Кавказаг инвестицион равдыстмæ…

0
197

Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Новакы разамындæй уыд 2024 азы Кавказаг инвестицион форуммæ цæттæгæнæг комитеты радон æмбырд. Видеоконференцийы фæрцы цы æмбырд сарæзтæуыд, уым Цæгат Ирыстонæй архайдта республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис.

Æмбырды райдайæны Александр Новак куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй УФ-йы Президенты Указæй 2024 азы августы радон хатт арæзт æрцæудзæн Кавказаг инвестицион форум. Уыимæ, уыцы уæрæх æмбырды нысантæ зынгæ фæхъомысджындæр æмæ фæуæрæхдæр уыдзысты. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ сæйрагдæр нысан раздæрау уыдзæн ахъаз кæнын Цæгат Кавказы регионты инвестицион хъомысы æргомдзинадæн, федералон зылды социалон-экономикон дарддæры размæцыдæн уæлæмхасæн фадæттæ аразын.
Æппæт уыцы хæстыл ныридæгæн кусын райдыдта сæрмагонд хицауадон организацион комитет.
— Зындгонд куыд у, афтæмæй фыццаг Кавказаг инвестицион форум арæзт æрцыд 2023 азы уалдзæджы. Хицаудзинады оргæнты, промышленнон æмæ амалхъомадон компаниты, паддзахадон корпорацитæ æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ стыр цымыдисдзинад равдыстой форуммæ, зæрдиагæй дзы архайдтой. Форумы архайджыты нымæц уыд 3 мин адæймагæй фылдæр. Уыцы æмбырды регионты минæвæрттæ базонгæ сты кæрæдзийы фæлтæрддзинад æмæ цымыдисагдæр проекттимæ, бафыстой уæрæх экономикон æмгуыстады фæдыл бадзырдтæ… Ныр нысан æвæрд цæуы, цæмæй фидæн азы форумы архайджыты нымæц æмæ географи зынгæ фæуæрæхдæр уа, — бафиппайдта Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг.
Видеоконференцийы раныхас кодтой Уæрæсейы экономикон рæзты министр Максим Решетников, иннæ федералон министрадтæ æмæ ведомствæты минæвæрттæ. Форуммæ цæттæ кæныны фарстаты фæдыл сæйраг доклад скодта УФ-йы экономикон рæзты министры хæдивæг Сергей Назаров. Министры хæдивæджы ныхасмæ гæсгæ, фидæн азы экономикон равдысты сæйрагдæр темæ суыдзæн «Стыр Кавказ — иу денджызæй иннæ денджызмæ». Ома, Уæрæсейы Хуссары регионты дарддæры экономикон æмархайд фидардæр кæныныл, ахсджиаг иумæйаг инвестицион проекттæ царды уадзыныл куыст.
— Форумы программæйы сæрмагонд бынат бацахсдзысты промышленносты, агропромышленнон комплексы, транспортон инфраструктурæйы, мидбæстон туризмы, энергетикæ æмæ иннæ къабæзты дарддæры райрæзты фарстатæ. Æппæт уыцы къабæзтыл æрæнцайдзысты Цæгат Кавказы федералон зылды регионты рæзты пълантæ, — загъта Сергей Назаров.
Цæттæгæнæг иннæ комитеты уæнгтæ дæр бахастой бæлвырд фæндæттæ æмæ фиппаинæгтæ. Сæ хъуыдытæ загътой регионты хицаудзинады оргæнты бæрнон кусджытæ дæр. Уыцы фарстатæ ныр бæлвырдгонд цæудзысты цæттæгæнæн комитеты иннæ æмбырдты.
Æмбырды фæстæ Дзанайты Барис Хицауады уæнгтæн бæлвырд амынддзинæдтæ радта Кавказаг инвестицион форуммæ аккаг хуызы бацæттæ кæныны фæдыл.
— Кавказаг инвестицион форумы фадæттæй уæрæх спайда кæнын хъæуы, цæмæй ирдæй равдисæм Цæгат Ирыстоны инвестицион хъомыс. Республикæ кусы ахсджиаг агропромышленнон, амалхъомадон, туристон проекттыл. Æмæ цæмæй уыцы программæтæ ахадгæдæр хуызы æххæстгонд цæуой, уый тыххæй фылдæр инвесторты æргом раздахын хъæуы республикæмæ, — фæнысан кодта Дзанайы-фырт.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here