Зындгонд куыд у, афтæмæй æрæджы нæ газеты шеф-редактор — поэт, публицист æмæ æхсæнадон архайæг Касаты Батрадзæн йæ равзæрст уацмысты чиныг «Уды дзæнгæрджытæ»-йы тыххæй лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреаты ном «Литературæйы къабазы». Куыд паддзахадон къамисы уæнг, афтæ мын раздæр фадат нæ уыд мæ хъуыдытæ зæгъынмæ. Фæлæ ныр баххæст кæнынмæ хъавын уыцы къахыр. Æмæ йын йæ хуыздæр æмдзæвгæтæй иу — «Кæйдæртау æз уæлбæх цардæй нæ цæрын»-ы фæдыл уæ тæрхонмæ хæссын мæ развæлгъау хатдзæгтæ.
Кæйдæртау æз уæлбæх цардæй нæ цæрын,
Мæ хъуыддæгтæ нымæт ехсæй нæ рæзынц,
Мæ фæндæгтыл мын байтауынц хæрæгсындз,
Уæддæр мæ уд мысайнагæн æвæрын.
Куы сфæлмæцын мæ цард æмæ мæ рардæй,
Ыстыхсын æз, куы нæ мæ ‘мбарынц, уæд.
Ныссуйтæ кæнынц, амарынц мæ фæнд,
Фæлæ та рухс тых раивылы дардæй.
Сыгъдоны норст цæхæр æвзаргæ,
Цæуын куыстдзагъд лæгау рыстæй.
Мæн тоны сайды тых рæстæй,
Уæддæр та алæгæрдын заргæ.
Кæйдæртау æз уæлбæх цардæй нæ цæрын,
Мæ хъуыддæгтæ нымæт ехсæй нæ рæзынц,
Мæ фæндæгтыл мын байтауынц хæрæгсындз,
Уæддæр мæ уд мысайнагæн æвæрын.
Ацы уацæн сæргонд чи сси («Мæ уд мысайнагæн æвæрын…»), уыцы рæнхъ ист у Касаты Батрадзы æнæном æмдзæвгæ «Кæйдæртау æз уæлбæх цардæй нæ цæрын»-æй. Поэты уацмысы сæйраг хъуыды дзы æвæрд æрцыд æххæстæй. Уыимæ, кæсджытæ афтæ дæр фæзæгъынц, кæд, дам, адæмон æмбисондæй ист у. Суанг ма мæн дæр сдызæрдыг кодтой: æмбисæндты цалдæр æмбырдгондмæ лæмбынæг æркастæн, фæлæ дзы ахæмæй ницы ссардтон. Æмæ, æвæццæгæн, авторæн уымæй хуыздæр бузныгады ныхас зын ссарæн у. Æнæном æмдзæвгæ кæд фыст æрцыд, уый тексты бынмæ нысангонд нæу, мыхуыргонд та æрцыд чиныг «Удцырагъ»-ы фæрстыл 2008 азы. Фæлæ фыццаг бакастæй адæймаджы зæрдæйы æхсæн тыхджын æнкъарæнтæ сæвзæрын кæны, цыма æнусы размæ фыст æрцыд, раст уый хуызæн. Мæнмæ гæсгæ, Батрадзы æмдзæвгæтæ чиныгкæсджытæй куы ферох уой, уæддæр ацы æмдзæвгæйы хъуыдыйæн йæ сатæг азæлд никуы фесæфдзæн рæстæджы тыгъдады. Национ литературон процессы Касайы-фырт йæ фæлтæры æхсæн нымад цæуы хæрзæгъдауджын поэтыл. Уымæн æмæ у, уыцы иу рæстæг, ныхас æмæ хъуыддаджы æмиуад кæй удыл атылд, ахæм адæймаг. Хистæр кары фысджытæ дæр ууыл разы сты, фæлæ ма йæм бафтауынц: æвдай азмæ æгæр чысыл ныффыста. Кæмдæр раст сты, кæмдæр та — нæ! Уымæн æмæ Георгийы фыртæн, æмдзæвгæ фысгæ, йемæ æмдзу кæны цæрæццаг хъуыды æмæ йын йæ уацмыстæ афтæ нывæнды, цыма сæ йæ фæстаг чиныгмæ хæссынвæнд кæны, уыйау.
Ныхас дæр ыл нæй: ахæм зæрдæйыуагыл фыссын сæ бон у æвзæрст стихамайджытæн. Гъе уымæ гæсгæ нæ хæдбындур автор кæд бирæ нæ фыссы, уæддæр æй йæ рæнхъыты тыххæй æфсæрмы кæнын никуы бахъуыд. Æмæ æдзух дæр иузæрдион у йæ уазнысан хъуыдыйæн: «Мæ уд мысайнагæн æвæрын…» Уымæн æмæ уый «кæйдæртау уæлбæх цардæй нæ цæры, / Йæ хъуыддæгтæ нымæт ехсæй нæ рæзынц, / Йæ фæндæгтыл ын байтауынц хæрæгсындз, / Уæддæр йæ уд мысайнагæн æвæры». Ацы скъуыддзаджы алы мырæй дæр Батрадзæн, куыд Ирыстоны иузæрдион хъæбулæн, йæ бон æндæр хуызы цæрын нæу. Чиныгкæсæг дæр авторы фæстæ ахизы ацы æнкъарæнты фæрсудзæнтыл, æмæ йæ ноджы тынгдæр бауырны: ирон лæгæй, ирон поэтæй лæгдзинады, нывондады кой чи кæны, уымæн йæ рæнхъытæ дæр, æнæмæнг, баст сты Фыдызæххы ахсджиагдæр фарстытимæ. Касаты лæппуимæ иунæг хатт зæрдæйæ-зæрдæмæ чи аныхас кæна, уый дæр ацы хатдзæгыл дыууæ нал зæгъдзæн. Æз Батрадзимæ базонгæ дæн ивгъуыд æнусы æстайæм азты. Уæдæй нырмæ Терчы уылæнтæ бирæ дон ахастой Хъаспы денджызмæ, фæлæ нæ аивта мæ хъуыды «Удцырагъ»-ы авторы тыххæй.
Батрадз — хуымæтæг адæймаг, радио, телеуынынад, «Рæстдзинад»-ы уацхæссæг, республикæйы Парламенты бæрнон кусæг — алыран дæр уыдис иугъæдон, хæдæфсарм æмæ æууæнкджын. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм поэты уацмыстæ æвзарын цыфæнды иртасæгæн дæр банымайæн ис йæ ахсджиаг хæсыл. Ацы æмдзæвгæйы дæр адæймаг хуымæтæджы не ‘мбæлы, удмæ хæстæг чи лæууы, ахæм раззонд сагъæстыл. Æмæ ахæм чиныгкæсджытæ Ирыстоны чысыл нæй. Батрадзæн йæхи чиныгкæсæг кæй ис, уый абон не сбæрæг. Алы фæлтæры дæр, æнæмæнгæй, разындзæн, уæлгинскæйаг лæппу æхцонад кæмæн хæссы, ахæм зæрдæтæ. Уыдонæн хæссы курдиатджын автор «йæ уд мысайнагæн». Уыцы иу рæстæг йе ‘мдзæвгæйы бæрзонд хъуыды «кæйдæртæн» зæлы ныстуаны хуызæн:
Куы сфæлмæцын мæ цард æмæ мæ рардæй,
Ыстыхсын æз, куы нæ мæ ‘мбарынц, уæд.
Ныссуйтæ кæнынц, амарынц мæ фæнд,
Фæлæ та рухс тых раивылы дардæй.
Цард куыд равдыста, уымæ гæсгæ поэт раст уыдис, æмæ ныр къорд азы фæстæ йæ ныхæстæ зæлынц ноджы уырнинагдæрæй. Абон нæ царды æцæгдзинады бирæ ивддзинæдтæ æрцыдис (барады, базарады, æхсæндзарды, цардарæзты), фæлæ уымæй нæ иубæстонты уавæр нæ фæхуыздæр. Ног ирæттæ раздæр партийы бодзты раз сæрныллæгæй лæууыдысты, ныр та — аргъуанты сауджынты уæлхъус сойын цырæгътимæ, цæмæй сын сæ «тæригъæдтæ» сисой, уый тыххæй. Бæргæ, тæригъæдтæ афтæ «исгæ» куы уаиккой, уæд зæххыл иууылдæр Хуыцаусконд адæм цæриккой. Фæлæ цард бирæ вазыгджындæр у бæллынады сæнттæй. Поэты къухы æнтыстытæ кæй æфты, уый иутæн æнцонад хæссы, иннæтæн та — æппæрццæг æнкъарынад. Лирикон хъайтар куы «сфæлмæцы йæ цард æмæ йæ рардæй», куы стыхсы, чи йæ не ‘мбары, йæ «фæнд ын чи суйтæ кæны æмæ мары», саузæрдæты ахастæй, рохсты уавæры куы бахауы, уæд æм æххуысмæ «рухс тых раивылы дардæй».
«Рухс тых» — рæстдзинад — æнæрлæугæ хæссы цардхъомыс поэты удварны тыгъдадмæ. Æмæ дзы уæлтæмæнады норст цæхæр куы сфæйлауы, уæд поэт-лирикон хъайтар йæхицæн бынат нал фæары — æмдзæвгæйы мидис ыл фæтых вæййы. Сæрнывондад Касайы-фырты уацмысæн хæссы рæстæджы арæнты сæрты хизыны хъомыс. Гъе уымæ гæсгæ йæ поэтикон сфæлдыстад цæхгæр хицæн кæны йе ‘мсис цахъхъæнты фæлтæрддзинадæй. Поэт «йæ уд мысайнагæн кæй æвæры», уый схонæн ис бæрзонд куывд ирон лæджы сæрвæлтау. Батрадз-поэт æмæ Батрадз-адæймаджы æхсæн цы арæн ис, уым мах ссарæм йе сфæлдыстады ахадындзинады райдиан: реалон рæстæгæй гуыры реалон сфæлдыстад. Цалынмæ стихамайæг чиныгкæсæгимæ ныхас кæнын фæраза, уæдмæ дзы уæлмонц тæлмæнтæ нæ фæхицæн уыдзысты. Поэт хъуамæ фыдызæхх уарза канд бæрæгбоны фынгыл нæ, фæлæ цард æмæ мæлæты æхсæн дæр:
Сыгъдоны норст цæхæр æвзаргæ,
Цæуын куыстдзагъд лæгау рыстæй.
Мæн тоны сайды тых рæстæй,
Уæддæр та алæгæрдын заргæ.
Æрхаст рæнхъыты нæ цæст æрхæцы дыууæ дзырдбастыл: «норст цæхæр» (фыццаг рæнхъы) æмæ «сайды тых»-ыл (æртыккаг рæнхъы). Раст у поэт: æмдзæвгæйæ уды хъарм куы нæ цæуа, уæд йæ узæлд зæрдæмæ нæ хæццæ кæны. Удварны хъуырдухæнты чи райгуыра, уый, æнæмæнг, араст вæййы уазнысан агурæг. Йæ размæ хæдæгъдауæй сысты æвзарыны фæндаг. Фæлæ цалынмæ ууыл нæ ныхас нæма райдыдта, уæдмæ уал зæгъæм «норст цæхæры» тыххæй. Уый у вазыгджын æмæ уагæвæрдон метафорæ (ацы аивадон мадзалæй автор арæх пайда кæны, фæлæ йын æппæты ирддæрæй йæхи базонын кодта ацы уацмысы). Реалон æмæ уазнысанон уавæры æхсæн бацæугæйæ, сурæты ранывæст æрдзон хуызы схизы цæстуынгæ æмвæзадмæ. Стæй «куыстдзагъд лæг» рыстæй кæд тарст?! Уый афтæ у, фæлæ йын «сайды тых» (дыккаг метафорæ) æнцойад нæ дæтты — æнæвгъау æй «тоны рæстæй». Зæххон удыхъæд æмæ йæ удылхæцæджы æхсæн дæр, æвæццæгæн, цыдæр æрвон бастдзинад ис. Æмæ йын уый йæ цардхъомысы тыхты сысын нæ уадзы, æндæр ма размæ куыд «алæгæрды заргæ». Ам, мæнмæ гæсгæ, бацамонын хъæуы, поэт-лирикон хъайтары зондахасты, йæ дунеæмбарынады «фаззон уынынад» кæй цæры, уый. Ардыгæй райдайы йæ рахиз-бахиз æрвылбоны цардæй æрвон дунемæ. Æнусон æмбарынады хæстæгдзинад авторæн фадат дæтты адæймаджы уæвынад дыууæ хуызы æвдисынмæ: иуæрдыгæй мах уынæм ныхмæвæрд, фæлæ рæстдзæвин уæвынад, иннæрдыгæй та — æлвæст хатдзæгты афæлгæст, кæронбæттæн хъуыдыйы арæн. Сæрмагондæй йæ бацамонæм: нæ абоны поэттæй алкæйы бон нæу «дывæргонд» дунеæнкъарынадæй цард æвдисын, уыимæ афтæ цымыдисагæй:
Кæйдæртау æз уæлбæх цардæй нæ цæрын,
Мæ хъуыддæгтæ нымæт ехсæй нæ рæзынц,
Мæ фæндæгтыл мын байтауынц хæрæгсындз,
Уæддæр мæ уд мысайнагæн æвæрын.
Ахæм поэтикон уынынад авторæн фадат дæтты йæ зæххон хъизæмарæн бæрзонд хъуыды дæттынмæ. Чырыстиау «йæ уд мысайнагæн кæй æвæры», уый йын æххæстæй æвдисы, йæ сæрнывонд зæрдæйæ кæй цæуы, уыцы рæстдзинад. Æрмæстдæр уый фæрцы бантыст йæ къухы сыгъдæг уды уазнысан сбæрзонд кæнын. Ацы æмдзæвгæ куыд равдыста, уымæ гæсгæ йæ фæндыр — йæ музæйы азæлд — цæуы адæмы зæрдæйæ æмæ æрдзон хуызы дзыллæйы удыскондмæ дæр уымæн æрыздæхы. Уый у поэты монон цæстæнгас сæрнывондæн иумæйаг хорздзинады тыххæй. Йæ лирикон хъайтар, стæй, цы уазнысанмæ тырны, уыдон гуырынц монады суадонæй. Уый уымæн афтæ рауайы, æмæ Касайы-фыртæн ис йæхи дин, æууæнк, цард æмæ дунейы æмбарынад. Уый та нысан кæны, йæхæдæг дæр романтикон æмæ æцæг поэт кæй у, уыцы æцæгдзинад. Æцæг нывгæнæг уæвгæйæ, Батрадз нывæнды, ныхасы рæстдзинадæн удæй чи лæггад кæны, ахæм æцæг ироны сурæт.
Хозиты Барис














