Архитектортæ сты арæзтады ныхмæ

0
257

Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы æмбырды республикæйы Архитекторты цæдисы уæнгтæ, Доны станцæйы бирæуæладзыгон парк-фысымуæттæ саразыны ныхмæ кæй сты, уый æргомæй загътой горæты мэр Милдзыхты Вячеславæн.

Комплекс «Аква-Сити» саразыны фæнд кæмæ ис, уыдон Доны станцæмæ базилдзысты, йæ алфамбылай саив кæндзыс-ты, кафетæ, кемпингтæ, фæлладуадзæн бынæттæ дзы фæзындзæн, заууаты уæвæг«Кæрæдæгхуыз театр» сног кæндзысты. Уыдæттæй уæлдай ма дзы фæзындзæн бирæ-уæладзыгон апартаменттæ дæр.
Архитектор Олег Припутнев ацы объектты арæзтад схуыдта æдзæттæ проектыл, парк-фысымуæттæ та абарста «олимпиаг хъæу»-имæ. «Уый проект нæу, ацы бынат «марынмæ» бавнæлдтой», – загъта архитектор. Архитекторты цæдисы уæнгтæ рахастой ацы арæзтæдтæ æндæр бынатмæ ахæссыны фæнд, зæгъæм, Доны станцæйæ цалдæр сæдæ метры дарддæр, футболон академийы фарсмæ.
Дзæуджыхъæуы раза-монæг Милдзыхты Вячеслав куыд радзырдта, афтæмæй инвестортæ цæттæ сты фæрæзтæ бавæрынмæ, фæнды сæ Доны станцæ нывыл, хуы-зæнæн уагыл саразын. Хъуамæ ацы рекреацион бынаты фæзына нырыккон инфраструктурæ, сæ фæрæзтæ сты 3,5 миллиард сомы. Æфтиæгтæ райсынмæ æнхъæлмæ кæсынц туристон инфраструктурæмæ.
Милдзыхы-фырты ныхасмæ гæсгæ, горæт ныртæккæ хъуагдзинæдтæ æййафы фысым-уæттæй, ацы арæзтады фæрцы фæзындзæн 800 номыры. Архитекторты ныхасмæ гæсгæ, Доны станцæйы фæлгонцады бæсты арæзтæдтæ рапарахат уыдзысты. Горæты мэр куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй кæцыфæнды егъау арæзтадон проект дæр хъуамæ æвзæрст æрцæуа архитекторты цæстдардæй. Фæсидт, цæмæй ацы ахсджиаг фарстатыл иумæ бацархайой, рахæссой, горæты разамынд, архитекторты æмæхсæнад æмæ инвес-тортæ разыйæ куыд баззайой, ахæм уынаффæтæ.
«Æз ныхасмæ цæттæ дæн, горæты тыххæй мæ фæнды бирæ нысантæ саразын. Хъуамæ æмхуызонæй бацархайæм æмæ нæ фæдонтæн ныууадзæм рæсугъд æмæ æппæтфадатджын горæт», – загъта Дзæу-джыхъæуы разамонæг. Уый рахаста горæттæ аразæн муниципалон совет Архитекторты цæдисы хай скæныны фæндон. Уыцы фарстатыл тагъд ныхас рауайдзæн иумæ-йаг æмбырды.

Дзæуджыхъæуы
бынæттон
хиуынаффæйады
администрацийы

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here