Дзæуджыхъæуы дарддæры рæзты нысантæ

0
229

Мæскуыйы кусæг балцы уæвгæйæ, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн бæстон ныхас рауад корпораци «ДОМ.РФ»-йы минæвæрттимæ. Фæбæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы дарддæры рæзты хицæн нысантæ.

Куыд зонæм, афтæмæй Дзæуджыхъæуы дарддæры рæзты пълан у стратегион документ, уым бæрæг дарынц республикæйы сæйраг сахары райрæзты иумæйаг рахæцæнтæ 2033 азмæ. Бакуыс-
той æмæ бацæттæ кодтой промышленносты, логистикæйы, социалон-культурон æмæ туристон-креативон кластеры, цæрæнуæтты къабазы арæзтады, сахайраг алфамбылайы æмæ инженерон инфраструктурæйы бæстон хатдзæгтæ.
Уæрæсейы Президент Владимир Путины амындæй «ДОМ.РФ»-йы специалисттæ документыл бакуыстой, РЦИ-Аланийы разамындимæ сын уыд фидар бастдзинæдтæ æмæ æмгуыстад. Пъланыл кусгæйæ, хыгъд æрцыдысты Дзæуджыхъæуы цæрджыты фæндæттæ дæр.
Сергей Меняйлойы ныхасæй документы ахадындзинад у егъау, йе ‘мгъуыдтæ сты алыхуызон. «Нысанты иу хай сæххæст кæндзысты цыбыр рæстæгмæ, иннæтæн се ‘мгъуыдтæ сты дæргъвæтиндæр. Документмæ бахастой 135 проекты бæрц, ныр уал дзы 35 царды рауадзын бантысдзæн. Тагъд сæ рахæс-
дзысты æхсæнадон байхъуыс-
тытæм», – фæбæрæг кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг.
«ДОМ.РФ»-йы проектон къорды разамонæг Ксения Голубева куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ куыст цæуы документы бæрæггонд сæйраг рахæцæнтыл. «Нæ зæрды ис кластер «Кинохроника»-йы æппæт фæзилæнтыл, дыууæ инженерон нысаныл бæстондæр бакусын. Цалынмæ проект-тæ царды уагъд æрцæуой, уæдмæ сæм нæ хъус дар-дзыстæм», – радзырдта Ксения Голубева.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here