Бирæ азты дæргъы йе ‘нæзæрдæхудт куыст æмæ фæллойадон æнтыстыты тыххæй Уæрæсейы Федерацийы Президенты Указмæ гæсгæ Битарты
Зелимханы фырт Вячеслав хорзæхджын æрцыд «Кады орден»-æй.
Бæрзонд паддзахадон хæрзиуæгæй хорзæхджын кæй æрцыд, уый фæдыл ын газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы коллектив зæрдæбын арфæ кæны! Нæ зæрдæ йын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ ног æнтыстытæ Ирыстоны сæраппонд!