Пайдайаг ныхас — Мæскуыйы

0
190

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыд Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Беларусы Æнæнхъæлæджы æмæ Æххæстбарджын минæвар Дмитрий Крутойимё. Æрныхас кодтой социалон-экономикон къабазы æмгуыстады тыххæй.


 Фембæлд арæзт æрцыд æхсæнадон равдыст-форум «Уæрæсе»-йы фæзуаты.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм: æхсæнадон равдыст-форум «Уæрæсе» цæуы Мæскуыйы Æппæтуæрæсеон Адæмон Хæдзарады Æнтыстдзинæдты Равдысты (ВДНХ) фæзуаты, кусын райдыдта 2023 азы 4 ноябры, æхгæд æрцæудзæн 2024 азы 12 апрелы.
Форум сарæзтой Уæрæсейы Президент Владимир Путины фæндонмæ гæсгæ æмæ зонгæ кæны нæ бæстæйы цæрджытæ æмæ уазджыты УФ-йы 89 субъектты сæйраг æнтыстдзинæдтимæ. Йæ сæйраг нысантæй иу — фæсивæдæн æппæт егъау Уæрæсе равдисын æмæ сæм сæрыстырдзинад сæвзæрын кæнын, рæзгæ фæлтæры самидин кæнын ахуыры æмæ куысты ног бæрзæндтæм хизынмæ.
Равдыст-форумы архайынц Уæрæсейы Федерацийы æппæт субъекттæ дæр, федералон паддзахадон æххæстгæнæг оргæнтæ, егъаудæр корпорацитæ, æхсæнадон организацитæ æмæ фæсарæйнаг бæстæтæ.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here