Нымадæй ма цалдæр боны баззад уалдзæджы ралæудмæ. Цæттæ йæм кæнынц зæхкусджытæ дæр: артаг, сæрдæн æрмæг, хъацæнтæ афоныл самал кæнынмæ тырнынц Мæздæджы районы хæдзарæдтæ.
Цас сæ бахъæудзæн, уый рагагъоммæ сбæрæг кодтой, хæрдзты бæрц рагацау зын банымайæн у, йæ аххосаг — æргъты уæлæмæцыд. Районы Хъæууон хæдзарады управленийы хицау Æлхъацаты Зауыр «Рæстдзинад»-ы уацхæссæгæн радзырдта: «Зæхкусджытæ цы ауæй кæнынц, уымæй балхæнынц æппæт дæр — мæргтæ æмæ мыстыты хосы онг. Ныридæгæн цас хъæуы, уымæй уал бантыст йæ 50 проценты самал кæнын артаг, сæрдæн æрмæг, минералон хъацæнтæ æмæ гербицидтæ. Мæрмæ бахастой хъацæнтæ, быдырты бапырх кодтой мыстыты хос. Районы хæдзарæдтæ байтыдтой 45 мин гектармæ ‘ввахс фæззыгæндтæ — мæнæу æмæ хъæбæрхор, стæй рапс».
Мæздæджы зæххытæ æнæ донхорыгæй хорз тыллæг нæ ратдзысты. Уымæ гæсгæ, архайынц зæххыты фæзуатыл донпырхгæнæнтæ æвæрыныл. Азæй-азмæ сыл æфты 700-800 гектары. Иу уыйбæрц ма фæфылдæр уыдзысты ацы аз. Ныр та уал бæрæггонд цæуынц, кæцы хæдзарæдты æвæрд цæудзысты, стæй цас уыдзæн сæ фæзуат. Сæ нысантæ къухы куы бафтой, уæд районы донхорыггонд зæххытæ уыдзæн авд мин æмæ ‘рдæг гектарæй уæлæмæ. Ныридæгæн ныхас кæнынц Тольятти æмæ Ростовы горæтты ацы къабазы кусджытимæ донпырхгæнæнтæ сласыны æмæ сæ сæвæрыны охыл.
Æнхъæлмæ кæсынц, Мæздæджы чысыл æхсыры заводы арæзтады фæудмæ, ныридæгæн йæ цæттæдзинад у 90 проценты. Йæ хъомыс уыдзæн бонмæ дæс тоннæйы æхсыр бакусын, уадзгæ та дзы кæндзысты æхсыр, цыхт æмæ æхсырысæртæ.
Ивгъуыд аз хорз рауадысты районы сæнæфсиры куыстгæнæг хæдзарад «Витязь-Алания»-йы хъуыддæгтæ. Сæнæфсирдоны фæзуат 109 гектары у, æппæт куыстытæ дæр автоматизацийы уагыл конд цæуынц. Иннæ хæдзарад — «Виноградарь Кавказа». Ацы аз ныссадздзæн 400 гектары сæнæфсиры талатæ, куыстытæм бавналдзысты, куыддæр уалдзæг йæ бартæ йæхимæ райса æмæ фæбонтæ кæна, афтæ. Уæвгæ та, нысан кæнынц, сæ сæнæфсирдæтты фæзуат 2500 гектармæ сисын. Тыллæг æрвитдзысты Дагестаны сæнæфсиры куыстгæнæг заводтæм.
Хуыбиаты Ларисæ














