уацхæссæг














