Зæхкусæджы сагъæс — тыллæджы ‘рзад

0
271

Фæстаг мæй къæвдаджын кæй хæссы, уый тыхсын кæны республикæйы зæхкусджыты. Мæздæджы районы уавæр æндæр у: куадзæнæй нырмæ дзы къæвда уарыд æрмæст иу бон, уый дæр хæрз чысыл ахаста. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æрмæст 25 миллиметры.
— Сымах къæвдатæй стыхстыстут, мæздæггаг зæхкусджыты бæллиц та сæ рацыд у. Нæ æрдзон уавæрты æнæ донхорыгæй хорз тыллæг райсынмæ нæй æнхъæлмæ кæсæн. Донхорыггонд зæххыты фæзуат фæстаг цыппар азмæ фæфылдæр 3,5 хатты, æхсай авд донпырхгæнæн агрегаты уал хæдзарæдты быдыртæ донæй æфсадынц, фидæны ма сыл бафтдзæн фынддæс. Сæрмагонд федералон программæмæ гæсгæ донхорыгыл хардзгонд цы фæрæзтæ цæуы, уыдоны æвдай проценты фæстæмæ здæхт цæуынц субсидиты хуызы, ацы аз сæ бæрц фæкъаддæр, æмæ сты æрмæстдæр фæндзай проценты. Æмткæй райсгæйæ, уый баст у бæстæйы уавæримæ, — зæгъы районы хъæууон хæдзарадон управленийы хицау Æлхъацаты Зауыр.
Æнцон уавæртæ никæд уыд зæхкусджыты архайдæн, уæлдайдæр, экономикæйы рæзтыл куыст ногæй йæ гаччы бадын куы райдыдта, уæд. Мæздæг рагæй дæр республикæйы хордоныл нымад уыд. Ныры уавæрты зæхкусæгæн хоры ‘рзадыл тухæн пайдайаг нæу — мæнæуы килæйы рæстæмбис аргъ у туман, артаджы литр та — æстай сомы. Базарадон уавæрты уый зæхкусæджы сæфтмæ кæны, æмæ йæ хоры культурты куыс-тæй бахъуыд æндæртæм рахизын. Хæдзарæдтæ се ‘ргом фылдæр аздæхтой лыстæг гæн (лен), бæлтæрна (горчица) æмæ нуты куыстмæ. Уыдоны, иуæй, æлхæнæг ис, иннæмæй, сæ аргъ æртæ хатты фылдæр у, сæ хардз кæд, мæнæуимæ абаргæйæ, уый бæрц слæууы, уæддæр.
Рæстæг хъарм хæссы, уый та фадат дæтты ацы аз хорæфснайæнтæ æмгъуыдæй раздæр райдайынмæ. Районы хоры алыхуызон культурты фæзуат ахсы цыппор æртæ мин гектары. Базылдысты сæм, уалдзыгон куыстытæ конд фесты. Рæхджы райдайдзысты рапс æфснайын. Районы хъæууонхæдзарадон управленийы сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, кæд рæстæг нывыл ахæсса, уæд — дыууæ къуырийы фæстæ.
Фæстаг цалдæр азы районы рапарахат сæнæфсиры куыст. Зæхкусджыты фермерон хæдзарад «Виноградарь Кавказа»-йы сæнæфсир дæтты, фæзуатыл та ацы аз дæр бафтыд, æмæ ныр ахсы дыууæ сæдæ фæндзай гектарæй уæлæмæ. Мæздæджы аразынц сæнæфсиры куыстгæнæг цех, уадздзæн сæнтæ æмæ сæнæфсиры дон. Йæ бынат бæрæг у, æрæвæрдтой дзы бæрцуаттæ. Куы сцæттæ уа, уæд дзы кусдзæн æстай адæймаджы.
Хъуыддæгтæ хорз цæуынц иннæ сæнæфсиры куыстгæнæг хæдзарад «Витязь»-ы дæр, сæдæ æвдай гектары фæзуатæй нысан кæнынц бæркадджын тыллæг райсын. Æрдзон уавæртæ сæ куы нæ бакъуылымпы кæной, уæд зæрдæ дарынц хорз тыллæг райсыныл.
Ныддæргъвæтин Мæздæджы æхсыры заводы арæзтад. Йе срæвдз кæнынæн ма хъæуы чысыл рæстæг. Кусæнгæрзтæ арæныл кæй лæууыдысты, уый аххосæй афоныл не ‘рбахæццæ сты бынатмæ, æмæ се ‘вæрæн-уадзæн куыстытæ ныкъкъуылымпы сты. Завод куыдфæстæмæ уадзын райдайдзæн алыхуызон æхсыры продукци, бонмæ фадат уыдзæн дæс тоннæйы æхсыр бакусын. Уый дыууæ хатты фылдæр уыдзæн, райдианимæ абаргæйæ. Срæвдз уыдзæн ацы аз сентябрмæ.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here