Æппæтадæмон Æхсæнадон змæлд «Стыр Ныхас»-ы ахуырад æмæ ирон æвзаг бахъахъхъæныны комитеты сæрдар Бургалаты Заремæ хорзæхджын æрцыд РЦИ-Аланийы Парламенты Арфæйы гæххæттæй.
Фæлтæрдджын ахуыргæнæг, æхсæнадон кусæг æмæ хорз зондамонæг йе ‘мкусджытæ æмæ кæстæртæн æвæллайгæйæ архайы вазыгджын фарстатыл. Йæ бæрны комитет бæрæг кæны, скъолаты ирон æвзаг куыд амонынц, цал сахаты йын цæуы лæвæрд, цавæр мадзæлттæ аразынц мадæлон æвзагæн, уыдæттæ. Ирон æвзаджы мæйон куы райдыдта, уæдæй Бургалон бабæрæг кодта цыппар скъолайы
Дзæуджыхъæуы, æртæ кусгæ фембæлды сарæзта районты æмæ ма рæвдауæндæтты. Архайдта куыд жюрийы уæнг æмæ уым дæр не ‘вгъау кæны йæ зонындзинæдтæ.
Ацы мæй æвзаг бахъахъхъæныны комитеттæ районты зæрдиагæй бацархайдтой Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны мадзæлтты. Ахсджиагдæр куыст комитеттæ бакодтой Алагир, Мæздæг æмæ Горæтгæрон районты.
«Куыд иннæ азты, афтæ ацы аз дæр нæ комитет æмдыхæй бацархайдта мидисджын мадзæлттæ бацæттæ кæныныл æрыгон, фæлæ ирон адæмæн ахсджиаг бæрæгбон – Ирон æвзаджы бонмæ. Республикæйы районты Ныхасы разамонджытæ, нæ комитеты сæрдартæ æмæ уæнгты иумæйаг хъæппæрисæй арæзт æрцыд алыхуызон мадзæлттæ, райдай æмдзæвгæтæ аив кæсынæй, викторинæтæ æмæ тематикон цæлхæмбырдтæй» – зæгъы Бургалаты Заремæ.
Раппæлыны аккаг у Мæздæджы районы Ныхасы архайд, йæ сæргъы – Гуцаты Фридон, Ирон æвзаджы бонмæ цы арфæйаг æвæрæн хæссы, уый фæдыл. Алы аз дæр Культурæйы галуаны саразынц, ирон аив ныхас æмæ зард кæм фæазæлынц, ахæм диссаджы концерт. Æхсызгон вæййы, сценæйæ ирон ныхас канд ирон сабитæ нæ, фæлæ ма æндæр адæмыхæттыты минæвæрттæй
хъусын. Ацы хатт дæр та ахуыргæнджытæ се скъоладзаутимæ бацæттæ кодтой бæрæгбоны мадзал. Фæхуыдтой йæм уазджытæ Кæсæг-Балхъарæй. Ирон æвзаджы рæзтыл афæдзы дæргъы зæрдиагæй чи куыста, уыдоны Гуцаты Фридон схорзæхджын кодта майдантæй, сывæллæттæн та, хорз æгъдаумæ гæсгæ, бацæттæ кодта адджын лæвар – торт, æмæ йæ алкæуыл дæр байуæрстой.
Дардæй бакæсгæйæ дæр бæрæг уыд, Къостайыхъæуы скъолайы рæсугъд бæрæгбоны мадзал кæй цыд, уый. Бæрæгбон уазджытæй фидауы, æмæ сæм æрбацыдысты Æрыдоны районы ахуырады управленийы минæвæрттæ, районы Ныхасы сæрдар Хъесаты Сталбег, Æрыдоны районы сылгоймæгты комитеты сæрдар Калоты Эммæ, ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ иннæ скъолатæй. Ацыд сæм кæронбæттæн мадзал Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны фæдыл, æмæ йæ райдианæй йæ кæронмæ баст уыд «Æз – дæ хъахъхъæнæг, ирон дзырд!»-имæ. Иуыл цымыдисаг та уыд, сывæллæттæ сæ ахуыргæнджытимæ дамгъæ «Æ»-йыл куыд бакуыстой, уый. Ралыг æй кодтой хъæбæр гæххæттæй æмæ йæ сахуырстой ирон тырысайы хуызтæй. Фæзминагæй сæхи равдыстой скъоладзаутæ, регионалон æмæ муниципалон конкурсты, олимпиадæты уæлахиздзаутæ Боциты Каринæ, Икъоты Лерæ æмæ Цуциты Мæдинæ. Схонæн сæ ис аив дзырды дæснытæ. Алкæй зæрдæмæ дæр фæндаг ссардтой сæ аив зард æмæ арæхстдзинадæй. Ирон æвзаджы мæйон ныр дæр ма цæуы, æмæ уый фæлгæты фæзминаг архайд кæны Калоты Эммæ.
Дунейы зындгонддæр бæрæгуат «Этнологи»-йы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, зæххы къорийы цæрджытæй ирон æвзаг хæсджыты нымæц 2021 азы уыд 597 450 адæймаджы. Къорд азы размæ ЮНЕСКО апарахат кодта сæрмагонд хъусынгæнинаг, ирон æвзаг рохуаты кæй зайы æмæ йын бынтон фесæфынæй тас кæй у. Хъыгагæн, уæлдæр амынд нымæцæй ирон æвзагыл чи хъуыды кæны æмæ дзуры, уый бæлвырд нæу.
Уæддæр мах хъуамæ ныфсджын уæм, ахæм зæрдæмæдзæугæ
мадзæлтты фæрцы, Бургалаты Заремæ æмæ йе ‘мцæдисонты хуызæн зæрдæргъæвд адæймæгтæ нæ мадæлон æвзаджы дæлджинæг кæнын кæй нæ бауадздзысты, æмæ кæй зæлдзæн æнусты ирон ныхас.
Мамиаты Лолитæ














