«Ацы фæндаг мах сарæзтам»

0
256

Фидæны фæндагæн бындур æвæргæйæ, æнæ уæззау техникæйæ нæй гæнæн. Арæзтады къабазы кусджытæ зонынц, æппæты зындæр грейдерыл кусæн кæй у. Куы бахъæуы, уæд карды хуызæн лыг кæны зæххы уæлцъар æмæ йæ тыхы фæрцы, фидæны арæзтады фæз куыд æмбæлы, афтæ слæгъз кæны. Йæ шофырæй домы техникæйы иттæг хорз зонындзинæдтæ, сæрæндзинад, арæхстдзинад. Æнæмæнг хъæуы æдасдзинады домæнтæ æххæст кæнын дæр.
Ахæм дæсны æмæ фæлтæрдджын специалист у фæндæгтæ аразæн куыстуат «Ирдорстрой»-йы грейдеры шофыр Дзгойты Олег.
Черменыхъæуккаг лæппу æфсады фæстæ сахуыр кодта Армавиры автомобилон фæндæгты техникумы. Уæдæй абонмæ 34 азы рацыд, уæддæр Олег йæ зæрдæ нæ сивта йæ равзæрст дæсныйадыл. Ирыстоны бирæ рæтты сæрыстырæй равдисдзæн æмæ зæгъдзæн, мæнæ ацы фæндаг мах арæзтам, зæгъгæ.
— Мæ куыст уарзын, уымæн æмæ йæ зонын, нæ фыдæбон арфæйаг у, адæмæн удæнцойдзинад хæссы, æмæ нæ уый разæнгард кæны куыстмæ. Уæдæ, зæгъын хъæуы уый, æмæ нæ куысты уавæртæ хорз кæй сты, фæндæгтыл кусы нырыккон фæсарæйнаг, адæймагæн йæ архайд рогдæр чи кæны, ахæм техникæ, — зæгъы Дзгойты Олег, йæ автогрейдермæ амонгæйæ.
— Æрвылбоны куыстæй нæ фæндæгты аивдзинадыл архайæм, æмæ нæ коллективæй алы адæймаг дæр йæ бавæрæн хæссы иумæйаг хъуыддагмæ, уыдонæй иу у Дзгойы-фырт. Æнæзивæгæй цæуы йæ куыстмæ, цы хъуыддаг ын бабар кæнæм, уый бæрнон æмæ хæдзардзинæй афойнадыл æххæст кæны, — зæгъы куыстуаты разамонæг Дзодзиаты Тамерлан.
Дæсны специалист æгуыст никуы вæййы. Ныртæккæ йæ хъару, йæ зонындзинæдтæ æвдисы Æрхонкæйы станицæйы уынгтæй иуы арæзтады.

ГУГКАТЫ Жаннæ
Къам систа Татьянæ ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here