Цæгат Ирыстоны егъаудæр хъалонфидæгыл нымад компаниты къорд «Бæгæныфыцæн хæдзар «Бавари» адæмæн куыстдæттæджы хуызы республикæйы разамындимæ нысанмæарæзт ахуырады фæдыл бадзырдтæ фидар кæны.
Æрæджы компанийы минæвæрттæн уыд хъуыдда-джы фембæлд Скъоладзауты æппæтуæрæсеон олимпиадæйы регионалон хайы ерысты раззаг бынæттæ бацахсæг 10-11-æм кълæсты ахуырдзаутимæ.
– Нæ куыстуат разы у фидæны специалистты профессион рæзтыл хæрдзтæ кæныныл. Ныхас цæуы бæс-тæйы хуыздæр уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуырад æмæ раззагдæр куыст-уæтты куыстадон практикæ цæуыныл. Уæлдæр ахуыргæнæндон кастфæуæвæг студентæй цæмæй дæсны специалист рауайа, ацы хъуыддæгтæ уый тыххæй аразæм. Уæлдæр ахуыр-гæнæндон кастфæуæвæг адæймаг кусын хъуамæ кæм райдайа, нысанмæарæзт ахуырад уый рахатынæн ахъаз кæндзæн. Хъæууон хæдзарады къабазы специалисттæ нæ кæддæриддæр бахъæуынц. Агрономтæ, механизатортæ, инженертæ, маркетологтæ æмæ хæринаггæнджыты хъуаг стæм. Профессион ахуыргæнæндæттимæ раздæрæй парахатдæрæй æмгуыст кæнæм. Фæсивæдæн куыст дæттыны фæдыл бадзырд республикæйы Хицауадимæ сфидар кодтам. Бирæ азты дæргъы компаниты къорд «Бавари» куыстадон практикæтæн фадæттæ аразы. Ацы аз нæм куыстадон практикæ чи ацыд, уыдонæй нæм дыууæ адæймаджы кусын райдыдтой. Скъоладзаутимæ кусын райдыдтам æмæ фидæны специалистты цæттæ кæныны хъуыддагыл хæрдзтæ кæнынмæ цæттæ стæм, – зæгъы «Бавари»-йы корпоративон университеты директор Иринæ Азимова.
Мыггæгты куыстады райрæзты программæйы раза-монæг Светланæ Филиппова скъоладзаутæн радзырдта компаниты къорд «Бавари»-мæ хауæг куыст-уат «Фат-Агро»-йы куысты тыххæй хабæрттæ. Афæдз æмæ æрдæджы размæ Светланæйы æрбахуыдтой цæгатирыстойнаг компанийы кусынмæ. Специалист бафиппайдта рæвдз карьерон рæзт, нывыл мызд, социалон æххуысы мадзæлттæ æмæ куыстадон фæткæн фадæтты дæсны арæзтад.
Нысанмæарæзт ахуырады тыххæй бадзырд сфидар кæныны фæдыл бар райсынæн скъоладзауты хæс у иумæйаг паддзахадон фæлварæн æнтыстджынæй раттыны фæстæ компанийы мидæг конкурс ацæуын.
Фæстæдæр хуыздæр ахуыргæнæндæтты ахуырад райсæг адæймагæн компаниты къорд «Бавари»-йы кусæн бынат раттынц. Нысанмæарæзт ахуырады тыххæй бадзырд сфидар кæныны фæдыл курдиæттæ исынц ацы мæйы кæронмæ.
Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: ахуыргæнæндонмæ ахуыр кæнынмæ бацæуыны размæ абитуриент куыстдæттæгимæ бадзырд кæм сфидар кæны, нысанмæ арæзт ахуырад нымад у ахуырад райсыны ахæм хуызыл. Кусæндоны хардзæй кæй райсынц, уыцы нысанмæарæзт ахуырады фæрцы фæстæдæр адæймагæн зæрдæдарæнтимæ кусæн бынат раттынц. Студент йæхимæ райсы документы амынд æвзæрст прог-раммæмæ гæсгæ ахуырад ацæуыны æмæ афтæмæй, фондз азы дæргъы куыст-уаты бакусгæйæ, хардзгонд ыл фæрæзтæ куыстуатæн фæстæмæ раттыны хæс. Нысанмæарæзт ахуырады тыххæй бадзырд сфидар кæнынæн адæймаджы хæс у уæгъд кусæн бынæтты номхыгъдæй дæсныйад равзарын, нысанмæарæзт ахуырады фæдыл бадзырдтæ сфидар кæныны бар кæмæ ис, ахæм куыстуæтты номхыгъд рахатын æмæ фæстæдæр бадзырд сфидар кæнын.
Гуырцъыты Иннæ














