Ивгъуыд аз Цæгат Ирыстон федералон бюджетæй райста Уæрæсейы Федерацийы субъекттæй æппæты фылдæр фæрæзтæ агротуризмы проекттæ царды рауадзынæн — 83,5 милуан сомы. Фараст проекты æххæстгонд æрцæудзысты уыцы гранттæ æмæ республикæйы фæрæзты æххуысæй.
РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис гранттæ райсæг амалхъомтæн сарæзта æмбырд æмæ сын сæ размæ сæвæрдта бæрæггонд æмгъуыдтæм проекттыл лæмбынæг бакусыны æмæ сæ республикæйы туристон маршруттыл бафтауыны хæс.
Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан куыд фехъусын кодта, афтæмæй, федералон æмвæзады конкурсы нæ республикæйæ равзæрстой фараст проекты. Ныртæккæ сыл куыст цæуы, паддзахадон фæрæзтæ та амалхъомтæн сæ проекттæ фæхъомысджындæр кæнынæн феххуыс уыдзысты.
Хæууон туризмы райрæзты проект «Хæххон панорамæ»-йы бындурыл Дзуарыхъæуы хъуамæ саразой æртæ коттеджы æмæ сæм хъæугæ коммуникацитæ бауадзой, сæ алфамбылай фæзуат сын банывыл кæндзысты. Сæ фарсмæ ма ноджы царды уагъд цæуы проект «Альпаг панорамæ», уым дæр аразынц туристтæн бынæттæ, æмæ сын хъуамæ балхæной туристон ифтонггæрзтæ.
Гранттæисджытæй иу у агропромышленнон холдинг «Мастер-прайм. Березка». Уый дæр Дзуарыхъæуы æххæст кæны хъæууонхæдзарадон туризмы рæзты проект «Ирыстоны зæхх». Комплексы фæзуаты ныридæгæн сарæзтой фысымуат, уæйгæнæн фæз, продукттæй саходыны зал, стæй аныхас кæныны бынат. Федералон гранты руаджы ма ам сараздзысты иу фысымуат, æмæ дзы туристтæн амондзысты цыхт ахсын.
Кировы районы Кæрдзыны хъæуы та амалхъом æххæст кæны проект «Ирдхуыз балер», уыдзæн дзы цалдæр чысыл агъуысты, арæзт донуаты был дзы уыдзæн фадæттæ фæллад суадзын æмæ кæсаг ахсынæн.
Туристтæн фысымуæттæ саразыны проекттæ рæвдз кæнынц Алагиры районы Бæрзыхъæу, Лæц, Дæллаг Уыналы, Кировы районы — Ставд-Дурты, Æрæфы районы — Стыр Дыгуры хъæуы.
Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй агротуризмæн Цæгат Ирыстоны хорз фидæн ис, æмæ бæлвырд хæстæ сæвæрдта, цæмæй ацы проекттæ царды рауадзой.
Гапбаты Алетæ














