Ногиры музыкалон скъола рацаразыны фæдыл куыстытæ æххæст кæнын райдыдтой. Æххæстæй кæй райхалдзысты, уыцы зæронд бæстыхайы ран фæзын-дзæн актон залимæ, кусæнуæттимæ, дыууæ уæлæдарæсивæн агъуыстытимæ, буфет æмæ санитарон хатæнтимæ нырыккон дыууæуæладзыгон скъола.
«Ныридæгæн аразджытæ райхалæн куыстытæ æххæст кæнын райдыдтой. Музыкалон скъоламæ цæуæг 240 сывæллоны ахуыр кæнынц фондз хайады. Рацарæзты фæстæ ам фæзындзыс-ты ног хайæдтæ. Цалынмæ арæзтадон куыстытæ цæуынц, уæдмæ сывæллæттæ музыкалон ахуырад исынц Ногиры 2-æм скъолайы æмæ куыстыты фæудмæ æнхъæлмæ кæсынц», – фыссы Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло йæ телеграм-каналы.
Республикæйы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй объект сараздзысты национ проект «Культурæ» æмæ республикон программæ «Культурон уавæртæ»-йы фæрцы.
«ОсНова














