Ивгъуыд къуыри зыдгонд советон хоккеист, дуне æмæ Олимпиаг хъæзтыты чемпион, ССР Цæдисы спорты сгуыхт мастер Вячеслав Анисин Мæскуыйæ Ирыстонмæ сласта хоккейæ Юрий Гагарины номыл Кубок, кæцы арæзт æрцыд акционерон æхсæнад «Ростелеком»-ы хъæппæрисæй. Йæ нысан та у — хоккейæ хъазынмæ нæ бæстæйы алы кары цæрджыты разæнгард кæнынæн.
Гагарины Кубочы кадæн Дзæуджыхъæуы Ихын галуаны арæзт æрцыд спорты зымæгон хуызты бæрæгбон. Уым æрыгон спортсментæ сæ арæхст- дзинад æвдыстой ихыл бырынæй, хоккейæ, къахдзоныгътыл аив бырынæй. Вячеслав Анисин зымæгон спорты хуызты скъолайы æвзонг хъомылгæнинæгтæн равдыста йæ дæсныйад. Зæрдиагæй сын амыдта хоккейы алыхуызон фæзылдтытæ.
Юрий Гагарины Кубочы номыл Ихын галуаны арæзт æрцыд спортуарзджыты командæты турнир хоккейæ.
Ацы ерысты архайдтой: Волгоград, Астрахан, Стъарапол æмæ РЦИ-Аланийы спортуарзджыты командæтæ.
Ирыстойнæгты командæ «Алани»-йæн йæ фыццаг фембæлд уыд Стъараполы командæ «Титан»-имæ. Сæ фембæлд цыди æмдыхæй. Хыгъд 2:2 куы уыди, уæд алайнæгтæ рæдыд æруагътой, стъарапойлаг хоккеисттæ уымæй хорз спайда кодтой, æмæ сын бантыст фысымты дуары дыууæ шайбæйы бакъуырын. Хъазт ахицæн 2:4 хыгъдæй «Титан»-ы пайдайæн.
Астраханы «Хъаспи» æмæ Волгограды «Царицын»-ы фембæлды зынгæ арæхстджындæрæй сæхи равдыстой астрахайнаг хоккеисттæ. Сæ фембæлд ахицæн «Хъаспи»-йы пайдайæн 13:4 хыгъдæй.
3-аг бынатыл ерысы фембæлдысты «Алани» æмæ «Царицын». Ацы фембæлды фысымтæ фæуæлахиз сты 6:3 хыгъдæй æмæ бацахстой 3-аг бынат. 1-аг бынатыл ерыс кодтой «Хъаспи» æмæ «Титан». Сæ фембæлды «Хъаспи» рамбылдта 10:3 хыгъдæй æмæ бацахста 1-аг бынат, «Титан» та рацыд 2-аг бынатмæ.
Уæлахиздзау æмæ призон бынæттæ бацахсджытæ хорзæхджынгонд систы Кубок, майдантæ æмæ дипломтæй. Бæрæггонд æрцыдысты хуыздæр хъазджытæ дæр.
Хæрзиуджытæ сæ рамбулджытыл сæмбæлын кодтой: РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министры хæдивæг, Олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзау Санаты Аидæ, ССР Цæдисы спорты сгуыхт мастер Вячеслав Анисин, Дзæуджыхъæуы ихын аренæ «Тагбан»-ы директор Алексей Бояркин æмæ АÆ «Ростелеком»-ы цæгатирыстойнаг филиалы директор Евгений Гальцев.
Турниры ацыды тыххæй нæ командæ «Алани»-йы капитан Арсæгты Марат загъта: «Ахæм ерыстæ пайда сты хоккейы ахадындзинад парахатдæр кæнынæн. Дзæуджыхъæумæ нæм Астрахан, Волгоград æмæ Стъараполæй цы спортуарзджытæ ссыдысты, уыдон разыйæ баззадысты, æмæ уый махæн у уæлдай æхсызгон. Нæ командæ кæд 3-аг бынат бацахста, уæддæр фæсмон нæ кæнæм. Æхсызгон уыд, турниры хуыздæр дуаргæсыл нæ хоккеист Арсен Аванесян нымад кæй ‘рцыд, уый. Уæлдай арфæйы аккаг у нæ уазæг Вячеслав Анисин. Номдзыд хоккеист зæрдиагæй равдыста йæ дæсныйад не скъолайы хъомылгæнинæгтæн, æмæ уыдонæн уый баззайдзæн сæ зæрдæты».
Турнир рауад бæрæгбонау зæрдæмæдзæугæ.
Баскаты Уырызмæг















