Хистæртыл узæлынц

0
83

Раст зæгъгæйæ, газет «Рæстдзинад»-мæ адæм арæхдæр сæ хъаст æрбахæссынц. Уый та, кæй ныл æууæндынц, уый нысан у. Ацы хатт газеты уазæг уыд фæллойы ветеран, бирæ азты уацхæссæгæй чи фæкуыста, уыцы сылгоймаг – Баситы Сурæт. Æрбацыд иу курдиатимæ: хи цæстæй фенын æмæ газеткæсджытæн радзурын, Республикæйы Ветеранты хæдзары дзыллон куысты центры хистæртæн сæ уæгъд рæстæг æрвитын æмæ хиирхæфсынæн цы уавæртæ ис, уый тыххæй.

Нæ бацыдмæ центрмæ адæм горæты алы кæрæттæй æмбырд кодтой, агъуыстæй уынгмæ цы фæндыры зæлтæ хъуыстысты, уыдон æхцондзинад хастой сæ фæрсты цæуджытæн. Уым, чи сæмбæлд, уыдонæн хъазт сарæзта, ныр дзы дзæвгар рæстæг чи кусы, уыцы фæндырдзæгъдæг – Хъайтмазты-Золойты Маринæ. Куы бахызтыстæм агъуыстмæ, уæд федтам, хъазты астæу дыууæ сылгоймаджы тымбыл кафты куыд зилдухæнтæ кодтой, уый. Зæрдиагæй ныл бацин кодтой.
– Цæуæм, нæ рæстæг æрвитæм. Тынг ныл узæлынц центры кусджытæ. Æрмæст сæ фæлмæн ныхасæй дæр сурынц адæймаджы сагъæс. Бирæтæ дзы дзæвгар рæс-тæг бафæстиат вæййынц, суанг фæсахсæвæртæм дæр. Центры хистæр администратор Багаты Фатимæ ма нын цай кæнæ къофи дæр акæны адджинæгтимæ. Уый нæ, фæлæ ма немæ дæр ацæуы, искуыдæм нæ куы ахонынц, уæд, – зæгъы Къусраты Анатоли.
Къуыри æхсæз боны изæры фараст сахатмæ цент-ры дуæрттæ гом сты æрбацæуджытæн. Сæ нымæц нымадæй у 100-мæ ‘ввахс. Æрмæст хиирхæфсæн бынат нæу Ветеранты хæдзар. Зонындзинæдтæ уæрæхдæр кæнынæн арæх байхъусынц цымыдисаг лекцитæм ирон адæмы цардыуаг æмæ бæрæгбæтты тыххæй. Кæнгæ дæр сæ кæнынц, хæрз æрæджы та уалдзыгон бæрæгбæттæй иу – Хоры бон сарæзтой. Сæ зонындзинæдтæ, хæдзармæ ацæугæйæ, парахат кæнынц бинонты, кæстæрты ‘хсæн. Сæ рæстæг пайдаимæ ‘рвитынæн сын ахъаз у Нарты кадджытæ ахуыр кæныны къорд. Фольклор иртасæг, ахуыргонд Бязырты Аслæнбег арæх бакæсы лекцитæ ацы темæйыл. Кадæгмæ уал байхъусынц, уый фæстæ йæ хайгай равзарынц, ныхас кæнынц йæ мидис æмæ нысаныл, нырыккон цардимæ абарстыты хатдзæгтæ фембæлды кæрон ветерантæн свæййынц центрмæ балцы сæйраг мидис.
– Цæмæн цæуæм ардæм? Фыццаджыдæр, уымæн, æмæ нын ис кæрæдзи-имæ зонгæ кæныны фадат. Дыккаджы та – нæ фæллад суадзынмæ. Хæдзары иудадзыг бадгæйæ адæймаг хъыг кæны. Адæмы астæумæ цæуын хорз у: зæрдæбын ныхæстæ фæкæнæм не ‘мбæлттæ, нæ зонгæтимæ. Иубон та музейы уыдыстæм, бынтон лæвар. Арæх нæ фæхонынц Ирон æмæ Уырыссаг театртæм дæр спектакльтæм бакæсынмæ. Нæ рагбонты дæр-иу чызджытимæ раст афтæ цыдыстæм киномæ, стæй ног сæвæрд спектакль фенынмæ, – сæ æрвылбоны царды кæйттæ нын кæны нæ хонæг Сурæт.
Центры хор «Ветеран»-ы архайын йæ уæнгтæн сси хиирхæфсæн мадзал нæ, фæлæ сфæлдыстады рæзтимæ æмдзу кæныны фæрæз. Хистæртæн фадат ис нырыккон æмæ национ кæфтыты, стæй спортивон – шашкæтæ æмæ шахмæтты, скандинаваг лæдзджытимæ цæуыны æмæ æхсæнадон туризмы къордты архайынæн. Рæстæгæй-рæстæгмæ ацæуынц Куырттаты æмæ Цъæйы кæмттæм. Бирæтæ афтæ дæр фæзæгъынц, æз ацы ран тынг рагæй нал уыдтæн, зæгъгæ. Сæ фарсмæ алкæд, кæдæмфæнды ма цæуой, вæййы центры разамонæг Багаты Фатимæ. Истæуыл, мыййаг, тыхсы къорды уæнгтæй исчи, уæд ын йæ къух саразы. Цы æрмдæсныты къорд дзы ис, уыдонæн амоны алыхуызон дзаумæттæ бийын, аразын. «Мах фæнды, цæмæй нæм æмбæлой алы фæлтæрты, алы адæмыхæттыты минæвæрттæ», – зæгъы Багаты Фатимæ.
– Фæнды нæ, цæмæй нæм хистæртæ цæуой æмæ нын æмбарын кæной, цы æмæ куыд хуыздæр саразæм. Махæй алчидæр архайы ветерантæм фылдæр æргом здахыныл. Фæлмæн, уæздан ныхас чи кæны, ахæм æгъдауджын адæймæгтæ нæм кусы. Нæ сæйрагдæр хæс у ныхасæй дзæбæх кæнын, цæмæй нæ разыйæ здæхой сæ хæдзæрттæм, – нæ фембæлды кæронбæттæн загъта республикæйы Ветеранты хæдзары директор Сихъоты Сослан.
Рагон философ æмæ политик Цицероны хъуыдымæ гæсгæ, се ‘ппæты дæр фæнды зæры бонмæ фæцæрын, куы ‘рхæццæ вæййы, уæд та сын азымаг свæййы. Уырны нæ, ардæм цы адæм æрбамбырд вæййы, уыдон сæ кар кæй нæ азым кæнынц, уый.

Хуыбиаты Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here