Суворовонты æвæрæн уæлахизмæ

0
269

Цæгат Кавказы Суворовон æфсæддон училищæйы историйы ног сыф фæлдæхт æрцыд 2000-æм азы. Уæд Дзæуджыхъæуы байгом училищæйы ног, аив æмæ уæрæх бæстыхай, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм комплекс. Цы 450 суворовоны дзы ахуыр кæны, уыдон сты Цæгат Кавказы республикæтæй, Краснодар æмæ Стъараполы крайтæй, Мæскуы, Мурманск, Ханты-Мансийскæй. Æдæппæтæй сты Уæрæсейы 28 регионæй.

Сæ къухы цы æнтыстдзинæдтæ æфты, уымæй разамынд бузныг сты сæ ахуыргæнджыты, хъомылгæнджыты æмæ ныййарджыты иумæйаг куыстæй. Ныййарджытæ Хъороты Алан, Челдыты Витали, Цорæты Жаннæ, Рузаннæ Акопян æмæ бирæ иннæтæ сты арфæйы аккаг. Уæдæ сæрыстыр сты сæ рауагъ-
донтæй дæр, Уæрæсейы Хъайтар Абайты Юрийæ – дæлбулкъон, Лæгдзинады ордены æртæ хатты кавалер Михаил Солодкинæй. Хъыгагæн, фараст рауагъдоны фæмард сты, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайгæйæ.
Училищæйы историимæ, йæ абоны куыстимæ нæ базонгæ кодта хицауы хæдивæг хъомыладон куысты фæдыл, запасы булкъон Михаил Шерстобитов. Æрыгон суворовонты зонгæ кæнынц æфсады службæйы сусæгдзинæдтимæ, уыцы иу рæстæг сын æмбарын кæнынц, нæ бæстæйы цы вазыгджын политикон цаутæ цæуы, уыдоны мидис. Уæрæсе цы æфсæддон операци расидт Донбассы республикæты, ууыл æнæ дзургæ нæй, уымæн æмæ сæ хъомылгæнинæгты ныййарджытæ, сæ хистæр æфсымæртæ абон сты хæс-ты цæхæры. Алы къуырисæры дæр семæ цæуы «Вазыгджын ныхас» ацы темæйыл. Аразынц фембæлдтытæ, йæ фæлладуагъды рæстæг, кæнæ йæхи дзæбæх кæнынмæ чи ссыд, уыцы хæстонтимæ.
Ныр цалдæр хатты алыхуызон ахуы-
радон курсытæ, семæ сæ ахуыргæнджытæ, ныййарджыты комитет, афтæмæй, арвыстой гуманитарон æххуыс 58-æм Æфсады дæлхайæдтæн. Ацы аз ахæм æрвитæггæгтæ райстой Хуссар Ирыстоны 4-æм æфсæддон базæ æмæ, семæ цы 429 мотоæхсæн полкъ ис, уыдон. Службæ дзы кæнынц, Ирыстонæй мобилизацигонд чи æрцыд, уыцы лæппутæ, 67-æм зенитон-ракетон бригадæ, 5031 æхсæн полкъ, 429 мотоæхсæн полчъы танчы батальон, 19-æм æхсæн дивизитæ. Арвыстой сын адджинæгтæ, мидæггæгтæ, хи быд цъындатæ, сæрмагонд пленкæ, цæмæй схъарм кæной сæ бæстыхæйттæ. Ахуырдзаутæ ныффыстой фыстæджытæ, сæрыстыр сæ кæй сты, уæлахизимæ сæм кæй æнхъæлмæ кæсынц. Цорæты Жаннæ нын равдыста, хæстонтæ блиндажы уыцы фыстæджытæ куыд кастысты, ахæм видео.
«Хæстонтимæ бастдзинад махæн тынг ахсджиаг у, хъуамæ сывæллæттæ дæр хатой, сæ фыстæджытыл сын æхсызгонæй кæй сæмбæлдысты, уый. Мæхицæй йæ зонын, Цæцæны контртеррористон операцийы рæстæг госпитæлмæ куы бахаудтæн, уæд-иу куыд æхсызгон уыдысты ахæм лæвæрттæ, уый», – зæгъы Михаил Шерстобитов.
Фронты ма хъæуынц нырыккон техникон фæрæзтæ дæр. Уæдæ сын куыд баххуыс кæнæм, зæгъгæ, немыцаг æвзаджы ахуыргæнæг Цæголты Виктория æмæ чиныгдоны кусæг Битарты Мæдинæ расидтысты макулатурæ æмбырд кæнын, ацы куыстмæ бавнæлдтой æппæт курсытæ æмæ сæ ахуыргæнджытæ дæр. Ссардтой, æнæгæдыйæ сын сæ макулатурæ чи æлхæны, ахæм адæймаджы дæр. Фаронæй сын цы ‘хцайы фæрæзтæ бантыст бакусын, уыдонæй балхæдтой квадракоптертæ, тепловизортæ, хостæ. Суворовонты номæй цалдæр хатты æхцайы фæрæзтæ радтой хæрзаудæн фонд «Сердце Виктория»-йы разамонæг Адайты Верæмæ, цæмæй балхæна дронтæ, æмæ хæдтулгæ «Нивæ». Сæрæн архайды фæдыл хъæппæрисджын æмæ æнæхин адæймаг Цæголты Викторияйы Æппæтуæрæсейон хæрзаудæн фонд «Своих не бросаем» схорзæхджын кодта майданæй.
«Мах куы нæ, уæд чи?», – афтæ æмбарын кæны сæ патриотон архайд хъомылгæнæг Тамилæ Гаспарян. Уыдон дæр сарæзтой хæрзаудæн акци «Уæрæсейы салдатæн». Йæ фæлгæты концерттæ æмæ лæвæрттимæ бабæрæг кæнынц, Дзæу-джыхъæуы госпитæлы йæхи чи дзæбæх кæны, уыцы салдæтты.
Ацы училищæйæн йæ истори райдыдта 1943 азы Адæмон комиссарады советы уынаффæмæ гæсгæ. Йæ рауагъдонтæ бæстæйы историмæ бахастой егъау æвæрæн сæ хъайтардзинадæй, сæ бæстæмæ уарзондзинад иу æмæ дыууæ хатты нæ равдыстой. Уæдæ абон дæр нæ бæс-
тæйы иттæг патриотты кæй хъомыл кæнынц, уый гуырысхойаг нæу.

Мамиаты Лолитæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here