Мæскуыйы уыд Уæрæсейы хæдбар профцæдисты федерацийы XII съезд. Æртæ боны дæргъы хатдзæгтæ скодтой профцæдисты фæс-таг азты куыстæн, сбæрæг кодтой дарддæры рæзты ног нысантæ. Архайдтой дзы нæ бæстæйы Президент Владимир Путин, фæллой æмæ социалон хъахъхъæнынады министр Антон Котяков , æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Михаил Мурашко æмæ иннæтæ.
Сæ раныхасы бæрæг уыд паддзахады æмæ проф-цæдисты æмгуыстад. Ахсджиаг хъуыддагыл нымад æрцыд ног программæ «За справедливую экономику!» Программæ ахъаз уыдзæн куысты уавæртæ фæхуыздæр кæнын æмæ социалон рæстдзинадæн.
– Уæ организаци нымад у нæ бæстæйы раззагдæр граждайнаг æхсæнадыл. Уæ хæс у бæрнон: фæллойгæнæг адæмы, куыстуæтты, ахуырад, наукæ æмæ культурæйы къабазы чи архайы, уыдоны кусæг бартæ хъахъхъæнын. Стыр æвæрæн бахастат закъонады рæзтмæ, куыстæдты ахастдзинæдтæ нывыл кæныны хъуыддагмæ, – фæбæрæг кодта Владимир Путин.
Уæрæсейы хæдбар проф-цæдисты федерацийы разамонæгæй та ногæй нысангонд æрцыд Михаил Шмаков. Йæ кандидатурæйыл схъæлæс кодтой Уæрæсейы хæдбар профцæдисты федерацийы XII съезды делегаттæ.
Михаил Шмаковæн сæ хъæлæстæ радтой, съезды цы 600 делегаты уыд, уыдонæн сæ фылдæр. Проф-цæдисты раздзог, бузныг зæгъгæйæ, фæбæрæг кодта, йæ равзæрстыл разы чи уыд, афтæ разы чи нæ уыд, уый дæр зæрдиаг куысты нысан кæй у, уый.
– Бузныг уын, кæй мыл баууæндыдыстут, уый тыххæй. Мæ ныхмæ чи схъæлæс кодта, уыдонæн дæр бузныг зæгъын, уымæн æмæ уый у, профцæдисты куыстмæ куыдфæндыйы цæстæй кæй нæ кæсут, уый нысан. Нæ демократи йæ куыст кæны! – загъта Михаил Шмаков.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Михаил Шмаков Уæрæсейы хæдбар профцæдисты федераци-йæн разамынд дæтты 1993 азæй нырмæ. Ныр æвдæм хатт æвзæрст æрцыд йæ разамонæджы бынатмæ. Уыцы рæстæгмæ йæ къухы бафтыд канд профцæдисты нымæц бахъахъхъæнын нæ, фæлæ сæ фæфидар кæнын дæр. Ноджы ма йæ фæлтæрддзинад фæ ахъаз, дунейы æппæты хуыздæрыл нымад чи æрцыд, ахæм куыстадон закъонад æмæ, æмбал кæмæн нæй, ахæм æмгуыстадон системæ саразынæн. Нæ бæс-тæйы уæззау уавæрты ма йæ къухы бафтыд профцæдисты исбонад æмæ фæллойгæнджыты уæлбартæ бахъахъхъæнын дæр.
Æмæ ма ноджы иу æхсызгон хабар – Касаты Хъауырбеджы фырт Таймураз æвзæрст æрцыд Уæрæсейы хæдбар профцæдисты федерацийы Генералон Советы уæнгæй.
Хъойбайты Галинæ














