«Нæ фидæн — дидинджытимæ бастæй»

0
233

Мæскуыйы 21 майæ 8 июлмæ йæ тыхы бацыд егъау фестиваль. Адæмон Хæдзарады Æнтыстдзинæдты фæз-уатыл равдыст-форум «Уæрæсе»-йы байгом «Нæ фидæн — дидинджытимæ бастæй» фестиваль.
Равдыстмæ æрбацæуæг адæмы бон уыдзæн дидинджыты 100 хуызимæ базонгæ уæвын, регионты дидинæгджын клумбæтæ фенын.
Иу фæзыл гом арвы бын равæрдтой регионты 89 композицийы, Кæройнаг Цæгатæй хъарм хуссармæ дзы фенæн ис ландшафттæ. Цæгат Ирыстоны клумбæ баст у республикæ Уæрæсеимæ баиуы 250 азимæ. Композицийы астæу лæууы, республикæйы æппæт цæрджытæн дæр зонгæ чи у, уыцы «Фатимæ, сыгъзæрин хурыл хæцгæйæ». «Фатимæ»-йы фæстæ зыны Дзæуджыхъæуы рагон фидары кулдуар. Регионы дидинæгыл нымад æрцыд бирæазыккон «егъау къус», грекъаг æвзагæй тæлмацæй дидинæг нысан кæны «æвзонг».
Фестиваль хъæздыг у алыхуызон цæстуынгæ æрмæгæй, æрбацæуæг адæмæн æхсызгондзинад, æнæмæнг, æрхæсдзæн.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here