Электрон хызтæм зилынц

0
296

Компани «Россети Северный Кавказ»-ы специалисттæ пъланон уагæй цалцæг кæнын райдыдтой Алагиры районы сæйраг энергообъекттæй иу – 110-килоВольтон дæлстанцæ «Нузал».

Цалцæггæнæн куыстытæ æххæстгонд цæуынц ацы азæн нымад «Россети Северный Кавказ»-ы филиал «Севкавказэнерго»-йы энергообъектты техникон цалцæгкæнынады программæмæ гæсгæ. Амынд дæлстанцæ электрон тых дæтты æхсай азæй фылдæры дæргъы. Хæххон хъæуты цæрæг 3,5 мин адæймагæй фылдæр, къорд промышленнон куыстуаты, ахуыргæнæндæттæ, медицинон кусæндæттæ, стæй Цъæйыгомы туристон-рекреацион тæлмы æппæт инфраструктурæ электрон тыхæй æнæлазæй ифтонггонд уыдзысты æви нæ, уый аразгæ у дæлстанцæйы нывыл куыстæй.
Ацы азы сентябры кæронмæ специалисттæ баххæст кæндзысты рæс-тæмбисон æмвæзады цалцæггæнæн куыстытæ. Дæлстанцæ «Нузал» афоныл цалцæггонд кæд æрцæуа, уæд уыдзæн энергообъекты ифтонггæрзты бахъыгдарды тæссагдзинад фæкъаддæр кæныны æмæ электрон тыхæй фæлхасгæнджыты æнæкъуылымпыйæ ифтонг кæныны фадат.

«Россети Северный Кавказ»-ы
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here