Мæскуыйы туризмы дунеон форумы Цæгат Ирыстоны стенд бынтон мæгуырау кæй уыд, уый тыххæй республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло загъта йæ карз хъуыдытæ. Ома, ахæм худинаджы стенд дзы нæма уыд. Иннæрдыгæй куыд райхъуыст, афтæмæй хъуыддагæн лæвæрд æрцыд 1 милуан æмæ 500 мин сомы. Уыдонæй, дам, хъуамæ цы æмæ куыд бацæттæ кодтаиккам, зæгъынц «аххосджынтæ». Æмæ ма æрхастой, Дагестанæн туризмы равдыст бацæттæ кæнынæн 45 милуан сомы кæй радтой, уый дæр.
Мæ цæстæй акæсгæйæ 1,5 милуан сомæй хæдзар саразæн ис, суанг ма дзы хъæугæ дзаума дæр рацæудзæн. Раст зæгъгæйæ, туризмы тыххæй равдыст никуы цæттæ кодтон, нæ зонын, цытæ рацæу-
дзæн 1,5 милуан сомæн, уый. Фæлæ кæд нæхи, цæгатирыстойнаг туризмы кой кæнæм, уæд уал рæгъмæ рахæссæм, ногæй та зæгъæм, æхсæнадон уазæгдæттæ, ома, туалеттæ, нæм кæй нæй, уыцы æцæгдзинад. Уый тыххæй газеты цалдæр хатты мæхæдæг ныффыстон æрмæджытæ. Цы кæнгæ нын у? Куыд цы?! Уазæгдæттæ, ома, къахæвæрæнтæ, ома, туалеттæ къухæхсæнтимæ аразын!!! Исчи ахъуыды кæндзæн, æвæццæгæн æндæр цæуыл фысса, уый йын нæй. Фæлæ уый нæ царды хай у, æмæ уæдæ хъуамæ йæ кой дæр ма уа?!
Цымæ æндæр рæттæм куы абалц кæнæм, уæд уыдæттæ нæ уынæм? Цæуылнæ сæ бафæзмæм, цы нæ нæ уадзы туалетты арæзтæдтæм бавналын? Кæдмæ ма æнхъæлмæ кæсæм?! Стæй цæмæ?! Ахæм диссаг ма вæййы?! Æз ахæм, дунеон, равдыстытæй тæрсгæ кæнын, мыййаг, нæм куы æрбагуылф кæной туристтæ, искуы сæ фæндагыл æддæмæ акæсын куы бахъæуа, куы нæ ссарой туалет, уæд кæмæ хъæр кæндзысты? Мæскуы-
йаг дунеон форуммæ, Туризмы комитетмæ, нæ хицауадмæ, æви?! Аргæ та не скæндзысты туалет, уый бæлвырд у.
Алагиры районы фæндæгтæм куы акæсай, уæд æрмæстдæр Майрæмаджы æмæ Хæтæлдоны фæндæгтыл фæзынд æхсæнадон уазæгдæттæ, ома, туалеттæ. Сарæзтой сæ дуканитæй чысыл æддæдæр. Ома, нырыккон фадæттæй æххæст не сты, фæлæ ныхас цæуы æрмæстдæр æхсæнадон бынæттыл! Уырдыгæй рацæугæйæ – æрмæстдæр – Алагиры автостанцæйы, уымæй дарддæр – Буроны, уырдыгæй рацæугæйæ, нæ зонын, туалет не ссардзынæ… Чи зоны, кæцыдæр фысымуаты, кемпинджы сты ахæм санитарон бынæттæ, фæлæ сæм бæлццон цалынмæ схæццæ уа, уæдмæ фæндагыл стыхсдзæн…
Æрæджы æнæнхъæлæджы бафтыдтæн Æрæфы районмæ, раздæр цыдтæн Дыгуры районыл. Цы бафиппайдтон? Иу ран дæр фæндæгты былгæрæттæ быронæй дзаг нæ уыдысты. Сыгъдæг, æфснайд. Уымæй уæлдай дзы туристтæн уæлдай уавæртæ нæ федтон. О, ис дзы кафетæ, ресторантæ, сты горæтты мидæг, фæлæ туристтæн хицæн, уæлæмхасæн уавæртæ нæ федтон. Æвæццæгæн сæ фæлладуадзæн бынæттæм куы бахæццæ вæййынц, уæд сæмбæлынц фадатджын уавæртыл. Нæ федтон æхсæнадон туалеттæ дæр, Æрæфы районы фæндæгтыл æрмæстдæр дыууæ бынаты сты, æндæр – никуы. Æрцæуæггаг туристтæ нæ куы нæ хъусынц, нæхæдæг нæхиимæ куы дзурæм…
Тынг бадис кодтон дыууæ районы сыгъдæгдзинадыл, куыдæй сын афтæ уайы. Рæсугъд, фенынмæ ахсджиаг, аив бынæттæ дзы ис, фæлладуадзæн фысымуæттæ æмæ кемпингтæ дæр дзæбæх ран, бæрзæндты æвæрд сты. Фæлæ сæ фæндæгтæ хъуаг сты туристтæн хъæугæ фадæттæй, кæм кафе сараз, кæм – чысыл хæринаггæнæн бынат, сæ алкæй дæр сфæлгонц кæн уавæртæй, къухæхсæнтæй. Сæ бон истытæ балхæнын куыд уа, кæмдæр сæ фæллад суадзынæн бандæттæ равæр, фæлгæсæн фæзтæ сараз, æндæр цы хъæуы бæлццоны? Æвæццæгæн, районы ис хъæппæрисджын фæсивæд, истæмæйты сæм фæкæсут, бацамонут сын. Уæдæ куыд вæййы?! Уыцы-иу ныхæстæй адæймаг сфæлмæцыд…
Уæд Дыгуры æмæ Æрæфы районты фæндæгтæ афтæ æдзæрæг нæ уыдзысты, æрбацæуæг адæймаг дзы ракæс-бакæс кæнгæйæ нæ агурдзæн æддæмæ акæсæн бынæттæ, фадæттæ, уавæртæ, къофитæ, цайтæ, чъиритæ, æндæр хойраг. Хъуамæ тæккæ æрбацæуæны уой уыдæттæ, адæймаг сæ уайтагъд куыд фена, афтæ. Йæ зæрды сæ бабæрæг кæнын куыд уа, а-ма, уагæры дзы цытæ ис, зæгъгæ, куыд зæгъа. Афтæ сындæг цæмæн змæлæм, цæуылнæ тагъд кæнæм. Кæдæм, фæрсут?! Æрмæстдæр размæ!














