Зындгонд куыд у, афтæмæй 2007 азы Иугонд Нациты Организацийы генералон ассамблей сфидар кодта аутистты тыхстдзинæдты тыххæй информаци парахат кæныны бон. Куыд фыст дзы ис, афтæмæй хъуамæ аутисттæн фадæттæ уа æххæст æмæ мидисджын цардæй цæрынæн. Сывæллон аутизмæй рынчын куы уа, уæд ын скъоламæ, бирæ адæм кæм ис, уырдæм бацæуын зын у. Тыгъдады раст фæндаг не ссардзæн.
Йæ цуры, уарзгæ йæ чи кæны, уыдонæй уæлдай хъуамæ уой æхсæнады минæвæрттæ дæр. Æхсæнад дæр хъуамæ уа уарзæгой. Афтæ æмбарын кæны йæ хъуыдытæ аутизмæй рынчын сывæллоны мад дæр. Йæ ном æй бацамонын нæ бафæндыд.
«Скъолайы йын тынг зын у, афтæмæй та скъола алцыдæр кæны, цæмæй йæхи хорз æнкъара. Суанг хъахъхъæнæгæй райдай æмæ директорæй фæуы. Фæлæ мæ сывæллоны низы хицæндзинæдтæ хъуыддаг размæ нæ уадзынц. Арæх æрцæуын ахæм хъуыдымæ, æмæ скъола фылдæр ахсджиаг уыд нæхицæн, ныййарджытæн, сывæллоны нæ хъуыд. Фæлæ, скъола тынг ахсджиаг æмæ пайда кæй у сывæллонæн, ныййарджытæн æмæ æхсæнадæн, уый æмбарæм. Комкоммæ — æхсæнадæн. Ацы ран æмбæхст у сæйраг тыхстдзинад.
Нæ сывæллæттæ æхсæнады ‘рдыгæй æнцон бафхæрæн кæй сты, уымæ гæсгæ сын сæ низ æмбæхсæм. Кæддæр ыл æртæ азы куы рацæуы, уæд басæттæм, нæ сывæллонмæ аутистон спектры тыхстдзинæдтæ кæй ис, ууыл. Фондз азы онг йæ фæзындтытæ æмбæхсæн ис, æрмæстдæр хиуæттæ уынынц уыдæттæ. Фæлæ скъоламæ цæуыны рæстæг бамбæхсæн ницыуал ис, æнæниз æмæ аутизмæй рынчын сывæллæтты ‘хсæн егъау хицæндзинæдтæ ис.
Рæстæгимæ тынгæй-тынгдæр кæнынц цавæрдæр лыстæг хъуыддæгтæ дæр. Нæ республикæйы ахæм рынчынтæн баххуыс кæныны тыххæй бирæ хъусынгæнинæгтæ вæййы. Мæ бон зæгъын у, сæ фылдæр цæстфæлдахджытæ кæй сты. Уыдон æрмæстдæр æхца кусынц. Аутизмæй бынтондæр чи сдзæбæх, ахæмтæ нæй, фæлæ бирæты бон бавæййы йæ тыхстдзинæдтæй фервæзын. Сæхи ‘гъдауæй дæр рауайы. Фæлæ аутизмыл дзурын ныртæккæ растыл нæ нымайынц. Куыд сын баххуыс кæнын хъæуы? Уый комкоммæ ничи зоны. Фылдæр дзурынц социализацийы тыххæй. Æмæ та раздæхæм æхсæнадмæ.
Æхсæнад цæттæ нæу нæ сывæллæттæм, уымæ гæсгæ æмбæхсæм нæ тыхстдзинæдтæ. Нæ сывæллæттимæ хæлар ахастдзинæдтæ скæнын никæй фæнды. Мæ ном дæр уымæн нæ дзурын. Мæ бон у, æрмæстдæр скъоламæ кæй цæуæм, уыцы хорздзинад æрхæссын. Æх-хуыс нын кæнынц, тьютортæ æгæр гыццыл ис, сæ куысты фадæттæ дæр уыйас дзæбæх не сты. Сæ фыдæбонæн дæр хъуамæ фылдæр æхца исой. Ацы ныхасы фæрцы мæ фæнды, цæмæй адæм æмбарой: нæ сывæллæттæн дæр ис зæрдæтæ… Алцыдæр æмбарынц, сæ бон у æндæр хуызы равдисын се æнкъарæнтæ, сæ фæндтæ, сæ уаг. Æндæр хуызæттæ дæр сæ уымæн хонынц…»
Абон Дзæуджыхъæуы аст скъолайы аутизмæй рынчын сывæллæттæн скодтой фæрæзты кълæстæ: 26-æм, 27-æм, 6-æм, 41-æм, 39-æм, 43-æм, 14-æм, 48-æм скъолатæ. Æдæппæтæй сæ ахуыр кæнынц 45 сывæллоны. Фарон ма ахуырадон куыстуат «КРОЦ»-ы бындурыл байгом кодтой дыууæ коррекцигæнæн къласы. Уырдæм бахонынц аутизмы уæззаудæр хуызтæй рынчын сывæллæтты. РЦИ-Аланийы Сæргъ-лæууæджы хъæппæрисæй байгом кодтой рæвдауæндон «Умка», уый дæр — аутизмæй рынчын сывæллæттæн.
Ацы кусæндæтты сæрмагонд коррекци кæнынц аутизмæй рынчынтæн, цы зындзинæдтæ æвзарынц, уыдоны сæрты ахизынæн дæр сын фадæттæ аразынц. Æдæппæтæй уал аутизмæй рынчын сывæллæттæн 3 азæй 8 азмæ байгом кодтой фараст къорды, сывæллæттæ сæ вæййынц фæйнæ фондз сахаты.
Александр БЕРЕЗОВ