РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МенЯйло бабæрæг кодта, арæзтадон куыстыты фæстæ чи байгом, Заводы поселочы уыцы 181-æм рæвдауæндон. Объект арæзт æрцыд национ проект «Демографи» æмæ паддзахадон программæ «Ахуырады рæзт»-ы фæлгæты.
Сергей Меняйло Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ æмæ ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæимæ лæмбынæг æркастысты, эксплуатацимæ кæй райстой, уыцы объект — республикæйы разамонæджы фæндонмæ гæсгæ йæ кадджын уавæры нæ байгом кодтой, фыццаг бон йæ куыст райдыдта æрвылбоны фæткмæ гæсгæ.
Уагдоны ис 280 бынаты. Ныртæккæ йæм исынц сабиты — абоны онг уал дзы ис 33 сывæллоны. Ног дыууæуæладзыгон агъуысты сарæзтой æппæт хæрзвадæттæ сабиты алывæрсыг рæзтæн: стыр спортивон зал, музыкæйæн — стыр хатæн, уæрæх хæринаггæнæн,15 къорды, уыдонимæ — хæрзгыццыл сывæллæттæн дæр. Æмæ сæйрагдæр, æнæнхъæлæджы лæвар сабитæн — ленкгæнæн хинайæн.
Рæвдауæндоны кæрты — спортивон ифтонггæрзтæ, сарæзтой дзы хъазæн фæзуат херыимæ.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы зæрдæмæ тынг фæцыд æмæ стыр аргъ скодта рæвдауæндоны рекреацион зонæйы арæзт национ къуымæн — ам æрæмбырд кодтой ирон цардыуаджы хъæугæ дзаумæттæ æмæ адæмон музыкалон инструменттæ. Ахуырадон уагдоны разамонджыты зæрды ис ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад æвдисæг тематикон къуым саразын.
Сергей Меняйло загъта, алы рæвдауæндоны дæр сæйрагдæр кæй у аив, зæрдæмæдзæугæ уавæртæ саразын, цæст кæмæ райы æмæ хъомылгæнинæгтæн æхсызгон чи у, ахæм цæстуынгæ æрмæгæй йæ сфæлындын. Уымæ гæсгæ бауайдзæф кодта республикæйы Бындурон арæзтады управленийæн — рæвдауæндоны тыргъты хъуамæ гом къултæ ма уа, ууыл ахъуыды кæнын хъуыди, агъуысты мидæг ма куыстытæ куы цыди, уæд. Ахуырад æмæ наукæйы министрадæн фæдзæхст æрцыд аивæдты ахуырадон уагдæтты студенттæн — фидæны нывгæнджытæн бабар кæнын, цæмæй феххуыс кæной рекреацион къуым саив кæнынмæ.
— Сывæллæттæ рæвдауæндоны сæ фылдæр рæстæг æрвитынц, уыдонæн уый сæ дыккаг хæдзар у, уымæ гæсгæ сын саразын хъæуы æнцойуат, зæрдæмæдзæугæ уавæртæ. Уыимæ, рох кæнын нæ хъæуы уагдоны хъомыладон æмæ ахуырадон хæстæ дæр. Уыцы дыууæ хъуыддаджы баиу кæнын æмбæлы, рæвдауæндоны агъуысты хатæнты Нарты кадджытæ æмæ ирон-уырыссаг аргъæутты сюжеттæй саив кæнын, ныффыссын сыл иронау æмæ уырыссагау. Сабитæ фылдæр ахуыр кæнынц хъазты хуызы, уымæ гæсгæ сын ахуыр æмæ хъомыладæн хъæугæ мадзæлттæ æмæ уавæртæ саразын хъæуы, — фæбæрæг кодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.
Ирон культурон бынтæ бахъахъхъæныны темæ адарддæр кæнгæйæ, Сергей Меняйло бахæс кодта министр Алыбегты Эллæйæн рæвдауæндæттæм практикæйы рæстæг хонын студенттæ хореографион ахуырадон уагдæттæй, цæмæй сывæллæтты кафыныл ахуыр кæной. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ.
Гапбаты Алетæ














