Цхинвалы «Цæгатаг» микрорайоны байгом кодтой ног хид. Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан арæзтад æмæ фæндæгты эксплуатацийы комитеты минæвæрттимæ бабæрæг кодтой фæндаджы æмæ хиды арæзтад, федтой куыстыты хæрзхъæддзинад.
Комитеты сæрдар Гæбæраты Алан куыд радзырдта, афтæмæй хиды арæзтад бацахста цыппар мæйы. Кæд сæ зæрды дыууæ мæйы бакусын уыд, уæддæр. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй сæ бахъуыд дыууæ метры бæрц арф ныкъкъахын. «Ам уыд æцæг цъымара, уымæ гæсгæ дзы арæзтадон æрмæг æркæнæн нæ уыд. Бахъуыд нæ хуыр æмæ дзæххор ныккæнын цалдæр фæлтæры. Уый фæстæ йæ ралæгъз кодтам æмæ йыл бетон сæвæрдтам. Науæд асфальт бынмæ ныккалдаид. Ныр фæндаджы фидардзинадыл æууæндæм», — загъта Гæбæрайы-фырт.
Фæндаджы ног хайы дæргъ у 550 метры, хиды уæрх — 12 метры, фæндаджы уæрх — 8 метры. Паддзахады разамонæг разыйæ баззад куыстытæй, чидæриддæр дзы архайдта, уыдонæн бузныг загъта. Фæндаггонты æдасдзинады тыххæй бафæдзæхста рухсытæ сæвæрын. Ацы хидæн уыд цавæрдæр æнахуыр сконд, йæ уæрх, трассæйы фæзилæн раст нæ уыдысты. Шофыр нæ уыдта йæ ныхмæ змæлæг машинæйы æмæ арæх аваритæ кодтой.
Апрелы Президенты уынаффæйæ ног хиды арæзтадмæ бавнæлдтой. Фæндаджы ног хай æмæ ног хид сарæзтой Президенты æххуысæй æмæ республикæйы мидæггаг бюджеты фæрцы.
Нæ уацхæссæг














