Уды дзæнгæрджытæ — царды æмбæлццæттæ

0
208

Ивгъуыд къуыри Олгинскæйы Культурæйы хæдзары чиныгдоны сæргълæууæг Гæздæнты Дзерассæйы хъæппæрисæй арæзт æрцыд сфæлдыстадон фембæлд сæ хъæуккаг поэттæ Хадыхъаты Фатимæ æмæ Касаты Батрадзимæ. Культурæйы артдзæсты фойейы равæрдтой авторты цард æмæ сфæлдыстадыл дзурæг фæрæзтæ, сæ уацмысты æмбырдгæндтæ.

Хъæуы цæрджытæй уæлдай фембæлдмæ æрбацыдысты Рахизфарсы районы Центрон библиотекæйы директор Кодзырты Светланæ, æппæт хъæуты библиотекæты сæргълæуджытæ дæр.
Хъæуы скъолайы ахуырдзаутæ сæ ахуыргæнæг Джелыты Фатимæйы разамындæй бацæттæ кодтой поэтикон композици Хадыхъаты Фатимæ æмæ Касаты Батрадзы уацмыстæм гæсгæ, зæрдывæрдæй сын кастысты се ‘мдзæвгæтæ. Сфæлдыстадон фембæлд барæсугъд кодтой сæ арæхстджын фæндырдзагъд æмæ Батрадзы ныхæстыл зарджытæй Тарханаты Маринæ, Дзулаты Зæринæ æмæ Кæлуты Людмилæ.
Сфæлдыстадон фембæлды зæрдæты рухс фæд ныууагъта Кæлуты Людмилæйы дала фæндырты ансамбль «Иры зæлтæ». Ацы ансамблы зынаргъ дала фæндыртæ Культурæйы хæдзарæн балæвар кодта сæ хъæуккаг, гом акционерон æхсæнад «Кавказцветметпроект»-ы генералон директор Дзгойты Æхсарбеджы хъæппæрисæй хæдзарады разамонæг Дзгойты Дмитри. Дзгойты Æхсарбег ма библиотекæйæн балæвар кодта зынаргъ чингуытæ дæр.
Поэтты цард æмæ сфæлдыстады тыххæй бæстонæй радзырдта филологон наукæты кандидат, Уæрæсейы Фысджыты цæдисы уæнг, литературæиртасæг, Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы ног сæрдар Хозиты Барис. Поэзийы бæрæгбонмæ сыгъдæгзæрдæ арфæтимæ æрбацыд Уæрæсейы Фысджыты цæдисы уæнг, поэт Бызыккаты Земфирæ.
Сфæлдыстадон фембæлдмæ дзагармæй, поэттæн лæвæрттæ æмæ журнал «Мах дуг»-ы парахатгæнджытæ Алыккаты Ларисæ æмæ Кæлуты Людмилæйæн журналы Кады грамотæтæ æрбахастой йæ сæйраг редактор Хетæгкаты-Уаниты Оксанæ, йæ хæдивæг Къелойты Альбинæ æмæ Æлборты Дианæ. Хъæубæстæ ирон мыхуыры фæрæзтæм стыр æргом кæй здахынц, ирон культурæ æмæ аивады рæзтыл кæй архайынц, уый тыххæй зæрдиаг арфæты фæстæ Культурæйы артдзæстæн дæр радтой зæрдылдарæн лæвар.
Сфæлдыстадон фембæлд саразджытæ æмæ уазджытæн зæрдаиг арфæты фæстæ поэттæ бакастысты сæ ног æмдзæвгæтæ. Кæронбæттæны хъæуы хистæрты советы сæрдар, журнал «Мах дуг»-ы иузæрдион хæлар æмæ кæсæг Ахъиты Албег зæрдæбынæй раарфæ кодта йæ кусджытæ æмæ уазджытæн. Стæй, Олгинскæйы фыдæлтæй куыд баззад, уымæ гæсгæ уазджыты ахуыдтой цæхх æмæ кæрдзынæй саходынмæ. Уазджытæ æмæ фысымтæ изæрдалынгтæм фæндырдзагъд æмæ зарджытимæ дарддæр ахæццæ кодтой сæ бæрæгбон.

Бæцæзаты Индирæ,
Олгинскæйы адæмон театры режиссер

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here