Фондз азы размæ Епархийæн Олгинскæйы астæу кувæндон саразынæн зæххы сыгъдæггонд хай радих кодтой.
Ам арæзтадон куыстытæм кæй нæ бавнæлдтой æмæ зæхх гæныстон кæнын кæй райдыдта, уыдæттæ нымайгæйæ, иу-цасдæр рæстæджы фæстæ хъæуы хицауад рахастой амынд ран сывæллæтты рæвдауæндон саразыны уынаффæ. Фæлæ Епархи хъаст кæнын кæй райдыдта, уымæ гæсгæ рæвдауæндоны арæзтад фæкъуыхцы. «Сапа» куыд фехъусын кодта, афтæмæй дыууæ азы дæргъы Епархи æмæ районы ахуырады управлени ныхас кодтой.
— Епархи нын хъæуы астæу уæвæг зæххы хай радтыныл нæ разы кодта. Кæй зæгъын æй хъæуы, Олгинскæйы кæрон искæцы ран рæвдауæндон рагæй сарæзтаиккам, фæлæ адæмæн хъæуы иу кæронæй иннæмæ сывæллæттимæ цæуын æнцон кæй нæ уыдаид, уый нымайгæйæ, сыгъдæггонд зæххы хайыл рæвдауæндон саразыны уынаффæ рахастам, — зæгъы ахуырады управленийы минæвар.
Ацы аз Цæгат Ирыстоны разамынд дæр Епархийы æмæ Олгинскæйы администрацийы ‘хсæн ныхасы архайын куы райдыдта, уæд зæххы хай сывæллæтты рæвдауæндоны арæзтадæн радтой.
— Епархийæн зæххы хай æндæр ран ратдзысты. Сæдæ ссæдз сывæллонæн бынæттæ кæм уыдзæн, ныртæккæ ахæм рæвдауæндоны проект цæттæ кæнæм. Иннæ аз объекты арæзтадмæ бавналдзыстæм, — загъта амынд управленийы кусæг.
Ныртæккæ Олгинскæйы рæвдауæндон кæм ис, уыцы бæстыхайыл цæуы сæдæ азæй фылдæр. Рæвдауæндон цалдæр хатты сцалцæг кодтой, фæлæ ног бæстыхай саразын æмбæлы.
Гугкаты Жаннæ














