УФ-йы Федерацийы Советы уæнг Виталий Назаренкойæн фембæлд уыд «Иугонд Уæрæсе»-йы «Æрыгон гварди»-йы цæгатирыс-тойнаг хайады минæвæрттимæ.
Ныхасы архайдтой Цæгат Ирыстоны Фæсивæдон парламенты сæрдар Аслæмырзаты Азæмæт, «Æрыгон гварди»-йы рес-
публикон хайады разамонæг Саулохты Сæрмæт, гвардионты æххæсткомы разамонæг Артур Гарага æмæ «Æрыгон гварди»-йы активы иннæ минæвæрттæ.
Виталий Назаренко æрыгон фæлтæры минæвæрттæн бæстон радзырдта Федерацийы Советы архайды тыххæй, йæ хъуыдытæ раргом кодта бæстæйы абоны царды ахсджиагдæр фарстаты фæдыл. Гвардионтæ та сенаторæн радзырдтой, æхсæнады царды куыд архайынц, цавæр гуманитарон æмæ бархионты змæлды райрæзтæн ахъазгæнæг проекттæ æххæст кæнынц, уыдæттæ. Уымæй уæлдай, фæсивæд рæгъмæ рахас-
той, сæ хъуыдымæ гæсгæ, ныртæккæйы уавæрты фылдæр æргом цы фарс-татæм аздахын хъæуы, уый фæдыл сæ фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ.
Сенатор бæстон дзуаппытæ радта æрыгон фæлтæры минæвæртты бирæ фарстытæн, йæ фадæттæ куыд амонынц, афтæ сын æххуысæй зæрдæ бавæрдта.
Фембæлды кæронбæттæны Виталий Назаренко Федерацийы Советы уæнджы Арфæйы фыстæджытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ ракодта, бæс-
тæ æмæ республикæйы æхсæнадон-политикон царды ахадгæ архайд чи кæны, «Æрыгон гварди»-йы уыцы уæнгтæн. Ахæм арфæтæ райстой Болататы Юлия, Артур Гарага æмæ Туаты Азæмæт.
«Фæсивæды минæвæрттимæ фембæлдтытæ мæнæн уæлдай æхсызгондæр вæййынц, уымæн æмæ не стыр Фыдыбæстæйы дарддæры хъысмæт уыдонæй аразгæ уыдзæн. Уыдоны хъуыдытæ æмæ фæндæттæ хорзæрдæм ахадынц не ’мгуыстадыл», – бафиппайдта сенатор.
ÆЛБОРТЫ Зæлинæ,
УФ-йы Федерацийы Советы уæнджы